Лапландийы хæст

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Лапланди Европæйы картæйыл

Лапландийы хæст (фин. Lapin sota), зæгъгæ, афтæ хуыйны Финлянди æмæ Германы ’хсæн 1944-æм азы сентябрæй 1945-æм азы апрелы онг цы тох цыдис, уый. Ахæм ном ын радтой уый тыххæй æмæ хæст цыдис Финляндийы тæккæ цæгаты чи ис, уыцы провинци Лапландийы.

Раджы, 1943-æм азы, Германы хицауад, Финлянди Советон Цæдисимæ бафидауыны ныхмæ йæхи цæттæ кæнын райдыдта. Герман пълантæ арæзта йæ тыхтæ цæгатырдæм аиуварс кæнын, цæмæй уыдон хъæздыг никелы гуырæнтæ бахъахъхъæной. Немыцæгтæй, уацармæ чи бахаудтой, уыдоны тыхтæй фæхуыздæр кодтой Норвегийæ Финляндийы цæгатмæ цы фæндæгтæ цæуынц, уыдон. Уацайрæгтæй сæ фылдæр уыдысты Хуссар Европæйæ, ласт æрцыдысты Лапландимæ рог сæрдыгон дарæсы, æмæ уый тыххæй уыдонæй тынг бирæ фæмардысты. Гъе уæдæ Герман йæхи хорз бацæттæ кодта, Советон Цæдис Финляндимæ куы бафидыдтой, уыцы цаумæ. Советон Цæдис Финляндийæ бадомдта, йæ территори немыцаг салдæттæй куыд расыгъдæг кæна, уый. Финляндийы хæстон лæгтæн уый æнцон хъуыддаг нæ рауади, уый тыххæй æмæ советон хицауад æмрæстæджы домдта Финляндийы æфсады фылдæр хай демобилизаци скæнын.

Финнаг инæлар Хйалмар Сииласвуо, йе ’фсад разæнгард кæнгæйæ, дæрæн кодта немыцæгты æмæ 1944-æм азы кæронмæ расырдта фашистты Финляндийы цæгаты фылдæр бынæттæй. Фæлæ немыцаг командыгæнæг инæлар Лотар Рендулик уæддæр йæ фæстæ ныууагъта æрмæст «сыгъд зæхх». Бынæттон адæм кæм цардысты, уыцы хæдзæрттæй æртыккаг хай æрцыдис хæлд, провинцийы сæйраг сахар Рованиеми та бынтондæр пырх æрцыдис. Регионæй хуссармæ ралыгъдысты 100 мин адæймаджы бæрц.

Дыккаг дунеон хæст куы фæци, уæд инæлар Рендулик тæрхондонмæ бахаудта, æмæ йын цæдисонтæ рахастой карз тæрхон: йæ хæстон фыдракæндты аххосæй ахæстоны фæбадти ссæдз азы дæргъы.

Лапландийы хæсты рæстæг иннæ хæстытимæ абаргæйæ бирæ салдæттæ нæ амардысты: иу мины бæрц финляндиаг фарсæй æмæ дыууæ мины бæрц гермайнаг фарсæй.

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]