Варнæйы облæст

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Варнæйы облæст
болг. Област Варна
Герб
Gerb varna.jpg
Паддзахад Болгари
Статус Облæст
Йæ дæлхæйттæ 12 хъæубæстæйы
Административон центр Варнæ
Стырдæр сахар Варнæ
Цæрджытæ (2007) 495 056
Æнгомад 120 ад./км²
Фæзуат 3819 км²
Сахатон таг EET (UTC+2, сæрды UTC+3)
Варнæйы облæст картæйыл
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Варнæйы облæст (болг. Област Варна) у Болгарийы дыууын аст облæстæй иу. Облæст лæууы бæстæйы хуссар-скæсæны. Йæ скæсæны у Сау денджыз, æмарæн у Бургасы облæст, Добричы облæст æмæ Шумены облæстимæ.

Варнæйы облæсты фæзуат у 3820 км² (æдæппæт паддзахады фæзуатæй 3,44 %), цæрынц дзы 495 056 адæймаджы (æдæппæт Болгарийы цæрджытæй 6,1 %). Варнæйæгтæ, Болгарийы рæстæмбис нымæцтимæ абаргæйæ, гуыргæ кæнынц фылдæр, мæлгæ та — къаддæр.

Цæрджыты разт азмæ гæсгæ: 1934 азы — 256 425 1946 — 266 617 1956 — 314 163 1965 — 366 855 1975 — 431 024 1985 — 464 945 1992 — 462 970 2001 — 462 218 2007 — 495 056 2025 — 610 000[1] (прогноз)

Цæрджыты этникон сконд: болгайрæгтæ — 85,3 %, туркæгтæ — 8,1 %, цигайнæгтæ — 3,3 %. Экономикæйы активон цæрджыты хай — 56 %, кæд æмæ бæстæйы астæуккаг у 46 %.

Облæсты ис генералон консулæдтæ — Польшæ, Уæрæсе æмæ Украинæйы.

Æрдзон ландшафт сахар Девняйы цур

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Националния център за териториално развитие ЕАД-София