Перейти к содержанию

Киров, Сергей Мироны фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сергей Мироны фырт Киров
уырыс. Сергей Миронович Киров
Тырыса
Бетъырбухы обкомы фыццаг секретарь
1927-æм азы 21 ноябры — 1934-æм азы 1 декабры
Фæстæдæр Андрей Жданов

Райгуырдис 15 (27) мартъийы 1886[1]
Амардис 1934-æм азы 1 декабры(1934-12-01)[2][3][…] (48 азы)
Ныгæныны бынат
Парти
Къухæрфыст Изображение автографа
Хорзæхтæ
Ленины орден Сырх Тырысайы орден
орден Трудового Красного Знамени Азербайджанской ССР
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Киров Мироны фырт Сергей (уырыс. Сергей Миронович Киров), зындгонд революционер, советон хицауады архайæг. Йæ æцæг мыггаг уыдис Костриков, Киров та — йæ журналистон фæсномыг. Райгуырдис 1886-æм азы 27-æм мартъийы, амардис 1934-æм азы 1-æм декабры.

1894-æм азы Сергей Костриков сидзæрæй баззадис — йæ фыд бинонты ныууагъта, йæ мад та амардис. Йæ хоты йæхимæ райста йæ нана, лæппу та бахаудис сидзæрдонмæ. Уржумы каст фæцис приходы, стæй сахары училище. 1901-æм азы ацыд Хъазанмæ, бацыд Хъазаны дæллаг механикон-техникон индустриалон училищемæ, кæцы каст фæци æртæ азы фæстæ фыццаг къæпхæны хæрзиуæгимæ. Уыцы иу аз хахнывгæнæгæй акуыста Томсчы, ахуыр кодта Томсчы технологон институты цæттæгæнæн курсыты.

1904-æм азы, Томсчы куы царди, Костриков бацыд УСДКП-мæ (уырыс. РСДРП), йæ партион фæсномыг уыд «Серж». 1905 фыццаг хатт архайдта демонстрацийы, пъæлицæйы кусджытæ йæ ’рцахстой. Ахæстонæй куы рацыдис, уæд ссис тохгæнæг балты разамонæг.

1905 Томсчы сахары партион конференци Костриковы снысан кодта партийы Томсчы комитеты уæнг. 1906-æм азы июлы Костриков ногæй æрцахстæуыд, бакодтой йæ Томсчы ахæстонмæ иу аз æмæ ’рдæджы æмгъуыдмæ. 1908-æм азæй Сергей Костриковуыдис профессионалон революционер, архайдта Иркутск æмæ Новониколаевсчы (ныр Новосибирск).

1909-æм азы уый æрбацыдис Дзæуджыхъæумæ. Æмткæй дæс азы дæргъы Киров цардис уыцы сахары. Йæ архайды мидис уыд социалистон идейæтæ Цæгат Кавказы цæрджыты æхсæн парахат кæнын. Ам куыста кадетон газет «Терек»-ы уацхæссæгæй. Раст Дзæуджыхъæуы, газет «Терек»-мæ йæ уац ратгæйæ, фыццаг хатт спайда кодта йæ хъуыстгонд фæсномыгæй.

Мария Маркус цухъхъайы

Дзæуджыхъæуы ма базонгæ кодта йæ суинаг бинойнаг Маркус Марияимæ. Марияйы мыггаг уыд Цæгат Кавказимæ тынг баст, уый райгуырдис Дербенты цæрæг дзуттаг бинонты æхсæн, мидхæсты дæргъы йе ’фсымæр Яковы азербайджайнаг мусаватисттæ фехстой Гуырдзыстоны Пасанауры станцæмæ ’ввахс (Яковы ном хæссы, Кировы уынджы цæхгæрмæ чи цæуы, уыцы Маркусы уынг).

1912-æм азы Кировы æрцæхстой æмæ аластой Томскмæ тæрхон кæнынмæ. Уыцы азы 16 мартъийы тæрхон æй ссардта æнæхос, æмæ уæд Костриков-Киров фæстæмæ раздæхти Дзæуджыхъæумæ.

1918-æм азы уалдзыгон бонты Киров сси Терчы облæсты советы уæнг, уыцы азы июлы архайдта Фæндзæм Æппæтуæрæсеон советты съезды, ноябры — Æхсæзæм съезды. 1919-æм азы куыста Астраханы рæстæгмæйы революцион комитеты сæрдарæй, контрреволюцион сыстад банцайын кæны.

1920-æм азы, Сырх Æфсады рæнхъыты бацыдис Бакумæ. Куыд советон делегацийы уæнг архайдта Польшæимæ фидыды бадзырдыл, ссис большевикты партийы Кавказы бюройы уæнг. 1921-æм азы Киров сси Азербайджаны коммунистон партийы фыццаг секретарь. Ирон литератор Доййаты Саханджери афтæ афыста Кировы иу раныхас Бакуйы[4]:

« Ныхасгæнæг уыди Киров. Йæ дзыхарæхстмæ йын адæм æрыхъуыстой. Мах дæр нæ къахфындзтыл слæууыдыстæм æмæ йæм, нæ разæй чи лæууыд, уыдоны сæрты кастыстæм. Залы бадджытæ цæмæй ма сфæлмæцой, уый тыххæй-иу Киров рæстæгæй-рæстæгмæ исты хъæлдзæг хабар ракодта, æмæ-иу адæм базмæлыдысты. Райхъуыстис-иу худын æмæ хъæлдзæг къухæмдзæгъд.

Иу сахат æмæ æрдæджы бæрц фæлæууыдыстæм, уæддæр нæ нæ къах нæ хаста, кæронмæ йæм байхъуыстам. Кировы уыцы иунæг хатт йеддæмæ нæ федтон, уымæй дæр дардмæ, фæлæ йæ фæлгонц мыггагмæ мæ зæрдæйы баззад, йæ фидар, йæ ныфсджын хъæлæс ныр дæр ма мæ хъустыл уайы.

»

1923-æм азы та æвзæрст æрцыд партийы Центрон Комитеты уæнгæй.

1926-æм азы Сергей Киров сси Ленинграды губернæйы комитеты фыццаг секретарь, уыцы азæй разамынд лæвæрдта уыцы сахар æмæ йæ алфамбылай зæххытæн. Киров царди Каменноостровский проспекты, Бенуайы хæдзары (йæ уыцы фатер ныртæккæ у Кировы музей[5]).

Кировы номæн монумент Кировы уынджы, уый уацхæссæгæй кæм куыста, уыцы бæстыхайы ком-коммæ

Киров Николаев Леониды къухæй фæмардис Ленинграды. Киров Николаевы усимæ (Милдæ Драуле) гадзрахатæй цыди, уый тыххæй зæрдæхсайдæй йæ амардта йæхи дамбацайæ Николаев. Ис æндæр верситæ дæр — политикæимæ баст у, ахæмтæ.

Кировы амарды фæстæ бирæ советон сахартæ, хъæутæ, колхозтæ æмæ æндæр бынæттæн радтой йæ ном. Ирыстоны дæр ис Кировы район, Кировыхъæу, Дзæуджыхъæуы — Кировы уынг æмæ Кировы номыл зонадон библиотекæ.

Киров куы амардис, уæд йæ марджыты агурыны ’фсонæй Сталин райдыдта Стыр Æфснайд. Уæд ахст æрцыдысты бирæ адæм, уыдоны ’хсæн Бухарин, Каменев æмæ Зиновьев.

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]