Архайæг:Amikeco/Сæйраг фарс/Ног æвæрд

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Википеди у сæрибар бирæвзагон энциклопеди. Иронау байгом ис 2005-æм азы 28 февралы, уæдæй нырмæ уый райрæзти 18 105 статьяйы онг. Алкæй бон дæр у Википедийыл архайын: ис дзы амал кæмæнфæндыдæр кæцыфæнды статьяйы ивддзинæдтæ кæнын, кæнæ та йæ æххæст кæнын.

Ирон æвзагыл стыр энциклопедитæ фыст никуыма æрцыдис. Гъе уæдæ, иумæ бацархайæм, не ’взаг алцæмæ рæвдз кæй у, уый равдисыныл.
nothumb
nothumb
Энциклопеди

Æппæт статьятæ алфавитмæ гæсгæ — Статьятæ сæ категоритæм гæсгæ — Ног статьятæ

  
nothumb
nothumb
О проекте

Ног архайджытæн æххуыс — Архайджыты ныхас (форум) — Википедийы тыххæй

Адæймаг, дзыллæ æмæ гуманитарон зонæдтæ

Æвзагзонынад — Истори — Медицинæ — Политикæ — Психологи — Социологи — Философи — Экономикæ

Æрдз æмæ æрдзон зонад

Астрономи — Биологи — Геологи — Географи — Физикæ — Хими — Экологи

  
Культурæ, аивад æмæ улæфт

Архитектурæ — Кино — Дин — Спорт — Литературæ — Мифологи — Музыкæ — Театр — Хæринаг — Хобби — Юмор

Техникæ æмæ дырыс зонæдтæ

Интернет — Компьютер — Космонавтикæ — Математикæ — Транспорт

Боны ныв

Ратуша, Колобжег, Западно-Поморское воеводство, Польша

Дынджыргомау статьятæ

æмæ æндæртæ.

    

Уацы дæнцæг

Коцойты Арсены къам

Коцойты Бибойы фырт Арсен (Габоци), зындгонд ирон фыссæг. Райгуырд 1872-æм азы 16 январы Джызæлы, фæзиан ис Дзæуджыхъæуы 1944-æм азы 4 февралы.

Коцойты Арсен нымад у ирон прозæйы бындурæвæрджытæй иуыл.

Фараст азы йыл куы цыди, уæд æй радтой хъæуы райдайæн скъоламæ. Ам разынд хорз чиныгдон, æмæ лæппу фæгæрз и чингуытæ кæсыныл. Скъола каст куы фæци, уæд бацыд Æрыдоны семинармæ, ам тынгдæр айста йæ зæрдæмæ литературæ, уæлдайдæр Къостайы зарджытæ. Баззад ахæм хабар дæр: фараст æмбалимæ иуахæмы Арсен фистæгæй фæцыд Дзæуджыхъæумæ Къостайы уынынмæ.

Йæ æнæниздзинад хорз кæй нæ уыд, уый аххосæй каст нæ фæци семинар. Сыздæхт Джызæлмæ æмæ бавдæлд фыссынмæ. Ардыгæй æрвыста алыхуызон уацхъуыдтæ газеттæ «Терские ведомости», «Казбек» æмæ æндæртæм. 1895-æм азæй фæстæмæ йын зынын байдыдтой мыхуыры.

Дыууиссæдз азæй фылдæр Арсены уацмыстæ мыхуыр цыдысты алыхуызон газеттæ æмæ журналты Калачы, Бетъырбухы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй æндæр рæтты дæр, уыимæ арæх зындысты фæсномыгæй (зындгонд сты Арсены фæсномыгтæ: Арсен Дарьяльский, Хабос, Иунæг, Габойты Габо, Ар.).

1910-æм азы уалдзæг Арсен ирон æвзагыл Калачы уагъта алкъуырион журнал «Æфсир», кæцы сси дыккаг ирон журнал. Кæд уымæй рацыд æрмæст 14 номыры, уæддæр ацы журнал стыр ахъаз баци ирон литературæйы рæзтæн. «Æфсиры» фыццаг хатт фæзындысты Арсены радзырдтæ ирон æвзагыл.

«Æфсир» æхгæд куы ’рцыд, уæд Арсен абалц кодта Бетъырбухмæ. Куыста дзы Ленины газет «Правдайы» корректорæй (ома уырыссаг æвзаг афтæ хорз зыдта).

«Арсен уыд царды трагизмы нывгæнæг. Йæ радзырдтæн куыд се ’рмæг, афтæ сæ сюжетон арæзт æмæ сæ архайджыты хъысмæттæ дæр нывæзт цæуынц трагедийы ахорæнтæй», — фыста Коцойы фырты уацмысты тыххæй Джыккайты Шамил. Йæ цалдæр радзырдты фыссы туг исыны æгъдауыл: цал æмæ цал фыдæбæттæ хаста уый ирон адæмæн. «Нæ фыдбылызты фыддæр», — афтæ схуыдта Арсен ирæды («Æфсир», N4). Ирæд исыны халæн мидис фыссæг æвдыста публицистон уацты, карикатурæты, аив радзырдты. Ирæд æмæ йæ фæстиуджытæ цæмæ кодтой, уый нывæфтыдæй уынæм «Афтæ дæр вæййы», зæгъгæ, уыцы радзырды.

Кæд йæ радзырдты тыххæй сси номдзыд, уæддæр фыста æндæр литературон къабазты дæр. Ныффыста иу уацау («Джанаспи»), иу роман («Кæфхъуындар», æххæстæй мыхуыргонд никуы æрцыд) æмæ цалдæр пьесæйы.

2018-æм азы августы статистикæмæ гæсгæ.

Егъау Википедитæ (милуан статьяйæ фылдæр кæм ис):
Англисаг (English) – Варайаг (Winaray) – Вьетнамаг (Tiếng Việt) – Испайнаг (Español) – Италиаг (Italiano) – Китайаг (中文) – Нидерландаг (Nederlands) – Немыцаг (Deutsch) – Польшæйаг (Polski) – Португайлаг (Português) – Себуанаг (Sinugboanong Binisaya) – Уырыссаг (Русский) – Францаг (Français) – Шведаг (Svenska) – Япойнаг (日本語)

Стырдæр Википедийы хæйттæ (æртæсæдæ мин статьяйæ фылдæр кæм ис):
Араббаг (العربية) – Баскаг (Euskara) – Венгриаг (Magyar) – Индонезиаг (Bahasa Indonesia) – Каталайнаг (Català) – Корейаг (한국어) – Малайаг (Bahasa Melayu) – Норвегиаг (Bokmål) – Персайнаг (فارسی) – Румынаг (Română) – Сербаг (Српски) – Сербохорватаг (Srpskohrvatski / Српскохрватски) – Туркаг (Türkçe) – Украинаг (Українська) – Финнаг (Suomi) – Чехаг (Čeština)

Фонд Викимеди æрмæст Википедийы куыст нæ кæны. Уыцы фонды фæрцы фæзындысты æндæр сæрибар бирæвзагон проекттæ дæр: