Мæнæргъы

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Мæнæргъы
Мæнæргъы
Зонадон классификаци
Паддзахад:
Дæлбинонад:
Трибæ:
Мыггаг:
Дæлмыггаг:
Хуыз:
Мæнæргъы
Æхсæнадæмон зонадон ном
Rubus idaeus L., 1753
Синонимтæ

Мæнæргъы, мæнæргъ[1] дыгур. нинæгъ (лат. Rubus idaeus, уырыс. Малина) у, сырхбын гагатæ чи дæтты, ахæм зайæгой.

Мæнæргъы нымад у бирæазон зайæгойыл. Йæ сæйраг æмæ фæрсаг уидæгтæ аныгъуылынц арф æмæ фæстагмæ амæлынц. Уыдоны бæсты ног таутæ рауадзынц ног уидæгтæ. Зæнгæй зæххы бын цы хай вæййы, уый ма иу азмæ ауадзы æндæр уидæгтæ дæр.

Мæнæргъы арæх у Ирыстоны уæлвонг-хæххон бынæтты.

Мæнæргъыйæ пайда кæнынц ног тындæй. Аразынц дзы вареннæ (мураба), компот æмæ адджын дæттæ (сироптæ). Мæнæргъыйы донæй ма аразынц лимонад, сæлдæг æмæ къуымæл. Мæнæргъыйы гагаты ис бирæ витаминтæ, лимоны, фолион, фæткъуыйы, аскорбинон туагæдтæ, каротин, глюкозæ, фруктозæ, сахарозæ æмæ æндæр пайдайаг буаргъæдтæ[2].

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Дзабиты 3арбег. Ирон адæмон хостæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1995 — 201 ф.
  2. Мæнæргъы — пайдайаг гагадыргъ