Иран
Иран у Цæгат Ирыстоны хъæу дæр. Кæс сæрмагонд статья: Иран (хъæу).
| |||||
![]() | |||||
Девиз: «استقلال، آزادی، جمهوری اسلامی
Esteqlāl, Āzādi, Jomhuri-ye Eslāmi | |||||
Гимн: «سرود ملی اﻳﺭﺍﻥ»» | |||||
Фæзынд | 1979 азы 1 апрелы (Пысылмон революци) | ||||
Æвзаг | персайнаг | ||||
Сæйраг сахар | Тæхран | ||||
Стырдæр сахартæ | Тæхран, Мешхед, Кередж, Тебриз, Шираз, Исфахан, Ахваз | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Пысылмон республикæ | ||||
Рахбар Президент |
Сейед Али Хосейни Хаменеи Хасан Рухани | ||||
Паддзахадон дин | Пысылмон дин | ||||
Фæзуат | 1 648 000 км² | ||||
Доны процент | 0,7 | ||||
Цæрджытæ • Бахыгъд (2006) • Æнгомад |
70 472 846 ад. 42 ад./км² | ||||
ÆМП • Æдæппæт (2005) • Иу адæймагмæ |
дунейы 19-æм 610 400 млн. $ 8 900 $ | ||||
Валютæ | Риял (IRR) | ||||
Интернет-домен | .ir | ||||
Телефонон код | +98 | ||||
Сахатон таг | +3:30 |
Иран (перс. ايران, Irān), официалон æгъдауæй Пысылмон Республикæ Иран (перс. جمهوری اسلامی ایران, Jomhuri-ye Eslāmi-ye Irān), у Азийы паддзахад. Ираны цæрджытæй сæ бæстæ рагæй хуыдтой Иран, фæлæ 1935-æм азы онг фæсарæйнæг бæстæты официалон æгъдауæй хуындис Перс[1]. 1935-æм Ираны сах Реза Пехлеви фæсарæйнаг дипломаттæн ракурдта, цæмæй ныхасæй Перс мауал пайда кæной, æмæ йæ бæсты алы ран фыссой бæстæйы хином — Иран.
Цæрынц дзы 66 милуан адæймаджы бæрц.
Ираны сæйраг сахар у Тæхран.
Ираны административон дих[ивын | Бындур ивын]
Иран административон æгъдауæй дихгонд цæуы провинцитыл — остантыл. Алы провинцийы сæргъы ис инæлар-губернатор.
Остантæ сты административон-территориалон дихы уæлдæр æмвæзады иуæгтæ. Уыдонæй дæлдæр æмвæзадыл сты шахрестантæ (æдæппæтæй 324 шахрестаны). Шахрестантæ та дихгонд цæуынц районтыл (бахш) — æдæппæтæй 740 бахшы.
Ираны истори[ивын | Бындур ивын]
XX æнус[ивын | Бындур ивын]
Дыккаг дунеон хæст[ивын | Бындур ивын]
Дыккаг дунеон хæстмæ Иран бацыд куыд Германы цæдисон, фæлæ 1941-æм азы (25 августæй 17 сентябрмæ) Советон Цæдис æмæ Стыр Британи сæххæст кодтой иумæйаг хæстон операци (Ирайнаг операци), æнæхъæн бæстæ байстой æмæ уæдæй хæсты кæронмæ Иран антигитлерон коалицийы уæнгыл нымад уыди.
Ираны бацæхсын тынг ахсджиаг уыди, нефты гуырæнтæ цæмæй Германы хай нæ фæуой, стæй Советон Цæдисмæ хæстон техникæ ласынæн фæндаг (хуссар коридор) цæмæй уа, уымæн. Ираны хуссайраг хай хъахъхъæдтой бритайнаг хæстонтæ, цæгатаг та — советонтæ. Операцийæн йæ советон æрдæг пълан кодта фæлтæрд хæстон афицер Фёдор Толбухин, фæстæдæр Советон Цæдисы æмæ Болгарийы хъæбатыры ном кæмæн радтой, уый.
