Че Гевара, Эрнесто

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Эрнесто Че Гевара
исп. Ernesto Guevara
Тырыса
Кубæйы индустрийы министр
1961 23 февралы — 1965 1 апрелы
Фæстæдæр Артуро Гусман[1]
Кубæйы Националон Банчы Президент
1959 26 ноябры — 1961 23 февралы
Райгуырдис 1928-æм азы 14 июны(1928-06-14)[3][4][5][…]
Амардис 1967-æм азы 9 октябры(1967-10-09)[3][4][7][…] (39 азы)
Ныгæныны бынат
Гуырæн ном исп. Ernesto Guevara
Фыд Эрнесто Гевара Линч
Мад Селия де ла Серна
Æмкъай 1) Ильдæ Гадеа (1955—1959)
2) Алейда Марч (1959 азæй)
Сывæллæттæ фырттæ: Камило æмæ Эрнесто
чызджытæ: Ильдæ, Алейдæ æмæ Селия
Парти Кубæйы коммунистон парти
Ахуырад
Професси хосгæнæг-хирург æмæ дерматолог[2]
Дин Атеист
Къухæрфыст Изображение автографа
Хорзæхтæ
Хуындад майор[d][8]
Тохтæ
Зонадон архайд
Зонады къабаз шахмæттæ, регби-15[d], поэзи æмæ кæсын[d]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Эрнесто Че Гевара (исп. Ernesto Che Guevara, æххæст ном Эрнесто Гевара, исп. Ernesto Guevara; 1928 азы 14 июны, Росарио, Аргентинæ1967 азы 9 октябры, Ла-Игерæ‎, Боливи) уыдис Латинаг Америкæйы революционер, команданте, 1959-æм азы Кубæйы революцийы архайæг. Латинаг Америкæйы йеддæмæ ма архайдта Республикæ Конгойы. Фæсномыг Че йын радтой кубæйаг растджытæ, уымæн æмæ аргентинæгты ’хсæн ацы æвастхъæр у тынг популярон, æрбахаудис сæм индейæгтæй гуарани, æмæ йæ интонаци æмæ контекстмæ гæсгæ, фæбæрæг кæны куы иу, куы иннæ зæгъинаг[9]. Арæхдæр уый амоны æмбал, æрдхорд.

«

Куы фæхæрд уон æз, уæд уый ууыл нæ дзурдзæн æмæ фæуæлахиз уæвæн нæй. Бирæтæ фембылды сты, Эвересты цъупмæ тырнгæйæ, фæлæ уæддæр Эверестыл уæлахиз æрцыдис.

»

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Сабибонтæ, лæппуйы азтæ[ивын | Бындур ивын]

Че Геварайы мыггаг. Галиуырдыгæй рахизырдæм: Эрнесто Гевара, мад Селия, хо Селия, æфсымæр Роберто, фыд Эрнесто фырт Хуан Мартинимæ хъæбысы æмæ хо Анна Мария

Эрнесто Гевара райгуырдис 1928-æм азы 14 июны аргентинаг сахар Росариойы, ирландиаг уидæгтæ кæмæн уыдис, уыцы архитектор Эрнесто Гевара Линчы (1900—1987) бинонты ’хсæн. Йæ мады, доньйæ Селийæ де ла Серна ла Льосайы (1908—1965), ’рдыгæй Че Геварамæ уыдис испайнаг уидæгтæ. Йæ мадæн [10] дард бавæйгæ уыд инæлар Хосе де ла Серна-э-Инохоса. Йæ рæстæджы уыцы инæлар Испанийæн Латинаг Америкæйы [11] цы цыппар вице-къаролæдтæ уыдис, уыдонæй тæккæ чысылдæрæн — Перуйæн, æвæрд æрцыдис вице-къаролæй[12]. Селийæ йæ хæстæджытæй бын райста Мисьонесы провинцийы матейы («парагвайаг цай») плантаци. Кусджыты уавæр фæхуыздæргæнгæйæ — уыимæ сын æхцайæ райдайгæйæ фидын, Чейы фыд смæстджын кодта сыхаг плантаторты, æмæ сæ бинонтæн æндæр гæнæн нал уыд æмæ Росариомæ алыгъдысты, уыцы рæстæг Аргентинæйы дыккаг дынджырдæр сахармæ. Уым байгом кодтой йерба-мате цай аразыны фабрикæ. Уыцы сахары сын райгуырд фырт Эрнесто. Дунеон экономикон кризисы тыххæй сæ бинонтæ цасдæр рæстæджы фæстæ раздæхтысты Мисьонесмæ, сæ плантацимæ.[9]

Че Гевара иуаздзыдæй (1929 аз)

Эрнесто йеддæмæ, уыйы гыццылæй хуыдтой Тэтэ (тæлмацæй «хъыбыл»), хæдзары ма уыд цыппар сывæллоны: Селийæ (сси архитектор), Роберто (адвокат), Анна Марийæ (архитектор), Хуан Мартин (проектгæнæг). Æппæт сывæллæттæ дæр райстой уæлдæр ахуырад.[9]

Дыууæаздзыдæй, 1930-æм азы 2 майы[13] Тэтэйыл сæмбæлд фыццаг æхгæдриуы фæтынг — ацы низ йæ хъыгдæрдта æнæхъæн царды дæргъы. Сывæллоны æнæниздзинад цæмæй фæхуыздæр уа, уый тыххæй бинонтæ афтыдысты провинци Кордовæмæ, уымæн æмæ дзы ацы низы ныхмæ æрæвæрын уыдис сыгъдæг хæххон уæлдæф. Сæ плантаци ауæйгæнгæйæ бинонтæ балхæдтой «Виллæ Нидийæ» Альта-Гарсияйы, денджызы æмвæзадæй дыууæ мин метры уæлдæр æвæрд раны. Фыд райдыдта кусын арæзтады подрядисæгæй, мад та йæ цæст дардта рынчын сывæллонмæ. Фыццаг дыууæ азы Чейæн йæ бон нæ уыд низы тыххæй скъоламæ цæуын æмæ ахуыр кодта хæдзары, алы бон дæр-иу æм уыди низы ныббырстытæ[11]. Уый фæстæ каст фæци фæурæдтимæ (низы тыххæй) астæуккаг скъола Альтæ-Гарсияйы. Æртындæсаздзыдæй Эрнесто бацыд Деан-Фунесы[14] номыл паддзахадон колледжмæ, æмæ йæ каст фæцис 1945 азы. Уый фæстæ бацыд Буэнос-Айресы[9] университеты медицинон факультетмæ. Йæ фыд дон Эрнесто Гевара Линч 1969 азы февралы дзырдта:

