Видины облæст
Облæст | |
Видины облæст | |
---|---|
болг. Област Видин | |
43°48′00″ с. ш. 22°41′00″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Болгари |
Админ. центр | Видин |
Истори æмæ географи | |
Бындурæвæрды датæ | 1999-æм азы 8 январы |
Фæзуат |
|
Сахатон таг | EET (UTC+2, сæрды UTC+3) |
Стырдæр сахартæ | Видин, Белоградчик |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ |
|
Цифрон идентификатортæ | |
Код ISO 3166-2 | BG-05 |
Посты индекстæ | 3700–3999 |
Автомобилон код | BH |
|
|
Официалон сайт | |
Викикъæбицы медиа |
Видины облæст (болг. Област Видин) у Болгарийы облæст бæстæйы Цæгат-Ныгуылæн регионы. Æмарæн у Серби æмæ Румыниимæ, йæ цæгаты цæуы Дунай — Хуссар Европæйы ахсджиагдæр транспортон фæндæгтæй иу (Рейн — Майн — Дунай). Видин у, Дунайы цыдмæ гæсгæ куы цæуай, Болгарийы фыццаг цæугæдоны порт.
Видины облæст ахсы фæзуат 3033 км², цæрынц дзы 121 465 адæймаджы. 1960-æм азты фæстæ цæрджыты нымæц кæны къаддæр. Амы адæм лидзынц бæстæйы стырдæр сахартæм — уæлдайдæр Софиямæ. Рæсугъд æмæ сабыр облæст у, æмæ уый тыххæй уымæ дæр æрбацæуынц адæм, сæ фылдæр — ацæргæ пенсиисджытæ. Уымæй рæзы цæрджыты растæмбис кар.
Облæсты бæрзонддæр бынат у Миджуры хох, Сербиимæ арæныл у. Уырдæм сцæуæн и æрмæст арæнгæсты барлæвæрдæй.
Видины облæсты хъæубæстæтæ
[ивын | Бындур ивын]Административон æгъдауæй облæст дихгонд у 11 хъæубæстæйыл:
- Белоградчик (хъæубæстæ)
- Бойницæ (хъæубæстæ)
- Брегово (хъæубæстæ)
- Грамадæ (хъæубæстæ)
- Димово (хъæубæстæ)
- Кулæ (хъæубæстæ)
- Макреш (хъæубæстæ)
- Ново-Село
- Ружинци (хъæубæстæ)
- Чупрене (хъæубæстæ)
- Видин (хъæубæстæ)