Балканы хæстытæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Ярослав Вешины конд ныв Балканы хæстыты темæйыл

Балканы хæстытæ у, Фыццаг дунеон хæсты тæккæ агъоммæ Балканы æрдæгсакъадахыл цы дыууæ хæсты рацыдысты, уыдоны иугæнæг ном. Хæстыты фæстиуæгæн Турчы бахъуыд йæ европæйаг зæххытæй стырдæр хай Балканы цæдисы паддзахæдтæм раттын.

Балканы Фыццаг хæст уыд сæрибаргæнæг тох османты æлдариуæджы ныхмæ. Балканы цæдисы паддзахæдтæ (Болгари, Грекъ, Серби æмæ Черногори) фæуæлахиз сты æмæ ног зæххытæ кæрæдзийы ’хсæн дих кæнын байдыдтой.

Уыцы рæстæг цæдисонты ’хсæн райдыдтой быцæуттæ — æмæ Балканы Дыккаг хæст ныггуыпп кодта. Уыцы хæсты фæстиуæгæн Болгарийы бахъуыд, йæ ныхмæ цы паддзахæдтæ хæцыдысты, уыдонæй алкæмæндæр зæхх раттын. Османты империйы скондмæ фæстæмæ бацыд сахар Одрин (Эдирне).

Фæстæдæр Балканы æрдæгсакъадахыл арæнтæ ивтой Фыццаг æмæ Дыккаг дунеон хæсты фæстæ. Алы хатт дæр мингай бынæттон цæрджыты æндæр ран æрцæрын кодтой, сæ адæмыхаттмæ гæсгæ.