«

Мæ цотæн мæ фæндыди раттын уæрæх, алывæрсыг ахуырад. Стæй нæ хæдзар кæддæриддæр гом уыдис се ’мгæрттæн, кæдоны астæу уыдысты бонджын адæмы сывæллæттæ дæр, хуымæтæг кусджыты сывæллæттæ дæр, комунистты сывæллæттæ дæр. Зæгъæм Тэтэ лымæн кодта Негритæимæ, поэт Каэтано Кордоба Итурбуруйы чызгимæ, уый та уæд коммунистон идейæтыл æнувыд уыдис[9].

»

Зæрдæрардтæ[ивын | Бындур ивын]

1964-æм азы кубинаг газет «Эль Мундо»-йы уацхæссæгимæ ныхасгæнгæйæ Гевара радзырдта, Кубæмæ лæмбынæгдæр æркаст, 11 азы йыл куы цыд, уæд. Шахмæттæ уæд йæ зæрдæмæ тынг цыдысты, æмæ раст уыцы афон Буэнос-Айресмæ æрцыдис зындгонд шахматист Хосе Рауль Капабланкæ[9].

Чейы мад æмæ фыды хæдзары уыдис цалдæр мин чиныгимæ библиотекæ. Цыппараздзыдæй Гевара йæ мад æмæ фыды хуызæн тынг фæцахуыр ис кæсыныл, æмæ йæ царды фæстаг бонтæм ацы зæрдæрард нæ ныууагъта[9]. Лæппуйæ кастис алыхуызон чингуытæ: Сальгарийы, Жюль Верны, Дюмайы, Гюгойы, Джек Лондоны, фæстæдæр — Сервантесы, Анатоль Франсы, Лев Толстойы, Достоевскийы, Горькийы, Энгельсы, Ленины, Кропоткины, Бакунины, Карл Марксы, Фрейды[9][11][9]. Бакастис уыцы рæстæджы Латинаг Америкæйы популярон чи уыдис, уыцы социалон романты авторты (Сирио Аллегри, Хорхе Икаса, Хосе Эустасио Ривера) чингуытæ, æвдыст дзы æрцыдис индейæгты æмæ кусджыты цард плантациты; аргентинаг авторты уацмыстæ — Хосе Эрнандесы, Сармьентойы æмæ æндæрты[9].

Че Гевара (фыццаг рахизырдыгæй) йе ’мбæлттимæ регбийæ хъазджытимæ, 1947 аз

Æрыгон Эрнесто кастис францаг æвзагыл (йæ гыццылæй æй зыдта) Сартры философон куыстытæ («L’imagination», «Situations I» и «Situations II», «L’Être et le Nèant», «Baudlaire», «Qu’est-ce que la litèrature?», «L’imagie») æмæ сæ иртæста.[11] Уарзта поэзи, йæхæдæг дæр фыста æмдзæвгæтæ. Уарзта Бодлеры, Верлены, Гарсиа Лоркæйы, Антонио Мачадойы, Пабло Нерудайы æмдзæвгæтæ, йæ рæстæджы цæрæг поэт-республикайнаджы Леон Фелипейы фыстытæ. Йæ мæлæты фæстæ «Боливиаг боныджы» йеддæмæ йæ хызыны ссардæуыд къухфыст йæ уарзон æмдзæвгæтимæ. Фæстæдæр Кубæйы мыхуыры рацыд дыууæтомон [15] æмæ фарасттомон [16] æмбырдгæндтæ Че Геварайы фыстæджытæй.[17] Тэтэ тыхджын уыдис дырыс зонæдты, фæлæ равзæрста дохтыры фæндаг. Хъазыдис къахпортийæ бынæттон спортивон клуб «Аталайя»-йы, уыдис дыккаг командæйы хъазæг (фыццаджы йæ бон нæ уыд архайын, уымæн æмæ йын æхгæдриуы тыххæй рæстæгæй-рæстæгмæ хъуыдис ингаляторæй пайда кæнын). Ноджы æнувыд уыд регбийыл, бæхылбадыны спортыл, уарзта гольф æмæ планеризм, уарзта велосипедыл цæуын (йæ мойаг Чиниинæйæн цы къамтæ балæвар кодта уыдонæй иуыл ныффыста: «Педалы паддзах»[9].

Эрнесто Мар-дель-Платæйы (Аргентинæ), 1943 аз

1950-æм азы, студент уæвгæйæ, Эрнесто баххуырста йæхи Аргентинæйы нефтласæн наумæ, уыимæ балæууыд сакъадахыл Тринидад æмæ Британийы Гвианæйыл. Уый фæстæ ацыд балцы мопедыл, кæцы йын фирмæ «Микронæй» лæвæрд æрцыд рекламæ кæныны тыххæй, йæ фæндаггон хæрдзты хай дæр ма йын сæхимæ райстой. Аргентинаг журнал «Эль-Графикойы» цы фыстæг рацыд 1950-æм азы 5 майы, уым Че фыста:[9]

«

23 февралы 1950 азы. Сеньйортæ, мопедты фирмæ «Микроны» минæвæрттæ. Æрвитын уæм бæрæг кæнынмæ мопед «Микрон». Ауыл æз ацыдтæн цыппар мин километры Аргентинæйы дыууадæс провинцийыл. Мопед æнæхъæн фæндаджы дæргъы иттæг хорз куыста, æмæ дзы фæндаджы кæрон не ссардтон ницы цалцæггæнинаг. Æнхъæлмæ кæсын йæ фæстæмæ райстмæ — цы хуызы уæм æй æрвитын, афтæмæй. «Эрнесто Гевара Серна»

»

