Варнæ
Перейти к навигации
Перейти к поиску
Сахар
|
Варнæ (болг. Варна) у Болгарийы тæккæ ахсджиагдæр порт Сау денджызы былты. Варнæ у паддзахады æртыккæгæм стырдæр сахар, Варнæйы облæсты сæйраг сахар.
Варнæйы цæгатырдæм ис егъау курорттæ: Сыгъдæг Константин æмæ Еленæ, Сыгъзæрин змистæ æмæ Албенæ. Уыдон популярон сты Герман, Стыр Британи æмæ Уæрæсейы туристты ’хсæн.
Цæрджытæ[ивын | Бындур ивын]
Варнæйы æдзух чи цæры, уыцы адæймæгты нымæц 2008 азы райдианы уыд 381 643, уымæй Варнæ ахсы бæстæйы æртыккаг бынат София æмæ Пловдивы фæстæ[1].
Азтæ | 1852 | 1878 | 1887 | 1910 | 1920 | 1946 |
Цæрджытæ | 16 000 | 24 555 | 24 830 | 41 419 | 50 810 | 76 954 |
Азтæ | 1956 | 1965 | 1975 | 1982 | 1990 | 2001 | 2008 |
Цæрджытæ | 120 345 | 180 110 | 251 654 | 295 038 | 300 913 | 309 910 | 370 000 |
Варнæ нымад у, Болгарийы сахартæй цæрынæн тынгдæр чи бæззы, ахæмыл[2].
Цымыдисæгтæ[ивын | Бындур ивын]
- Варнæйы 1967 азы райгуырд уæрæсейаг зарæггæнæг Киркоров Бедросы фырт Филипп.