Польшæ
Польшæйы Республикæ | |||||
---|---|---|---|---|---|
Rzeczpospolita Polska | |||||
| |||||
Гимн: «Mazurek Dąbrowskiego» | |||||
Официалон æвзаг | польшæйаг | ||||
Сæйраг сахар | Варшавæ | ||||
Стырдæр сахартæ | Варшавæ, Краков, Щецин, Лодзь, Вроцлав, Познань, Гданьск | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Республикæ | ||||
Территори | |||||
• Æдæппæт | 312 679 км² | ||||
• Доны уæлцъары % | 2,65 | ||||
Цæрджытæ | |||||
• Бахыгъд | 38 483 957 ад. | ||||
• Æнгомад | 123 ад./км² | ||||
ÆМП | |||||
• Æдæппæт (2013) | 513,934 млрд. долл. | ||||
Валютæ | злотый (PLN) | ||||
Интернет-домен | .pl | ||||
Код ISO | PL | ||||
ÆОК-ы код | POL | ||||
Телефонон код | +48 | ||||
Сахатон таг | CET (UTC+1, сæрды UTC+2) | ||||
Викикъæбицы медиа |
По́льшæ (пол. Polska), официалон ном у Польшæйы Республикæ (пол. Rzeczpospolita Polska [ʐɛt͡ʂpɔspɔˈlʲita ˈpɔlska]), у астæуккаг Европæйы парламентон республикæ. Æмарæн у Уæрæсейы Калининграды облæстимæ цæгаты, Украинæ, Беларусь æмæ Литваимæ скæсæны, Чехи æмæ Словакиимæ хуссары æмæ Германимæ ныгуылæны. Уый йеддæмæ ма йын цæгаты ис Балты денджызмæ ахизæн. Польшæйы сæйраг æмæ стырдæр сахар у Варшавæ. Йæ зæххыты фæзуат у 312 679 квадратон километры, æмæ уымæ гæсгæ у Европæйы фарæстæм стырдæр бæстæ. 38,5 милуан цæрæгимæ та у Европæйы Цæдисы 6-æм цæрæгджындæр бæстæ. Польшæ у НАТО æмæ Европæйы Цæдисы уæнг.
Польшæ дихгонд у 16 воеводæйадыл.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Польшæйаг паддзахады бындурæвæрды азыл нымад у 966-æм аз, Мешко I чырыстонад куы райста, уыцы рæстæг. 1025-æм азы Польшæ къаролад сси. 1569-æм азы, Литвайы Стыр кънйазадимæ баиугондæй Польшæ сси Речь Посполитæйы хай. 1795-æм азмæ æртæ радихы фæстиуæгæн Польшæйы зæххытæ рауæрстæуыдысты Австри, Прусси æмæ Уæрæсейы ’хсæн æмæ 1918-æм азы онг польшæйаг паддзахад нæ уыдис æппын. 1918-æм азы Польшæйы республикæ рацарæзтæуыд ногæй.
Кæд æмæ Польшæ стыр зиан баййæфта Дыккаг Дунеон хæсты рæстæг, уыцы хæсты фæстиуæгæн йæ фæзуат дзæвгар фестырдæр и Силези æмæ Скæсæйнаг Пруссийы зæххытæ байсынæй.
Польшæйы сахарты нывтæ
[ивын | Бындур ивын]-
Варшавæ
-
Варшавæ
-
Варшавæ
-
Краков
-
Краков
-
Краков
-
Краков. Словацкийы театр (Teatr Slowackiego)
-
Люблин
-
Люблин
-
Гданьск
-
Гданьск
-
Вроцлав
-
Вроцлав
-
Торунь
Кæс статьятæ
[ивын | Бындур ивын]Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]