Йæ лæппуйы рæстæджы Чейы уарзон уыдис Чинчинæ (тæлмацгондæй — «дзæнгæда»), Кордовæйы æппæты хъæздыгдæр зæххыхицауы чызг. Чинчинæйы хойы ныхæстæм, æмæ ма æндæр адæмы мысинæгтæм гæсгæ, Че йæ тынг уарзта, æмæ йæ хъавыдис ракурын. Хонгæ изæртæм-иу ’рбацыд зæронд, æвзæр конд дзаумæтты, æнæфастæй, уымæй тынг дих кодта хъæздыг мыггæгты байзæддæгтæй, кæдон дæр йæ уарзоны къух æмæ зæрдæмæ бацахсынмæ тырныдтой, стæй хицæн кодта уæды рæстæджы æрыгон аргентинаг лæппутæ цы фæткмæ гæсгæ дардтой уæлæдарæс, уыимæ дæр. Сæ æмахастдзинæдты бахъыгдардта Чейы фæндон йæ цард раттын хъотырæй рынчын хуссарамерикæгты дзæбæх кæнынæн, ацы хъуыддаджы хъуамæ ацыдаид Альберт Швейцеры фæндагыл, кæцыйы ном тынг бæрзонд æвæрд æрцыдис Эрнестомæ.[9]

Зын азты[ивын | Бындур ивын]

Эрнесто Гевара 1945 азы

Испанийы мидхæст расайдта стыр æхсæнадон резонанс Аргентинæйы. Чейы ныййарджытæ лæггад кодтой Æххуысы комитæт республикон Испанийæн, сæ сыхаг æмæ æмбал та уыди премьер-министыр Негринайы (уыди ацы бынаты Республикæйы басасты бонмæ) хæдивæг Хуан Гонсалес Агильяр, кæцы ралыгъд Аргентинæмæ æмæ æрцард Альта-Гарсияйы. Сывæллæтæ ахуыр кодтой иу скъолайы, стæй колледжы Кордовæйы. Чейы мад Селия алы бон сæ хæдтулгæйыл ласта сахармæ. Зындгонд республикон инæлар Хурадо, уазæгуаты уыд Гонсалестæм, арæх-иу уыди Чейы ныййарджыты хæдзары æмæ-иу дзырдта хæсты хабæртты тыххæй, франкистты æмæ немыцаг нацистты архайды тыххæй. Чейы фыдмæ афтæ касти, æмæ уыдон иууылдæр Эрнестойы хъуыдытыл тынг бандæвтой[9].

Дыккаг дунеон хæсты рæстæг, Аргентинæйы президент Хуан Перон дипломатон æмахастытæ дардта «Сæмæны бæстæтимæ». Чейы ныййарджытæ Перроны режимы ныхмæ арæзт уыдысты. Афтæ Селийæйы æрцахстой Пероны ныхмæ демонстрацийы куы рацыд Кордовæйы. Уый йеддæмæ ма йæ лæг дæр уыди уыцы къорды; сæ хæдзары арæзтой демонстрацитæн сайæн сармадзантæ. Дзæвгар фæныфсхастдæр сты республиконтæ, Советон Цæдис Сталинграды тохы фæуæлахиз, зæгъгæ, уый куы фехъуыстой, уæд[9].

Балц Хуссар Америкæйыл[ивын | Бындур ивын]

Биохимийы дохтыр Альберто Гранадосимæ (æмбæлттæ йæ фæсномыгæй хуыдтой Миал), аст мæйы дæргъы 1952-æм азы февралæй — августмæ Эрнесто Гевара балцы æрзылди Латинаг Америкæйы бæстæтыл: Чилийыл, Перуйыл, Колумбийыл æмæ Венесуэлæйыл[9]. Гранадос дзы æхсæз азы хистæр уыд. Рацæугæ уыди провинци Кордовæйы хуссары цы бынат Эрнандо и, уырдыгæй. Фæци фармацевтон факультет, архайдта хъотыр дзæбæх кæныны проблемæйыл. Университеты ма фæци æртæ азы, уый фæстæ йын лæвæрд æрцыд биохимийы докторы ном. 1945-æм азæй райдыдта кусын лепрозорийы, уымæй Кордовæмæ хъуыди 180 километры. 1941-æм азы базонгæ ис Эрнесто Гевараимæ, уæд йыл цыдис æртындæс азы, йæ ’фсымæр Томасы æруаджы — уыдис Эрнестойы æмкъласон колледж Деан-Фуансы. Арæх райдыдта цæуын Чейы ныййарджыты хæдзармæ, мæ сын сæ хъæздыг библиотекæйæ пайда кодта. Дыууæйæ дæр тынг уарзтой кæсын, стæй цы бакастысты, ууыл ныхас кæнын æмæ аятæмæй слымæн сты. Гранадос йе ’фсымæрттимæ арæх тезгъо кодтой хæхбæсты, Кордовæйы алфамбылай цы быннæттæ и, уым. Мусонгтæ-иу арæзтой гом арвы бын æмæ Чейы ныййарджытæ, хæххон уæлдæф йын феххуыс уыдзæн йæ æхгæдриуимæ тохы зæгъгæ, арæх уагътой Геварайы семæ.[9]

Эрнесто медикон факультеты куы ахуыр кодта, уæд йæ бинонтæ дæр Буэнос-Айресы цардысты. Аллергийы иртасæн институты стажировкæ куы кодта, уæд æм йæ цæст дардта аргентинаг ахуыргонд дохтыр Писани. Уыцы рæстæг йæ бинонтæм æхца нæ фаг кодта, æмæ Эрнесто ахуыр кæныны уæлдай ма куыста библиотекæйы. Улæфыны рæстæг Кордовамæ ’рцæугæйæ-иу бабæрæг кодта Альберто Гранадойы лепрозорийы, æххуыс йын кодта фæлварæнтæ æвæрын, хъотыры ныхмæ ног методтæ рабæрæг кæныны охыл. Иу ахæмы куы ’рцыд 1951-æм азы сентябры, уæд йын Гранадос йæ хъуыды схъæр кодта, цæмæй иумæ Хуссар Амеркæйыл балцы ацæуой. Гранадосы фæндыди алыхуызон бæстæты лепрозорийтæ сбæрæг кæнын, сæ куыстимæ лæмбынæгдæр базонгæ уæвын æмæ, гæнæн ис, чиныг ныффыссын. Эрнесто тынг цымыдисагæй сразы ис, фæлæ ракуырдта, цæмæй фæлæууой цалынмæ йæ радон экзаментæ фæуой, уæдмæ. Уыцы рæстæг фæстаг курсыл ахуыр кодта. Эрнестойы ныййарджытæ цæхгæрмæ не слæууыдысты, фæлæ домæн сæвæрдтой — цæмæй азæй фылдæр ма бафæстиат уа æмæ рауагъды экзаментæм æрыздæха.[9]