Иранмæ бабырсæг хæстонтæ аиуварс кодтой Ираны сах Реза Пехлеви. Фæлæ 1942-æм азы йæ бынатмæ сбадын кодтой йæ фырт Мохаммеды.
1943-æм азы 28 ноябрæй 1 декабрмæ Тæхраны уыди «Стыр Æртæ»-йы фыццаг конференци. Уымæ æрбацыдысты Ф. Д. Рузвельт, У. Черчилль æмæ Иосиф Сталин. Дыккаг дунеон хæсты рæстæг дыууæ ахæм конференцийы ма уыди — Ялтæ æмæ Потсдамы. Тæхраны конференцийы сæйрагдæр фарста уыди Ныгуылæн Европæйы фронт саразын. Уый йеддæмæ ныхас цыди Иранæн хæдбардзинад раттыныл («Ираны тыххæй деклараци»[2]).
Хæсты дæргъы Советон Цæдисæй оккупацигонд территорийыл уыдысты дыууæ æнæбанымад паддзахады: Хуссар Азербайджан æмæ курдаг Мехабады Республикæ. Кæд ирайнаг æфсад тæссаг нал уыди, уæддæр Советон Цæдис йе ’фсад Ираны цæгаты дардта 1946-æм азы онг, Турк уыцырдæм нæ уадзыны охыл.
Дин[ивын | Бындур ивын]
Ирайнæгты фылдæр хай сты пысылмæттæ. Цæрджыты 89% сты шииттæ. Иран, Ирак æмæ Бахрейнимæ иумæ сты æртæ ахæм паддзахады, сæ цæрджыты фылдæр хай шииттæ кæм сты. Ираны ис, шииттæн табуйаг чи сты, ахæм дыууæ сахары: Мешхед (уым æрбынат кодта Имам Резайы мавзолей) æмæ Кум. Кум у пысылмон дины ахсджиагдæр артдзæстытæй иу. Уым ис бирæ пысылмон семинартæ æмæ университеттæ.
Сунниттæ сты цæрджыты 9%. Иннæ 2% сты: бахайтæ, мандейтæ, индустæ, езидтæ, зороастриæгтæ, уирæгтæ (иудейтæ) æмæ чырыстæттæ. А фæстаг æртæ дины нымад æрцыдысты официалон æгъдауæй æмæ сты хъахъхъæд конституцийæ. Ацы динты минæвæртæн Меджлисы резервгонд сты бынæттæ, кæд æмæ сунниттæн ахæм бартæ нæй. Уыимæ бахайтæ Ираны цæуынц æлхъывд.
Иран æмæ Уæрæсейы ’хсæн ахастытæ[ивын | Бындур ивын]
Уæрæсе у Ираны æвдæм ахсджиагдæр экономикон партнёр (2005-æм азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ). Уыцы аз товарты зилдух иу миллиард долларыл фæуæлдæр и.
Уæрæсейы æххуысæй Ираны арæзт æрцæуы атомон электростанцæ сахар Бушеры цур. Уый йеддæмæ Уæрæсе Иранмæ хæстон техникæ уæй кæны: хæдтæхджытæ Су-27, МиГ-29, Ил-76.
Ираны президент Махмуд Ахмадинежад фæцырд кодта, йæ бæстæ Æмгуыстады Шанхайы Организацимæ куыд бацæуа, ууыл баныхас. Ираны къухы ныры онг бафтыд уыцы организацийы хъусдарæг бæстæйы статус райсын.
Æндæр статьятæ[ивын | Бындур ивын]
Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]
- ↑ Абайты С., Хуытъинаты Д. Историон æмæ политикон терминты дзырдуат. Цæгат Ирыстоны АССР-ы паддзахадон рауагъдад. — Дзæуджыхъæу, 1950
- ↑ Уыцы декларацийы уырыссаг текст