Болгари
Болгарийы Республикæ | |||||
---|---|---|---|---|---|
Република България | |||||
| |||||
Девиз: «Съединението прави силата» «Иудзинад у тых» |
|||||
Гимн: «Мила родино» | |||||
Официалон æвзаг | болгайраг | ||||
Сæйраг сахар | София | ||||
Стырдæр сахартæ | София, Пловдив, Варнæ, Бургас | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Парламентон республикæ | ||||
Территори | |||||
• Æдæппæт | 110 910 км² | ||||
• Доны уæлцъары % | 0,3 | ||||
Цæрджытæ | |||||
• Бахыгъд | ▼ 6 999 900 ад. | ||||
• Æнгомад | 66,4 ад./км² | ||||
ÆМП | |||||
• Æдæппæт (2011) | 101,627 млн. долл. | ||||
Валютæ | лев | ||||
Интернет-домен | .bg | ||||
Код ISO | BG | ||||
ÆОК-ы код | BUL | ||||
Телефонон код | +359 | ||||
Сахатон таг | EET (UTC+2, сæрды UTC+3) | ||||
Викикъæбицы медиа |
Болгари кæнæ Болгар[1] (болг. България) у европæйаг паддзахад, Балканы æрдæгсакъадахыл, Сау денджыз æмæ Дунайы былтыл. Болгари у Европæйы Цæдис æмæ НАТО-йы уæнг.
Арæнты æдæппæт дæргъ у 2245 км, уыдонæй 1181 км — сурзæххыл, 686 км — цæугæдæттыл æмæ 378 км денджызы. Автофæндæгты дæргъ 36 720 км, æфсæнвæндæгтæ — 4 300 км.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Болгарийы территорийы рагондæр цæрджытæ уыдысты фракиаг адæм. Нæ эрæйы агъоммæ I æнусмæ фракиаг зæххытæ бафтыдысты Ромы империйы скондмæ, равзæрдис дзы дыууæ провинцийы — Фраки (лат. Thracia) æмæ Мизи (лат. Moesia, болг. Мизия, уырыс. Мёзи). Уыцы иу рæстæг денджызгæрон фæзындиc грекъаг колонитæ, уыдонæй фракиæгтæ байстой грекъаг æвзаг.
395-æм азы Ромы импери куы фехæлдис, уыцы дыууæ провинцийы бацыдысты Скæсæн Ромы империмæ. Нæ эрæйы VII æнусæй, Адæмты стыр гоцы (ралыгъды) рæстæг, бæстæмæ лидзын байдыдтой хуссайраг славяйнæгтæ. Тагъд рæстæджы уыдон сассимиляци кодтой фракиæгты.
Уыцы рæстæг Азовы денджызы цур фæзындис Стыр Болгари (Фанагори уыдис йæ сæйраг сахар) — рагболгайраг адæмы фыццаг паддзахад, цалдæр тюркаг адæмы иу чи бакодта, ахæм. Рагболгайрæгтæ цæугæцард кодтой, æмæ нырыккон адæмтæй бирæтæн ис уыцы рагон знæмты тæваг. Уыцы паддзахад бирæ нæ ахаста, йæ фыццаг хан Кубрат куы амардис, уыимæ йæ ханад дæр ныддихтæ. Кубраты фырттæй иу, Аспарух, ныгуылæнырдæм ацыдис æмæ фæс-Днепры æмæ, бынæттон славяйнæгты æмцæдисæй, 681-æм азы сарæзта дзы ног болгайраг паддзахад — историографийы йæ хонынц Болгарийы Фыццаг паддзахад. Дунайы донæфтæны ног паддзахадæн бантыст фæуæлахиз уæвын суанг Византийыл, æмæ уæдæй Византийы импери болгайрæгтæн фыста хъалон. Ног паддзахады сæйраг сахар сси Плискæ (нырыккон Болгарийы Шумены облæсты у).
Болгарийы Фыццаг паддзахады цардысты рагболгайрæгтæ, славяйнæгтæ æмæ фракиæгтæ. Уыдон иу адæм систы (славяйнаг болгайрæгтæ кæнæ хуымæтæджы болгайрæгтæ) æмæ байдыдтой дзурын славяйнагау.
IX æнусмæ Болгарийы скондмæ бацыд Авайраг каганаты зæххытæ.
865-æм азы онг Болгарийы хицауиуæггæнджытæ хуындысты хантæ. Борис Фыццæгæмы рæстæг та паддзахад византиæгтæй райста чырыстон дин, уæдæй фæстæмæ хицауиуæггæнджыты титул уыди кънйаз (болг. княз) кæнæ та паддзах (болг. цар). Паддзах Симеон I куы хицауиуæг кодта (893—927), паддзахады тых йæ тæмæны уыд, йæ арæнтæм бахауд егъау фæзуаты зæххытæ (кæс картæйыл), сæйраг сахар сси Преслав (раздæры муртаттаг сæйраг сахары бæсты). Паддзах Симеоны рæстæг культурæ дæр райтынг, фæзындысты славяйнаг æвзагыл фыст чингуытæ.