Че Гевара æмæ Альберто Гранадойы фæндаг

1951-æм азы 29 декабры, тынг байдзаг кодтой Альберто Гранадойы дæрдджын мотоцикл хъæугæ дзаумæттæй, æвæргæ мусонгæй, хъæццултæй æмæ æндæртæй. Уыдонимæ ма райстой къамисæн æмæ дамбаца дæр, æмæ араст сты балцы. Фæндагыл бацыдысты абæрæг кæнынмæ Чинчинæмæ — уый сын радта 15 доллæры æмæ бафæдзæхста хызгонд къаба æрласын. Эрнесто йын балæвар кодта къæбыла æмæ йæ схуыдта «Камбэк» ома, дам, «раздæх». Хæрзбон загътой Эрнестойы ныййарджытæн дæр. Гранадос мысыди:[9]

« Ницыуал нæ уырæдта Аргентинæйы æмæ араст стæм Чилимæ — фыццаг фæсарæйнаг бæстæмæ нæ фæндагыл. Провинци Мендосæйы, (ам раздæр Чейы фыдæлтæ цардысты) базылдыстæм иу цалдæр гасиендæмæ, кастыстæм куыд цæрынц æмæ кусынц нæ гаучотæ. Уыцы провинци куы аивгъуыдта, уæд азылдыстæм хуссарырдæм, дарддæр Андты цъуппытæй. Уыцы рæтты нæ хæррæгъ дыууæцалхон Росинант нæ бафæрæзтаид. Дзæвгар тухитæ кæнын нæ бахъуыд. Мотоцикл фæд-фæдыл саст æмæ йæ хъуыди цалцæг кæнын. Уый бæрц йыл нæ цыдыстæм, нæхиуыл æй цас фæластам. »
Хурæскаст Мачу-Пикчуйыл, Перу.

Æхсæвиуат-иу бакодтой хъæды кæнæ быдыры, хæринагæн æхца куыстой æнæбары куыстытæй: æхсадтой хæрæндæтты къустæ æмæ мигæнæнтæ, дзæбæх кодтой зæхкусджыты, кæнæ иу фосы дохтыртæй дæр акуыстой, цалцæг кодтой радиоисæнтæ, куыстой уаргъæвæрджытæй, уаргъхæсджытæй кæнæ матростæй. Лепрозориты-иу куы уыдысты, уæд-иу уым сæ коллегæты фæхайджын кодтой сæ фæлтæрддзинадæй; уым-иу фæндагæй дæр бауылæфыдысты. Гевара æмæ Альберто Гранадо нæ тарстысты низы бахæцтæй, æмæ тигъ нæ кодтой сæхи хъотырæй рынчынтыл.

1952-æм азы 18 февралы æрбахæццæ сты Чилимæ, сахар Темукомæ. Бынæттон газет «Диарио Аустраль» ныммыхуыр кодта уац, йæ сæргонды уыдис: «Дыууæ аргентинаг эксперты-лепролоджы цæуынц Хуссар Америкæйыл мотоциклыл». Гранадойы мотоцикл бынтон асасти Сантьягомæ хæстæг, уый фæстæ сæ фæндаг сарæзтой порт Вальпараисомæ — уырдыгæй сæ фæндыди бахауын Куадзæны сакъадахы лепрозоритæм. Фæлæ бынаты куы базыдтой, наумæ азы ’рдæг æнхъæлмæ кæсын хъæуы, уæд хорзау нал фесты æмæ сæ фæндтæ аивтой. Дарддæр кæм фистæгæй кæм æмвæндаггонтимæ, кæм поездтыл æмæ наутыл бахæццæ сты зды æрзæткъахæнмæ Чукикаматы, йæ хицау уыди АИШ-ы компани «Браден коппер майнинг компани», æмæ уым бауат кодтой æхсæв халагъурты къазармæйы.[9] Перуйы базонгæ сты индейаг кечуайæгты æмæ аймарайæгты цардимæ, уыцы рæстæджы зæххыты хицæутты эксплуатацийы бын уыдысты æмæ сæ хормаг гуыбынтæ коккæйысыфтæй сайдтой. Сахар Кускойы Эрнесто сахатгай касти бынæттон библиотекæйы чингуытæ Инкты империйы тыххæй.[9] Цалдæр боны арвыстой рагон сахар Мачу-Пикчуйы хæлддзæгты. Рагон кувæндоны кусартгæнæн бынаты сбадгæйæ, райдыдтой мате нуазын æмæ дзымандытæ кæнын. Альберто Гранадо мысыди Эрнестоимæ куыд ныхас кодтой:[9]

«

«Афтæ ма бакæнæм, ме ’мбал, æмæ ам баззайæм. Æз ракурдзынæн индейаг чызг инкты уæздан бинонтæй, мæхæдæг мæхи император рахондзынæн, æмæ Перуйы сæргълæууæг суыдзынæн, дæу та скæндзынæн премьер-министр, æмæ иумæ социалон революци сараздзыстæм». Че загъта: «Ды æрра дæ, Миал, революци æнæ гæрæхтæй нæ фæкæнынц!»

