Оруэлл, Джордж

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Джордж Оруэлл
англ. George Orwell
Гуырæн ном англ. Eric Arthur Blair[4]
Райгуырды датæ 1903-æм азы 25 июны(1903-06-25)[1][2][3][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1950-æм азы 21 январы(1950-01-21)[1][2][3][…] (46 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг
Сфæлдыстады азтæ 19351949
Жанр антиутопион литературæ[d]
Уацмысты æвзаг англисаг[1][6] æмæ францаг
Хорзæхтæ
Автограф Подпись
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Джордж Оруэлл (англ. George Orwell; 19031950) у англисаг фыссæг, фантаст æмæ публицист.

Джордж Оруэлл (æцæг ном — Эрик Артур Блэр (Eric Arthur Blair) райгуырдис 1903 азы 25 июны Индийы Мотихарийы сахары. Оруэллы фыд уыд англисаг колониалон службæгæнæг, кæцы куыста таможнæйы фæткдаруаты, уыди аристократон мыггагæй рацæуæг. Сæ бинонтæ куыд фæстагмæ фæмæгуыр сты.

Оруэлл аристократон мыггагæй кæй уыдис, уый йын баххуыс кодта бацæуын Лондоны элитарон Сыгъдæг Киприаны скъоламæ. 1917 азы Оруэлл райста сæрмагонд (номон) стипенди.

Æхсæзаздзыдæй фæстæмæ Оруэллмæ уыди иу фæндон — фыссæг суын. Иуæндæс азы йыл куы цыдис, уæд газетты нымыхуыр кодта патриотон æмдзæвгæ.

1921 азы Оруэлл каст фæцис Итоны колледж.

1922 азы Оруэллæн йæ ахуырад дарддæр кæнынæн æхца куы нæ разындис, уæд бацыдис паддзахадон полицæмæ æмæ араст ис Бирмæмæ, уым фæкуыста 1927 азмæ.

1923 азы Оруэлл нымыхуыр кодта йæ фыццаг уацмыстæ.

1927 азы Оруэлл йæ куыст ныууагъта æмæ раздæхтис Европæмæ, кæм сфæнд кодта фыссæг суын. Æхца кусгæйæ Оруэлл аивта бирæ професситæ. Уыди мигæнæнты æхсæгæй Парижы уазæгдзæрæны, хуымæллæг æмбырдгæнæгæй Кенты, букинисты æххуысгæнæгæй, ахуыргæнæгæй. Уыцы æзты тæлмæнтæ Оруэлл равдыста чиныджы «Куыдзы цард Парижы æмæ Лондоны» ("Down and Out in Paris and London"). Чиныг мыхуыры рацыдис 1933 азы. Эрик Блэры фæсномыг Джордж Оруэлл дæр уыцы аз фæзынди. «Джордж» уыд Англисы сыгъдæг армдарæг (уырыссагау святой покровитель), «Оруэлл» уыд цæугæдоны ном. Æрыгон фыссæджы нæ фæндыдис цæмæй йæ ныййарджытæ базоной, цавæр хъуагтæ байæфта сæ фырт Лондоны æмæ Парижы трущобæты.

1936 азы Джордж Оруэлл æмæ Эйлин О’Шонесси бацыдысты æмкъайады.

Испанийы мидхæст куы байдыдта, уæд Джордж Оруэлл араст ис Барселонæмæ куыд лондонаг æрвылкъурион газетты корреспондент. Уым баиу ис партизанты къордимæ ПОУМ (POUM, Иугонд кусæг марксистон парти). Йæ ус ныууагъта йæ диссертаци æмæ араст ис йæ лæджы фæдыл. Эйлин О’Шонесси дæр райдыдта ПОУМ-ы кусын. Оруэлл тох кодта Арагойнаг æмæ Теруэйлаг фронтты, уым фæцæф ис фашистон снайперы нæмыгæй. 1937 азы Барселонæйы милицæ æмæ ПОУМ схуыдтой «троцкисттæ» æмæ «мыздыл лæгмартæ», æмæ Оруэлл алыгъдис Испанийы сусæг пъæлицæ йæ кæй сырдта, уый фыдæй.

Дыккаг дунеон хæст куы райдыдта, уæд Оруэллы фæндыдис хæстмæ ацæуын, фæллæ йæм фæгуырысхо кодтой рæуджы низмæ (туберкулез), æмæ йæ уый тыххæй æмæ йæ цæфы тыххæй нæ райстой. Оруэлл уæддæр бархи æфсæддон службæ кодта, уыд газет «Обсервер»-ы (Observer) корреспондентæй, Би-Би-Сийы фæлгæсæгæй.

1944 азы февралы Джордж Оруэлл фыст фæци йæхицæндæр тынг æнахуыр уацмыс — Сталин æмæ Советон Цæдисы тыххæй аргъау «Фосдарæн фермæ» ("Animal Farm"). Фæлæ йæ сатирæ ахæм æргом уыд æмæ уыцы уацмыс нæ мыхуыр кодтой Англисы дæр, Америкæйы дæр. Мыхуыргонд æрцыдис æрмæст 1945 азы, популярон сси 1950-тæм азты.

1945 азы Оруэллæн амардис йæ ус, æмæ Оруэлл йæ кæнгæ лæппуимæ ацыдис сакъадах Джурæмæ, Шотландийы денджызон былтæм ’ввæхс, æмæ æрцардис зæронд фермерон хæдзары. Ам райдыдта йæ куыст роман «1984»-ыл. 1949 азы роман «1984» мыхуыргонд æрцыдис Англисы æмæ АИШ-ы.

1950 азы 21 январы Джордж Оруэлл амардис рæуджыты низæй.

1984 аз ЮНЕСКО рахуыдта Джордж Оруэллы аз.

Уацмыстæ[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 1,2 Bibliothèque nationale de France идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.
  2. 2,0 2,1 http://www.bbc.co.uk/history/historic_figures/orwell_george.shtml
  3. 3,0 3,1 George Orwell // Internet Speculative Fiction Database (англ.) — 1995.
  4. (unspecified title) — 2013. — ISBN 978-80-971429-4-0
  5. Deutsche Nationalbibliothek Record #118590359 // Иумæйаг нормативон контроль (GND) (нем.) — 2012—2016.
  6. CONOR.Sl