Симеоны фæндыд Византийы импери фехалын æмæ йæ сæргъы слæууын. Фæлæ йæ къухы нæ бафтыд, йæ амæлæты фæстæ та йæ дыккаг фырт Петр йæхи импери фехæлдта. Болгари къаннæг кæнын байдыдта, ууыл Византи æмæ венгриæгтæ куы уæлахиз кодтой, уæд. Фæстаг тыхджын басаст уыд Киевы кънйаз Святославы балц — Игоры фырт Святослав байста суанг болгайраг сæйраг сахар дæр. Уæдæй фæстæмæ Болгари нал уыдис хæдбар, йæ сæйраг хай (нырыккон Болгари) бацыдис Византийы империйы скондмæ.
Æрмæст XII æнусы, 1185—1187 азты растады фæрцы, Болгари ногæй сси хæдбар паддзахад. Болгарийы Дыккаг паддзахады дуг уыди 1187-æм азæй 1396-æм азы онг, йæ ног сæйраг сахар уыд Тырново. Уыцы паддзахадæн дæр бирæ бантыст: паддзах Калояны рæстæг Болгари сси Балканы æрдæгсакъадахы тыхджындæр паддзахад, уый æнтыстджынæй тох кодта, дзуархæсджытæ Византийы бындурыл цы Латинаг импери сарæзтой, уый ныхмæ.
XIV æнусы кæрон болгайраг зæххытæ бахаудысты Османты империйы скондмæ. Болгар цы цалдæр растады скодтой, уыдон иууылдæр ссæст æрцыдысты.
Æрмæст 1878-æм азы, Сан-Стефанойы фидыдæй, райдыдта ног хæдбар Болгарийы истори. 3 мартъийы, Сан-Стефанойы бадзырдыл къух æрфыссыны бон, Болгарийы бæрæгбон кæнынц куыд нацийы ссæрибары бон.
Сан-Стефанойы бадзырд куы фидаргонд æрцыдис, уайтагъд 3 мартъийы Александр II бардзырд радта, цæмæй æппæт Болгарийы скуса рæстæгмæ уырыссаг хицауад. Уыцы хицауады сæйраг нысан уыд бæстæ хæдбардзинадмæ бацæттæ кæнын. Уæлдар хицауады сæргъы слæууыдис импарторы комиссар кънйаз Дондуков-Корсаков. Рæстæгмæ администрацийы кусыны æмгъуыд (дыууæ азы) Берлины бадзырдмæ гæсгæ фæцыбырдæр кодтой фараст мæйы онг.
1879-æм азы 16 апрелы Бындурæвæрæг æмбырд Тырновойы сахары сфидар кодта Болгарийы конституци (зындгонд у куыд «Тырновойы конституци»). Болгарийы Кънйазад сси Европæйы сæрибардæр паддзахæдтæй иу, уыдис дзы бынæттон хиуынаффæйад, парламент æмæ бирæпартион системæ.
Уыцы-иу рæстæг Болгарийы зæххытæй стыр хай баззадис Османты империйы инæлар-губернаторад Скæсæн Румели (йæ административон центр уыд Пловдив) — кæд дзы разамынд лæвæрдта болгайраг Александр Богороди, уæддæр уыдис осмайнаг провинцитæй иу. 1885-æм азы сентябры Скæсæн Румелийы адæм сыстадысты османты хицауиуæджы ныхмæ.
1886-æм азы 24 мартъийы Стамбулы фидаргонд æрцыд Топкапыйы бадзырд. Уымæ гæсгæ Скæсæн Румели æмæ Болгарийы Кънйазад баиу сты ног болгайраг паддзахады сконды. Топкапыйы бадзырдмæ гæсгæ Скæсæн Румелийы хуссары чысыл хай, уыимæ сахар Кырджали, баззадис Османты империйы. Уыцы зæххытæ Болгарийы скондмæ бацыдысты XX æнусы райдиан, Балканы хæстыты фæстиуæгæн.
Фыццаг æмæ Дыккаг Дунеон хæсты Болгари тох кодта Германы фарс, цалынмæ йæ советон æфсад байстой, уæдмæ.
Цæрджытæ
[ивын | Бындур ивын]Этникон сконд (2008)
[ивын | Бындур ивын]Болгарийы сæйраг этникон къордтæ сты ахæм:
- болгайрæгтæ — 84,5 %;
- туркæгтæ — 9,6 %;
- цигайнæгтæ — 4,7 %;
- уырыссæгтæ — 0,2 %;
уыимæ ма дзы цæрынц грекъæгтæ, дзуттæгтæ, каракачайнæгтæ, румынæгтæ, сомихæгтæ, украинæгтæ, черкесæгтæ.
