Болгайраг æвзаг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Болгайраг æвзаг
Хином български език
Бæстæтæ Болгари, Румыни, Серби, Македони, Грекъ, Турк, Молдави, Албани
Официалон статус

Болгари

ЕЦ
Уагдæттæг организаци Институт по български език към Българската академия на науките
Æдæппæт дзурджыты нымæц 9[1]—11[2] млн
Рейтинг 88
Классификаци
Категори Евразийы æвзæгтæ

Индоевропæйаг æвзæгтæ

Славяйнаг æвзæгтæ
Хуссайраг-славяйнаг дæлкъорд
Скæсæйнаг дæлкъорд
Фыссынад Кириллицæ (болгайраг алфавит)
Æвзаджы кодтæ
ISO 639-1 bg
ISO 639-2 bul
ISO 639-3 bul
ГОСТ 7.75–97 бол 115
WALS bul
Ethnologue bul
Linguasphere 53-AAA-hb
ABS ASCL 3502
IETF bg
Glottolog bulg1262
Википеди ацы æвзагыл

Болгайраг æвзаг (български език, IPA [ˈbɤlgarski ɛzˈik]) у болгайраг адæмы мадæлон æвзаг. Уый у хуссар къорды славяйнаг æвзаг. Дзурынц ыл 9 милуан адæймаджы[1] (æндæр ратæдзæнтæм гæсгæ — 11 милуанæй фылдæр[2]).

Болгарийы мидæг болгайраг æвзаг «бирæцентрон» æвзагыл нымад у — ис ын, дам, æртæ литературон формæйы: болгайраг, македойнаг æмæ банатаг. Сыхагон Македонийы сæхи æвзаг нымайынц хицæн æвзагыл, кæд æмæ болгайраг æвзагмæ тынг хæстæг у, уæддæр.

Алфавит[ивын | Бындур ивын]

Болгари уыд кириллон алфавитæй фыццаг пайдагæнæг паддзахад. Рагондæр кириллон фыст болгайраг паддзах Самуилы бардзырдмæ гæсгæ конд у 993-æм азы, ссардтой йæ Македонийы XIX æнусы кæрон.

Болгайрагау фыстæуы кириллон алфавитæй, уырыссаг абетæйæ хъауджыдæр болгайраг алфавиты нæй дамгъæтæ Ё, Э, Ы (ома, алфавиты раст 30 дамгъæйы ис); дамгъæ Ъ та нысан кæны хъæлæсон мыр [ɤ], ирон /ы/-мæ хæстæг. Мæнæ уыцы алфавит æмæ йæ дамгъæты транскрипци:

А а
/a/
Б б
/b/
В в
/v/
Г г
/g/
Д д
/d/
Е е
/ɛ/
Ж ж
/ʒ/
З з
/z/
И и
/i/
Й й
/j/
К к
/k/
Л л
/l/
М м
/m/
Н н
/n/
О о
/ɔ/
П п
/p/
Р р
/r/
С с
/s/
Т т
/t/
У у
/u/
Ф ф
/f/
Х х
/h/
Ц ц
/ʦ/
Ч ч
/tʃ/
Ш ш
/ʃ/
Щ щ
/ʃt/
Ъ ъ
/ə/
- ь
/ʲ/
Ю ю
/ju/
Я я
/ja/

Болгайраг клавиатурæ уырыссаг клавиатурæйы æнгæс нæу, уый тыххæй æмæ æндæр принципмæ гæсгæ конд у (хъæлæсонтæ дзы сты галиуырдыгæй, æмхъæлæсонтæ та æппатæй — рахизырдыгæй):

Болгайраг клавиатурæ. Хъæлæсонтæ галиуырдыгæй, æмхъæлæсонтæ — рахизырдыгæй

Хицæндзинæдтæ[ивын | Бындур ивын]

Рагон болгайраг æвзаджы дæнцæг, глаголицæйæ фыст. X-XI æнус

Болгайраг æвзаг иннæ славяйнаг æвзæгтæй цæмæй хицæн кæны:

Нырыккон болгайраг æвзаг лæууы адæмон æвзаджы бындурыл, стыр тæваг ын дардта аргъуаны славяйнаг æвзаг (рагон болгайраг дæр æй хонынц), стæй уырыссаг литературон æвзаг. Уый тыххæй болгайраг æвзаг, йæ лексикæмæ гæсгæ, уырыссаг æвзагмæ у хæрз хæстæг, кæд æмæ иу æвзæгты дæлкъорды не сты, уæддæр.

Кæд тюркаг дзырдтæ болгайраг æвзагæй барæй-иу аивтой, уæддæр дзы бирæ баззадис, уыимæ арæх дзырдтæ дæр (зæгъæм маса «фынг» у туркаг дзырд).

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]