»

Мачу-Пикчуйæ араст сты хохаг хъæу Уамбомæ, фæндагыл бабæрæг кодтой перуйаг дохтыр-коммунист Уго Песчейы лепрозорий. Уый сæм хорз фæкасти, базонгæ сæ кодта хъотыр дзæбæх кæнынæн ног методтимæ, æмæ сын ныффыста рекомендателон фыстæг стыр лепрозориймæ сахар Сан-Паблойы цур, Перуйы провинци Лоретойы. Сахар Пукальпæйæ цæугæдон Укаялийыл сбадтысты науыл, æмæ бæлцæттæ араст сты порт Икитосмæ Амазонкæйы былтыл. Икитосы бафæстиат сты, Эрнестойы æхгæдриуы ныббырст куы æрцахста, уæд йæ госпитæлы цасдæр рæстæг бахуыссын бахъуыд, уымæ гæсгæ. Сан-Паблойы лепрозориймæ куы бахæццæ сты, уæд Гранадос æмæ Геварайыл тынг бацин кодтой, æмæ сæ æрбахуыдтой рынчынты дзæбæх кæнынмæ лепрозорийы лабораторимæ. Рынчынтæ, цæмæй бæлццæты лæггад истæмæй бафидой, уый тыххæй сын сарæзтой тъиуи (хъæдбаст), æмæ йæ схуыдтой «Мамбо-Танго» цæмæй йыл сæ фæндаджы радон бынатмæ, Амазонкæйыл колумбиаг порт Летисимæ ныххауой.[9]

1952-æм азы 21 июны, сæ дзаумæттæ тъиуийыл сæвæргæйæ. Гевара йе ’мбалимæ араст сты дæлæмæ Амазонкæйыл Летисийы æрдæм. Къамтæ исгæйæ æмæ боныджы фысгæйæ æнæнхъæлæджы Летицийы рæзты аивгъуыдтой æмæ сæ бахъуыди бæлæгъ æлхæнын æмæ фæстæмæ здæхын Бразилийы зæххытыл. Фæллад æмæ гуырысхойаг хуыз кæй уыдысты, уый тыхæй дыууæйæ дæр бахаудтой ахæстонмæ. Альберто Гранадойы ныхæстæм гæсгæ пъæлицæйы хицау, къахпорти уарзта, æмæ зыдта Аргентинæйы уыцы хъазты сгуыхтыты тыххæй. Уымæ гæсгæ сæ куы базыдта, аргентинæгтæ сты, уæд сæ суагъта фæлæ ахæм домæнимæ: цæмæй бынæттон футболон клубы саргъы слæууой. Клуб районы ерысты фæуæлахиз — æмæ сын адæм дыууæ билеты райстой, цæмæй хæдтæхæгыл Колумбийы сæйраг сахар Боготамæ атæхой.[9] Колумбийы уыцы рæстæг архайдта президент Лауреано Гомесы «Виоленси», йæ мидис уыд тыхæй сæттын зæхкусджыты змæстытæ. Гевара æмæ Гранандос та уайтагъд ахæстоны балæууыдысты, фæлæ, дзырд раттой — Колумбийæ ацæуын — æмæ ссæрибар сты. Зонгæ студенттæй фæндаггаг райсгæйæ автобусыл араст сты сахар Куктумæ, Венесуэлæйы арæнты цур. Уым æхсæнадæмон хидыл ахызтысты арæны сæрты æмæ бахæццæ сты сахар Сан-Кристобалмæ Венесуэлæйы. 1952 азы 14 июлы схæццæ сты Каракасмæ.

Альберто Гранадо баззади кусын Венесуэлæйы Каракасы лепрозорийы (мызд йын ныффидар кодта АИШ-ы доллæртæй 800), æмæ уым базонгæ йæ мойаг — Хулияимæ. Чейы иунæгæй хъуыди æрæздæхын Буэнос-Айресмæ. Æнæнхъæлæджы фембæлгæйæ йæ дард бавæййаг хæстæгимæ — бæхты уæйгæнæгимæ, Эрнесто хæдтæхæгыл атахт бæхты къордимæ Каракæсæй Майамимæ, уырдыгæй та хъуамæ Маракайбойы уылты æрыздæхтаид Буэнос-Айресмæ. Фæлæ Майамийы Че бафæстиат мæйы бæрц. Балхæдта Чинчинæйæн хызгонд къаба дæр, фæлæ йæхæдæг Майамийы цард æнæ ’хцайæ, йæ рæстæг æрвыста бынæттон библиотекæйы. 1952 азы августы Эрнесто аст мæйы фæстæ æрыздæхт Буэнос-Айресмæ. Ам йæхи райдыдта цæттæ кæнын фæлвæрæнтæм, стæй фыссын дипломон куыст аллергийы проблемæтыл. 1953-æм азы Гевара райста дохтыр-хирургы диплом дерматологийы. Æфсадмæ йæ нæ фæндыди, æмæ ихон доны ныббыргæйæ йæхимæ æхгæдриуы ныббырст расайдта, æмæ æфсадмæ нæбæзгæ адæймагыл нымад æрцыдис. Медикон ахуырады диплом йæ къухты, афтæмæй хъавыди Каракасы венесуэлаг лепрозориймæ йе ’мбал Гранандосмæ ацæуын, фæлæ цард куыд равдыста, афтæ йæ æрдхордимæ фембæлдзысты афтиддæр 1960 азы Кубæйы.[9]

Дыккаг балц Латинаг Америкæйы бæстæтыл[ивын | Бындур ивын]

Че Геварайы фæндаг 1953-1956 азты

Эрнесто Венесуэлæмæ араст ис Боливийы сæйраг сахар Ла-Пасы уылты. Цы поездыл рацыд, уый хуынди «æхсыры конвой» (поезд уырæдта аллы ран æмæ-иу дзы фермертæ сывгæдтой се ’хсыры битæдтæ). 9 апрелы 1952 азы Боливийы æрцыд нымадæй 179-æм революци, йæ архайджытæ уыдысты æрзæткъахджытæ æмæ зæхкусджытæ. Цы парти фæуæлахиз ис, уый хуынд «Националон революционон змæлд», йæ сæргълæууæг та уыд президент Пас Эстенсоро. Уыдон снационализаци кодтой къалайы æрзæткъахæнтæ (бафыстой сæ раздæры хицæуттæн фæсарæйнаг компанитæн компенсацитæ), сарæзтой милицæ зæхкусджытæй æмæ æрзæткъахджытæй, бацархайдтой аграрон реформæйыл. Боливийы Че уыди индейæгты хæххон хъæуты, арзæткъхджыты цæрæнрæтты, æмбæлыди хицауады архайджытимæ. Куыста информаци æмæ культурæйы феткъдаруаты, æмæ аграрон реформæйы аразæн ведомствæйы. Бабæрæг кодта индейаг кувæндæтты хæлддзæгтæ Тиауанакуйы, фурд Титикакæйы былтыл, систа дуне къамтæ кувæндон «Хуры дуары»-ы, кæцыйы рагон цивилизацийы индейæгтæ куывтой хуры бардуаг Виракочемæ[9].

