Перейти к содержанию

Хъæдгæрон

43°07′45″ с. ш. 44°19′41″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъæу
Хъæдгæрон
43°07′45″ с. ш. 44°19′41″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Æрыдоны район
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1824[1]
Раздæры нæмттæ Ног Куырттатыхъæу, Куырттатыхъæу[2]
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 3420[3] адæймаджы (2023)
Цифрон идентификатортæ
Посты индекстæ 363307
Автомобилон код 15
Хъæдгæрон (Уæрæсе)
Хъæдгæрон (Цæгат Ирыстон)

Хъæдгæрон (уырыс. Кадгарон) у Цæгат Ирыстоны Æрыдоны районы хъæу. Нæ рæстæджы йæ алыварс дæр сты хуымтæ.

Экономикæ

[ивын | Бындур ивын]

Æрæджы дзы арæзт æрцыд стыр «Калибровочный завод». Куыд хъуыды уыд, афтæмæй йæ бон армæст Ирыстоны бæрц нартхоры мыггаг нæ, фæлæ анæхъæн Цæгат Кавказы фаг уадзын у. Фæлæ бирæ алыхуызон рæдыдтыты тыххæй йæ фыццаг бонæй нырмæ не скуыста, йæ пълан цы уыди, афтæ.

Хъæдгæроны адæм сæ фылдæр кусынц сæхи цæхæрадæтты æмæ уымæй цæрынц.

Кæддæриддæр уыди Хъæдгæрон йæ спортсментæй тынг бузныг. Фæстаг цалдæр азы даргъы Уæрæсейы хъæбысхæсты националон командæйæн хæцы хъæдгæройнаг Фæрниаты Ирбег. 2003 азы йæ бон баци Дунейы æмæ Европæйы чемпионатты фыццаг бынæттæ бацахсын, рамбылдта бирæ æндæр турниртæ.

2004 азы æппæт фыццаг Уæрæсейы профессионалон сумойы хæцджытæ систы Хъæдгæронæй рацæугæ дыууæ æфсымæры Борадзатæй: Сослан[4] æмæ Батырадз[5]. Сæ сумо-нæмттæ сты Рохо (ома Уырыссаг феникс) Сосланæн æмæ Хакурозан (Уырыссаг урс къæдзæх) Батырадзæн. Тынг æхсызгонæй кæсынц хъæдгæройнæгтæ æмæ æгас Ирыстон, Японы тыхджынддæр сумо-лигæйы нæ лæппутæ куыд хæцынц, уымæ. Сослан æмæ Батырадзы йеддæмæ бирæ фæсæрæйнæгты къухы нæ бафтыд уырдæм бахауын. Ис дзы æрмæст иу-цалдæр мангойлаг (абоны лигæйы иунæг Йокодзунæ Асасёрю дæр монгойлаг у), иу хуссар-корейаг, иу болгариаг æмæ иу гуырдзиаг хæцджытæ.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Берозты Батырадз. Переселение осетин с гор на плоскость (XVIII — XX вв.). — Орджоникидзе: Ир, 1980.
  2. История села Кадгарон / К. А. Хаутов. — Владикавказ : ИПП им. В.А. Гассиева, 2012. — 356 с.
  3. Численность постоянного населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2023 года (с учётом итогов Всероссийской переписи населения 2020 г.). Федеральная служба государственной статистики (18 августа 2023). Датæ: 2023-æм азы 23 августы.
  4. Борадзаты Сосланы фарс(недоступная ссылка). Датæ: 2005-æм азы 24 мартъийы. Архив 2012-æм азы 17 июлы.
  5. Борадзаты Батырадзы фарс(недоступная ссылка). Датæ: 2005-æм азы 24 мартъийы. Архив 2012-æм азы 17 июлы.