Аланды сакъадæхтæ
Автономон провинци | |||||
Аланды сакъадæхтæ | |||||
---|---|---|---|---|---|
фин. Ahvenanmaa швед. Landskapet Åland | |||||
|
|||||
60°15′ с. ш. 20°00′ в. д.HGЯO | |||||
Паддзахад | Финлянди | ||||
Админ. центр | Мариехамн | ||||
Сæргълæууæг | Катрин Шёгрен[d] | ||||
Истори æмæ географи | |||||
Фæзуат | |||||
Сахатон таг | EET (UTC+2, сæрды UTC+3) | ||||
Экономикæ | |||||
ÆМП | 1 194 000 000 € | ||||
Цæрджытæ | |||||
Цæрджытæ | |||||
Официалон æвзаг | шведаг | ||||
Цифрон идентификатортæ | |||||
Код ISO 3166-2 | FI-01 | ||||
Телефонон код | 18 | ||||
Интернет-домен | .ax | ||||
Автомобилон код | AX | ||||
|
|||||
Официалон сайт | |||||
Викикъæбицы медиа |
Аланды сакъадæхтæ (Аландтæ) (швед. Åland, фин. Ahvenanmaa) сты Балты денджызы архипелаг, 1921 азæй у Финляндийы автономон провинци. Аландты сæйраг сахар у Мариехамн (Маарианхаминæ).
Сакъадæхтыл цæрынц 26 мины адæймаджы, уыдонæй 10,7 мины — сæйраг сахар Маарианхаминæйы. 6 мины сакъадахы сты æдзæрæг, цæрджытæ ис æрмæст 60 сакъадахыл.
Автономийы официалон æвзаг у шведаг.
Аланды сакъадæхтæ сæ статус райстой 1921-æм азы, Финлянди æмæ Швецийы ’хсæн кризис куы уыди, уæд. Уый фæстæ Аландтæ сты автономон бæстæ, ис сæм сæхи интернет-домен (.ax), сæхи посты маркæтæ, сæ лæппуты Финляндийы æфсадмæ нæ хонынц. Сæ статусмæ гæсгæ Аландтæ сты æнæфсад, никæй æфсæддонтæ дзы ис.
Транспорт
[ивын | Бындур ивын]Кæд Аландтæ сакъадахон территори сты, уыдонæн тынг хорз бастдзинад ис Швецийы сæйраг сахар Стокгольм æмæ Туркуимæ (Финляндийы стырдæр сахартæй иу). Алы бон дæр цалдæр егъау быраны Маарианхаминæйы портмæ бацæуынц.