Сфинкс

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сфинкстæ Аивæдты академийы раз Бетъырбухы, Невайы былгæрон. Максим Воробьёвы ныв (1835)

Сфинкс (рагон грекъ. Σφίγξ, Σφιγγός) у мифон цæрæгой, йæ скульптурæтæ кодтой рагон мысырæгтæ ингæнтæ хъахъхъæнынмæ. Сфинкс, зæгъгæ, ахæм ном сын радтой бердзейнæгтæ, сæ адæмон сфæлдыстады сфинкс у таурæгъон цæрæгой, адæмы дæр чи хæры, ахæм.

Мысыры абоны горæт Гизæйы фараон Хефрены пирамидæйы фарсмæ цы Егъау Сфинкс ис, уый ныр фондз мин азы бæрц рæстæг йæхиуыл дис кæнын кæны фæлтæрты. Иуæй йæ кондæй: йæ гуырыконд у домбайы (цомахъы), йæ сæр та таурæгъон адæймаджы æнгæс; иннæмæй та йæ асæй: йæ бæрзæнд у 20 метры, йæ дæргъ 57 метры, йæ уæхсчыты цур йæ фæтæн 11 метры бæрц, йæ сæр адæймаджы сæрæй у 30 хатты стырдæр. Уымæй арæзт у хохы фахсæй рафтаугæ иу дурæй. Бынтон диссаг та у йæ цæстæнгас — цыдæр сусæг хъуыды дзы цыма æмбæхст ис æмæ нын æй æргом барæй нæ зæгъы, уæхи зонд æй æрцахсæд, зæгъгæ, ныл сæрыстырæй йæхимид худы.

Сфинкстæ Мысыры бирæ ис. Æвæрд сты фараонты пирамидæты цур æмæ рагон кувæн галуантæм фæндæгтыл, раст цыма сæ хъахъхъæнгæ кæнынц, уыйау. Фæлæ ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй сфинкстæ пирамидæтæ æмæ галуантæй раздæр арæзт æрцыдысты. 1832-æм азы дзы дыууæ Аменхотеп III кувæн галуаны цурæй æрбаластой Бетъырбухмæ æмæ сæ 1834-æм азы равæрдтой цæугæдон Невайы былгæрон. Ацы сфинкстыл цæуы 3,5 мин азæй фылдæр.

Кæс сæрмагонд статья: Гизæйы Егъау Сфинкс.

Commons
Commons
ВикиКъæбицы мидæг ис ацы темæйыл нывтæ.