Гренланди

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Гренланди
гренл. Kalaallit Nunaat
дан. Grønland
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Гимн: «Nunarput utoqqarsuanngoravit»
Фæзынд 1979
Æвзаг гренландиаг, даниаг
Сæйраг сахар Нуук
Стырдæр сахартæ Нуук
Хицауиуæджы хуыз Данийы автономон провинци
Фæзуат 2 166 086 км²
Цæрджытæ
• Бахыгъд (2011)
Æнгомад

56 615 ад.
ад./км²
Валютæ даниаг кронæ
Интернет-домен .gl
Телефонон код +299
Сахатон таг 0...-4

Гренланди (гренландиагау Kalaallit Nunaat, ома «Гренландиæгты Зæхх»; даниагау Grønland, ома «Кæрдæгхуыз Зæхх») у дунейы тæккæ стырдæр сакъадах.

Гренланди у Данийы паддзахады хай, фæлæ йын 1980-æм азæй фæстæмæ ис уæрæх автономи.

Гренландийы фæзуат у 2 166 086 км², уыдонæй 81% у егъау цъитийæ æмбæрзт.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Исландиаг адæм æрбаленк кодтой Гренландимæ 982-æм азмæ ’ввæхс. Уыдон дзы æртæ хъæуæн бындур æрæвардтой, сакъадахы тæккæ хуссар-ныгуылæны. Уым цардысты цалдæр æнусы дæргъы.

Сакъадахы ном, Кæрдæгхуыз Зæхх, зæгъгæ, исландиаг адæмæй баззад. Уыдоны балхон, Сырх Эрик (Eiríkur Rauði), сырд æрцыд йæ райгуырæн бæстæйæ, адæймаджы кæй амардта, уый аххосæй. Эрик ссардта йæхицæн ног цæрæнуат æмæ йæ, цæмæй ног цæрджытæ уырдæм гуылф кæной, уый тыххæй рахуыдта «кæрдæгхуыз», кæд дзы карз бæстыхъæд уыди, уæддæр. Цæрджыты нымæц, æцæгæй, рæзти, æмæ 1386-æм аз Гренланди норвегиаг паддзахады хай сси, стæй норвегиаг-даниаг иугонд паддзахады хай дæр.

Сæ сæвзæрдæй фондз æнусы куы рацыд, уæд æппæт Гренландийы хъæутæ æдзæрæг фесты, чи зоны, æмæ амы цæрджытæ æххормагæй фæмардысты — XV æнусы бæстыхъæд тынг фæкарздæр и. Ахуыргæндтæ цы стæгдартæ ссардтой, уыдонмæ гæсгæ фæстæг гренландиаг викингтæ хæлцхъуагæй цардысты.

Сакъадах æдзæрæгæй бирæ нæ лæууыди: Канадæйæ йæм æвæццæгæн, ихтыл æрбацыдысты эскимосаг (инуитаг) адæм. Стæй Европæйæ даниæгтæ æмæ æндæртæ.

Цæрджытæ[ивын | Бындур ивын]

Нанорталик, Хуссар Гренланди

Ныр Гренландийы цæры 56 мин адæймаджы бæрц. Æрвылаз иу мин адæймагæй гуырынц 16,85 сывæлæтты. Ноггуырдты иу минæй амæлынц 18,26 сабийы. Царды рæстæмбис дæргъ у 68,07 азы.

Гренландийы цæрджыты ’хсæн ис АИШ-ы æфсæддонтæ дæр. Сакъадахмæ æрбацæуынц бирæ туристтæ Европæ æмæ Америкæйæ.

Экономикæ[ивын | Бындур ивын]

Бирæ азты дæргъы Гренланди экспорт кодта зды æмæ цинк, фæлæ 1990-æм азы уыдон фесты. Уæдæй фæстæмæ йæ сæйраг экспорты товар сси кæсаг æмæ креветкæ. Туризм афтæ бирæ æхца нæ дæтты, уый тыххæй æмæ хæрдзтæ сты тынг бирæ.

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]