Ла-Пасы Эрнесто базонгæ ис адвокат Рикардо Рохойымæ, уый йæ хуыдта иумæ ацæуын Гватемалæмæ, фæлæ Че сразы и цæуын афтиддæр Колумбийы онг, уымæн æмæ йæ зæрдæйы нырма уыди Каракæсы лепрозориймæ бахауын. Рохо хæдтæхæгыл атахт Перуйы сейраг сахар Лимæмæ, Эрнесто та автобусыл йе ’мцæуæг — аргентинаг студент Карлос Ферерайымæ æрзылдысты Титикакæйы былтыл, æмæ æрхæццæ сты Перуйы сахар Кускомæ, ам Эрнесто йæ фыццаг балцы рæстæг нырид уыди. Арæнгæсты бауырæды фæстæ (байстой сын сæ чингуытæ Боливийы революцийы тыххæй) æрхæццæ сты Лимæмæ, кæм баиу сты Рохоимæ.[9] Лимæйы фестиат кæнын уыди тæссаг политикон уавæрты тыххæй инæлар Одриайы сæргълæууды азты. Балцгæнджытæ — Рохо, Феррер æмæ Эрнесто автобусыл ацыдысты Сабыр фурды былтыл Эквадормæ, æмæ йæ арæнтæм бахæццæ сты 1953 азы 26 сентябры. Гуаякилы визæтæм бацыдысты Колумбийы минæвардонмæ, фæлæ сæ консул бацагуырдта хæдтæхæгмæ билеттæ сæм куыд уа Боготайы онг. Консулмæ тæссаг касти, æртæ фесарæйнаджы автобуцыл æнæхъæн бæстæйы уылты цыд, уымæн æмæ Колумбийы гыццыл раздæр æрцыд хæстон змæст, инæлар Рохас Пинилья баивта сæргълеууæг Лауреано Гомесы. Æмбæлттæм æхца нæ уыд хæдтæхæгыл тæхынмæ, æмæ бацыдысты бынæттон социалистон партийы архайæгмæ æмæ йын бавдыстой Сальвадор Альендейы рекомендацион фыстæг. Уый уылты самал кодтой лæвар билеттæ «Юнайтед фрут компани»-йы пароходмæ Гуаякилæй Панамæмæ[9].

Гватемалæ[ивын | Бындур ивын]

Рохойы ныхæстæм хъусгæйæ, стæй мыхуыры цы уацтæ фæзындис АИШ-ы ныббырсты тыххæй Арбенсы ныхмæ, уыдон фенгæйæ, Эрнесто араст ис Гватемалæмæ. Арбенсы хицауад парламенты фæрцы закъон сфидар кодта, æмæ уыцы закъонмæ гæсгæ «Юнайтед фрут компани»-йыл чи куыста уыдонæн сæ мызд æрцыдис дыууæ хатты фылдæргонд. Зæххы хицæуттæй экспроприацигонд æрцыдис 554 мин гектары зæххытæ уыдонæй «Юнайтед фрут компани»-йы зæххытæ 160 мин гектары. Гуякилæй Эрнесто арвыста фыстæг Гранадомæ фыстæг: «Саби! Цæуын Гватемалæмæ. Уыйфæстæ дæм ныффысдзынæн.» Панамæйы Гевара æмæ Феррер ныффæстиат сты се ’хца фæуды тыххæй, Рохо дарддæр араст Гватемалæмæ. Гевара та ауæй кодта йæ чингуытæ æмæ бынæттон журналы ныффыста цалдæр уацы Мачу-Пикчуйы тыххæй æмæ Перуйы æндæр историон диссæгты тыххæй. Сан-Хосемæ (Коста-Рикæ) ацыд æмцæуæг уæзласæн хæдтулгæйыл, кæцы фæндагыл тропикон уарыны тыххæй сфæлдæхт, уый фæстæ Эрнесто иу цасдæр зынтæй архайдта йæ галиу къухæй[9]. Сан-Хосемæ бахæццæ сты декабры райдианты. Уым Эрнесто базонгæ и Венесуэлæйы парти «Демократон архайд» æмæ уыцы паддзахады фидæны сæргълæууæг Ромуло Бетанкуримæ, æмæ сæ хъуыдытæ разындысты бынтон фæйнæхуызон, æмæ ма базонгæ фыссæг Хуан Бошимæ Доминиканæйы Республикæйæ уый дæр фæстæдæр сси бæстæйы сæргълæууæг. Базонгæ ма ис уыцы ран кубæйæгтимæ — Батистайы ныхмæлæуджытимæ[9].

1953-æм азы кæрон Гевара йæ зонгæтимæ Аргентинæйæ рацыдысты Сан-Хосейæ Сан-Сальвадормæ автобусыл, стæй æмцæуæг хæдтулгæтыл. 24 декабры бахæццæ сты Гватемалæмæ, денджызы æмвæзадæй 1800 метрæй уæлдæр чи уыди, ахæм сæйраг сахармæ æмном бæстæйы. Йæ къухты уыдысты рекомендацион фыстæджытæ Гватемалæйы архайджытæм, æмæ фыстæг Лимæйæ революционер Ильдæ Гадеамæ. Эрнесто райдыдта Ильдæйы агурын æмæ йæ ссардта пансионат «Сервантес»-ы æмæ уым йæхæдæг дæр æрбынат кодта. Иу цæстæнгас цын разынд æмæ иухуызон бæллицтæ кæрæдзимæ æрбахæстæг кодтой фидæны мойæгты. Фæстæдæр Ильдæ мысыди куыд æм фæкаст Гевара:[9]