Болгарийы официалон дискурсы бæстæйы æппæт цæрджыты дæр болгайраг адæм хонынц. Кæд æмæ бирæ сыхаг паддзахæдтимæ абаргæйæ Болгарийы адæмтæ сабыр цард кæнынц, куыд æппæт Балканы æрдæгсакъадахыл, афтæ Болгарийы дæр иу адæм иннæйы æфхæрыны цаутæ-иу æрцыдысты — уыдонæй фæстаг туркаг адæмы болгаризаци («Сæндидзын кæнынад» 1984—1989 — болг. Възродителен процес). Уыцы процессы фæстиуæгæн мингай туркæгтæ ралыгъдысты Турчы европæйаг хаймæ, уыдонæй бирæ ныр дæр Болгарийы гражданинтæ баззайынц, иуæй-иутæ раздæхынц райгуырæн бынатмæ.
Экономикæ
[ивын | Бындур ивын]Энергетикæ
[ивын | Бындур ивын]Болгарийы ис архайгæ атомон электростанцæ Козлодуймæ æввахс, йæ хъомыс у 3760 мегаватты. Цæуы ног атомон электростанцæйы арæзтад (2000 мегаватты), Дунайы былгæрон Беленейы районы.
Хуссар регионты ахсджиаг у гидроэлектростанцæты бавæрд, æдæппæт сты 87. Сæ иумæйаг хъомыс у 1980 мегаватты. Цæуы æртæ ног гидроэлектростанцæйы арæзтад: «Горна Арда» — 160 МВт; «Среден Искър» — 93 МВт æмæ «Цанков камък» — 90 МВт.
Хъæууон хæдзарад
[ивын | Бындур ивын]Болгари у дунейы ахсджиагдæр хъæууон хæдзарады бæстæтæй иу, ахсы бæрзонд бынæттæ иуæй-иу хойрæгты хуызты кондады: анис (дунейы 6-æм), æхсынæн (11-æм), мæнæргъы (13-æм), тамако (15-æм), чили цывзы (18-æм), сæгъы æхсыр (20-æм) æмæ æндæртæ[2].
Туризм
[ивын | Бындур ивын]Туризм у Болгарийы ахсджиагдæр экономикон къабæзтæй иу. Хорз æууæлтæ туризмæн ис денджызы былгæрон æмæ хæххон регионты. 2007-æм азы дæргъы бæстæмæ фæсарæнæй æрбацыдис 7 725 мин адæймаджы, уыдонæй 4 218 мины — сæ фæллад уадзынмæ æмæ фенддæгтæ фенынмæ[3]. Туристтæн сæ фылдæр хай æрбацыдис Грекъ (760,3 мин), Румыни (699,6 мин) æмæ Германæй (466 мин). Уæрæсейаг туристты нымæц уыцы иу аз уыд 205,8 мин адæймаджы.
Административон дих
[ивын | Бындур ивын]Административон æгъдауæй Болгари дихгонд у 28 облæстыл. Облæстыты сконды сты хъæубæстæтæ, хъæууон хъæубæстæтыл вæййынц ма кметæдтæ, сахаронты та — районтæ кæнæ сыхтæ.
- Благоевграды облæст
- Бургасы облæст
- Варнæйы облæст
- Велико-Тырновойы облæст
- Видины облæст
- Врацæйы облæст
- Габровойы облæст
- Добричы облæст
- Кырджалийы облæст
- Кюстендилы облæст
- Ловечы облæст
- Монтанæйы облæст
- Пазарджичы облæст
- Перничы облæст
- Плевены облæст
- Пловдивы облæст
- Разграды облæст
- Русейы облæст
- Силистрæйы облæст
- Сливены облæст
- Смоляны облæст
- Софияйы сахары облæст
- Софияйы облæст
- Стара-Загорæйы облæст
- Тырговиштейы облæст
- Хасковойы облæст
- Шумены облæст
- Ямболы облæст
Сахартæ
[ивын | Бындур ивын]Болгарийы дæс стырдæр сахары сты:
- София — 1 196 389
- Пловдив — 340 638
- Варнæ — 314 539
- Бургас — 210 316
- Русе — 162 128
- Стара-Загорæ — 143 989
- Плевен — 122 149
- Добрич — 100 379
- Сливен — 100 695
- Шумен — 89 054
Ирыстонимæ бастдзинад
[ивын | Бындур ивын]Болгарийы ис Дзæуджыхъæуы æфсымæрон сахартæй иу (1962-æм азæй). Кæс Кырджали. Советон Цæдисы фехæлды фæстæ дыууæ сахары ’хсæн официалон бастдзинæдтæ бахуыссыдысты.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Русско-осетинский словарь: около 25 000 слов/сост. В.И. Абаев. — Изд. 3-е. Владикавказ: Ир, 2013 — 487 с.
- ↑ FAO, Bulgaria
- ↑ Статистикæйы националон институты информаци