Перейти к содержанию

Æхсæрысæр

43°08′03″ с. ш. 43°49′09″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Æхсæрисæр-æй æрвыст)
Хъæу
Æхсæрысæр
Æхсæрисæр
43°08′03″ с. ш. 43°49′09″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Æрæфы район
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1912[1]
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 325[2] адæймаджы (2010)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 86731
Посты индекстæ 363510
Æхсæрысæр (Уæрæсе)
Æхсæрысæр (Цæгат Ирыстон)

Æхсæрысæр, дигоронау Æхсæрисæр (уырыс. Ахсарисар) æвæрд æй, Дигори донуадзæн къанауи ауазнæй хæрдмæ хуæнхтæрдæмæ ку ’ссæуай еу 4-5 километри, уоми. Ирæфи донæн йæ рахез фарс. Нури рæстæги административон æгъдауæй хаст цæуй Цæгат Иристони Ирæфи районмæ. Гъæуи бунати сауæнгæ XX æноси райдайæнмæ ирæзтæй егъау тæрсæ гъæдæ. Еци гъæдæй ма байзадæй æрмæстдæр еу некуцон æхсæрдзæнтæ, æма гъæуи ном дæр уомæй иссæй — Æхсæрисæр.

Гъæуи рауæн фиццагидæр 1912 анзи фæззиндтæй гъæдикосæн хирхфадæн, кæцими кустонцæ хъазахъаг (уруссаг) косгутæ. Етæ сæ бийнонти хæццæ ами æрбунат кодтонцæ æма сæ цæрæн ’ма косæн рауæн исхудтонцæ Дигоро-Алексеевский хутор. Уæдæй фæстæмæ аци хуторбæл сæхе æфтаун райдæдтонцæ еуæй-еу рацæугæ адæн Дигори комæй. Еци раледзгæ адæн хунддæнцæ «рæстæгмæцæргутæ». Революций агъоммæ хутори хъазахъаг цæргутæн сæ гъæди куст фæцæй, ма сæ бунат æндæр рауæнмæ раййивтонцæ. Фалæ Дигори комæй «рæстæгмæцæргутæ» ба ами æрфедар æнцæ æма исгъæу æнцæ. Гъæуи ном иссæй Æхсæрисæр.

Революций фæсте, 1919 анзи гъæуи медæг адтæй берæ большевиктæ, «Кермени» парти ке худтонцæ, уонæй. Уой фæдбæл гъæумæ балæбурдтонцæ паддзахи уорсгвардионтæ ’ма и гъæу сугъд æрцудæй. Гъæуи цæргутæй беретæ уæд нæбал æрцардæнцæ фæстæмæ сæ раздæриггон бунати, фалæ фæллигъдæнцæ æндæр рауæнмæ. Нæуæг гъæуи бунат ’скодтонцæ Киристонгъæуи цæгатварс, кæци хуннуй Мостиздæх. Ка байзадæй цæргæ зæронд гъæубунати, ета ба нæуæгæй хæдзæрттæ ’саразтоцæ æма Æхсæрисæр бабæй исгъæу æй.

Фидибæсти Устур тухт ку адтæй, уæд гъæуи фæсевæдæй беретæ фæстæмæ нæбал исæздахдæнцæ — сæ цард равардтонцæ нæ райгурæн бæсти сæребарæбæл. Ка æриздахтæй уодæгасæй, уонæй сæ фулдæр адтæнцæ паддзахади хæрзеугути ’ма майданти хæццæ. Мадта хæдзарадон кусти медæг дæр гъæуи адæн сæхе хуарз бавдистонцæ: адтæй си къолхоз «Ирæф», еу къолхози косæг ба — Боллоти Елхъани кизгæ Поли иссæй Иристони силгоймæгтæй фиццагидæр Социалистон Кусти Бæгъатæр.

Гъæуæй ес берæ кадгин æма ахургонд рацæуæггæгтæ, ес си астæугкаг скъола дæр. Æхсæрисæри гъæу æвæрд æй аййев рауæни. Æрдзæ ’ма си климæт хуарз æй. Сæрдигон си берæ æрцæуæг адæн фæууолæфуй.

Муггæгтæ

[ивын | Бындур ивын]

Фæстаг рæстæги ма си цардæнцæ бийнонтæ мæнæ аци муггæгтæй:

Абæгатæ — Абагаевы
Арсæгтæ — Арсаговы
Баситæ — Басиевы
Бекмæрзтæ — Бекмурзовы
Бетантæ — Бетановы
Боллотæ — Боллоевы
Гæзæутæ — Газаовы
Гибизтæ — Гибизовы
Гобатæ — Гобаевы
Гогунитæ — Гогуниевы
Дашитæ — Дашиевы
Дзидзойтæ — Дзидзоевы
Дзоблатæ — Дзоблаевы
Джимитæ — Джимиевы
Езетæ — Езеевы
Зæгæлтæ — Загаловы
Кабултæ — Кабуловы
Катаутæ — Катаевы
Кокойтæ — Кокоевы
Колитæ — Колиевы
Кцойтæ — Кцоевы
Лагкутæ — Лагкуевы
Леуантæ — Левановы
Магкатæ — Магкаевы
Магкитæ — Магкиевы
Мæхæмæттæ — Магометовы
Малитæ — Малиевы
Малхъартæ — Малкаровы
Мæрзойтæ — Марзоевы
Рæмонтæ — Рамоновы
Сабайтæ — Сабаевы
Скъодтатæ — Скодтаевы
Созаонтæ — Созаоновы
Тауиттæ — Тавитовы
Тахъазтæ — Таказовы
Текъатæ — Текаевы
Текъойтæ — Текоевы
Темиратæ — Темираевы
Темуртæ — Темировы
Томайтæ — Томаевы
Тъуритæ — Туриевы
Хадатæ — Хадаевы
Хъамболтæ — Камболовы
Хъаратæ — Караевы
Хъиргъутæ — Киргуевы
Цакъотæ — Цакоевы
Цæллатæ — Цаллаевы
Цъугкитæ — Цугкиевы
Чихтистæ — Чихтисовы

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Берозты Батырадз. Переселение осетин с гор на плоскость (XVIII — XX вв.). — Орджоникидзе: Ир, 1980.
  2. Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]