«

Дохтыр Эрнесто Гевара мæ дисы баппæрста куыддæр ныхæстæ кæнын райдыдтам — йæ зондæй, йæ цæстæнгасæй æмæ марксизм зонынæй. Буржуазон бинонтæй рацæуæг, йæ къухты дохтыры диплом афтæмæй, æнцонтæй скодтаид йæ райгуырæн бæстæйы карьерæ, куыд кæнынц нæ бæстæты иууылдæр специалисттæ — уæлдæр ахуырад райсджытæ. Афтæмæй та йæ фæндыд тæккæ æдзæллагдæр районты кусын, лæварæй дæр, цæмæй дзæбæх кæна хуымæтæг адæмы. Фæлæ æппæты тынгдæр мæ зæрдæмæ фæцыдис цы цæстæнгасæй касти медицинæмæ. Тынг мæстыйæ дзырдта, цы уавæрты æмæ цы мæгуырæй федта адæмы цард йæ балцыты Хуссар Америчы алыхуызон бæстæтыл. Хорз æй хъуыды кæнын куыд райдыдтам уый фæдыл ныхас кæнын Арчибальд Кронины роман «Цитадель»-ы тыххæй, æмæ æндæр ахæм чингуыты кæцыты кой цыди дохтыры хæсы тыххæй æнæуый адæмы размæ. Уыцы чингуыты кой кæнгæйæ Эрнæсто ахæм хъуыдымæ æрцыд æмæ дохтыр нæ бæстæты хъуамæ ма уа привилегиджын специалист хъуамæ афтид уæздæтты ма дзæбæх кæна, хъуамæ ма хъуыды кæна æнæхъæугæ хостæ æргъуыдыгонд рынчынтæн. Дохтыр Гевара нымадта — хосгæнæг хъуамæ архайа царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл иууыл адæмæн. Уый та æнæмæнгæй æркæны ахæм дохтыры фауыны бынмæ нæ бæстыты хицауадæй, кæцы бæстыты ма æнæуый дæр олигархийы эксплуатаци тынгæй-тынгдæр кæны æмæ бæрæггкæнын райдта янкиты бацæуындзинад.

»

Гватæмалæйы Эрнесто фембæлд Кубæйæ эммигранттимæ, Фидель Кастройы фарс чи лæууыди, ахæмтимæ, уым уыдысты Антонио Лопес Фернандес (Ньико), Марио Далмау, Дарио Лопас — фидæны яхтæ «Гранма»-йыл балцы архайджытæ[9]. Геварайы уыцы рæстæг фæндыд дохтырæй ацæуын индейæгтæм Гватемалæйы, дарддæр районтæ цы ис, уыдонæй иумæ — Петаны Джунглитæм. Фæлæ Гватæмалæйы хицауад йæ нæ ауагъта, фыццаг, дам, дæ дохтыры диплом азы дæргъы сфидар кæ. Æнæнхъæлæджы куыстытæ, уацтæ газеттæм, чингуыты уæй кæнгæ (кæдон Ильдæйы ныхæстæм гæсгæ арæхдæр уæй нæ кодта фæлæ кæсгæ) уагътой йæ цæрынæн æхца амал кæнын. Гватæмалæйыл зилгæйæ хызынимæ, зонгæ кодта рагон индейаг майяты культурæимæ. Архайдта фæсивæды организаци «Патриотон куысты фæсивæд»-имæ[9].

1954-æм азы 17 июны æрцыди бабырст гæрзифтонг къордты Армаса Гондурасæй Гватæмалæйы зæххытæм, байдыдтой Арбенцы хицауады фарслæуджыты фæхсттæ, сæйраг сахары æмæ иннæ сахарты бомбардировкæтæ. Эрнесто Ильдæйы ныхæстæм гæсгæ куырдта хицауадæй цæмæй йæ арвитой, хæст кæм цыд, уыцы районтæм, æмæ сидти хæдæфсад саразынмæ. Уыди уæлдæфныхмæ хахъхъæныны къорды архайæг, хæцæнгарз æххуыс кодта ласын. Марио Дальмау дзырдта: «Патриотон куысты фæсивæдимæ хъарагъул кæны арты æмæ срæмыгъдты астæу, йæхи мæлæтдзаг тасы бын æвæры». Эрнесто Гевара бахауди «Тæссаг коммунистты» номхъыгъдмæ, кæдон хъуамæ æрцыдаиккой мард Арбенсы æрхауды фæстæ. Аргентинæйы минæвар йын радзырда ацы тæссаг уавæры тыххæй пансионат «Сервантес»-ы, æмæ бахъардта цæмæй саккаг кæной минæварады æмбæхсæнæй, кæцыйæ Эрнесто спайда кодта Арбенсы фарслæуджыты къордимæ. Уый фæстæ минæвары æххуысæй Гватæмалæйæ ацыд æмæ поездыл араст ис Мехикомæ амбæлццон Патохоимæ (Хулио Роберто Касерес Валье)[9].

Цард Мехикойы[ивын | Бындур ивын]

1954-æм азы 21 сентябры æрхæццæ сты Мехикомæ. Уым æрцардысты пуэрторикаг Хуан Хуарбейы фатеры, Хуан та архайдта националистон партийы, ацы парти тох кодта Пуэрто-Рикойы хæдбардзинадыл æмæ йыл хъоды æвæрд æрцыди АИШ-ы конгрессы цы гæрæхтæ самадтой, уый тыххæй. Ацы фатеры ма цард перуйаг Лючо (Луис) де ла Пуенте, фæстæдæр 23 сентябры æхст æрцыди антипартизайнаг «рейнджертимæ» Перуйы хæххон районтæй иуы[9]. Че æмæ Патохомæ алыбойнаг цæрыны мадзæлттæ нæ уыд, æмæ парчы къамтæ исгæйæ амалиуæг кодтой. Че уыцы рæстæг мысыди афтæ:[9]

«

Дыууæйæ дæр бадтыстæм тæнæграны... Патохомæ капекк дæр не уыди, мæнмæ та уыд цалдæр песойы. Балхæдтон къамисæн æмæ парчыты къамтæ истам æнæ барæй. Мыхуыр сæ кæнын нын æххуыс кодта иу мексикайнаг, гыццыл фотолабораторийы хицау. Базонгæ стæм Мæхикоимæ, фистæгæй йыл æрзылдыстæм дæргъæй-уæрæхæй, клиенттæм нæ æнæбары къамтæ зынтæй уæйгæнгæйæ. Цас нæ иу бахъуыди лæгъзтæ кæнын, разы кæнын адæмы цы сывæллоны къам систам уым ын ис тынг рæссугъд æмæ аив хуыз, æмæ раст зæгъгæйæ ахæм алæмæты къамæн гæнæн ис иу мæгуыр песо бафидын. Ахæм æрмгуыстæй хи хастам иу цалдæр мæйы. Сабыргай нæ хъуыддæгтæ хорз кæнын райдыдтой...

»
Эрнесто æмæ Ильдæ æрдæгсакъдах Юкатаны, 1955 аз

Уац ныффысгæйæ «Æз фæдтон Арбенцы æрхауд», Чейæн уæддæр нæ рауад ныллæууын журналистæй.

Уыцы рæстæг Гватæмалæйæ æрцыд Ильдæ Гадеа æмæ смой кодтой. Че уæй кæнын райдыддта рауагъдад «Фондо де культура экономика»-йы чингуытæ, бацыд æхсæвы хъарагъулæй чингуыты равдыстмæ, раздæрау каст чингуытæ. Сахары рынчындоны йæ конкурсмæ гæсгæ райстой куыстмæ æмæ сфидар кодтой аллергион хайадмæ. Касти лекцитæ медицинæйæ Националон университеты, наукон куыстыты райдыдта архайын (зæгъæм, гæдытыл опыттæ æвæрын) кардиологийы Институты æмæ францаг больницæйы лабораторийы[9]. 1956-æм азы 15 февралы Ильдæйæн райгуырди чызг, æмæ йæ схуыдтой мадмæ гæсгæ — Ильдитæ. Че мексикайнаг журнал «Сьемпре»-йы корреспондентæн цы интервью раддта 1959-æм азы сентябры, уым дзырдта:

« Мехикойы мæ чызг куы райгуырди, уæд æй нæ бон уыди ныффыссын перуйагæй дæр — йæ мадмæ гæсгæ, æмæ аргентинагæй дæр — йæ фыдмæ. Иу дæр æмæ иннæ дæр рæдыд нæ уыдаид уымæн æмæ уыдыстæм Мексикæйы зæгъæн и æмæ цæугæ-цæуын. Фæлæ мæ бинойнагимæ йæ ныффыстам мексикагæй — цы адæмыхатт нæ сбуц кодта зын рестæджы, уыдоны тыххæй[9]. »

Кубæйаг публицист æмæ Батистæйы ныхмæлæууæг (фæстæдæр сси социалистон Кубæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр) Рауль Роа мысыди йæ мексикаг фембæлд Гевараимæ:[9]

« Æз базонгæ дæн Чейымæ талынгæй йæ æмбæстон Рикардо Рохойы хæдзары. Гыццыл раздæр æрцыд Гватемалæйы уым фыццаг хатт йæ царды архайдта реврлюционон æмæ антиимпериалистон змæлды. тынг хæстæг йæ зæрдæмæ иста уыцы хæрд. Чейен йæ хуыз дæр æмæ нæуый йæхæдæг дæр уыд æрыгон. Йæ сурæт тынг ныффидар мæ сæры: цыргъ зонд, фæлурс, астматикы уылæфт, къуыпп ных, бæзджын сæры хъуынтæ, фæндфидар, арфуынæг, дзуры сабыргай, худы хъæрæй ... Мах æркастыстæм Аргентинæйы, Гватемалæйы мæ Кубæйы проблемæтæм Латинаг Америкæйы проблемæты æмбастдзинадмæ. Нырид дæр Че касти уынгæг националистон хъуыдтæгты æмæ йыл бæрæг уыд континенталон революционеры цæстытæй кæй кæсы хъуыдтæгтæм. Ацы аргентинаг дохтыр иннæ эмигранттæй уæлдай Аргентинæйыл уый бæрц не тыхсти фæлæ фылдæр тыхст Латинаг Америкæйыл нæхъæнæй, æмæ фæелвæрдта йын йæ лæмæгъдæр цæг æссарын. »

Кубæмæ экспедици цæттæгæнæнтæ[ивын | Бындур ивын]

« «Авангардист-революционеры хъысмæт у уæллоз æвæрд æмæ æнкъард…» (Эрнесто Че Гевара) »

1955-æм азы июны кæрон Мехикойы рынчындонмæ, радхæссæг дохтыр Эрнесто Геварамæ æрбацыдысты дыууæ кубæйаджы, иу дзы разынд Ньико Лопес, Че базонгæ ис йемæ Гватемалæйы. Уый радзырдта Эрнестойæн кубæйаг революционертæ казармæтæ «Монкадыл» ныххауджытæ уагъд æрцыдысты сакъадах Пиносы ахæстонæй, райдыдтой æмбырд кæнын Мехикомæ æмæ цæттæ кæнын æкспедици Кубæмæ. Цалдæр боны фæстæ Че базонгæ Рауль Кастроимæ æмæ уый разыди йе ’мвæндон, æмæ дзы фæстæдæр загъта ахæм ныхæстæ: «Афтæ мæм кæсы, ай иннæты хуызæн нæу. Дзуры иннæтæй хуыздæр, уымæй уæлдай хъуыды кæны». Уыцы рæстæг Фидель уыди АИШы, æмæ кубæйаг эммигранттæй æмбырд кодта æхца экспедицийæн. Нью-Йорчы Батистæйы ныхмæ митинджы Фидæль загъта: «Мæ бон уын у зæгъын, 1956 азы ссæрибар уыдзыстæм кæнæ удхарæй амæлдзыстæм»[9].

26 июлы змæлды тырыса

Фидель æмæ Че фæмбæлдысты 1955 азы 9 июны Мария-Антония Гонсалесы хæдзары, Эмпераны уынг, 49, Фиделы фарслæуджыты консперативон фатеры.Фембелды ныхас цыди фидæны хæстон хабæрттæ Ориенты. Фидель фæстæдæр дзырдта Чейæ уыцы фембелды куыд æм фекаст афте уыди «мæнæй бире разæвæрддæр революцион идейеты хицау. Идеологон æмæ теоретикон хабæртты уый мæнæй бире хуыздæр æмбæрста. Мемæ баргæйæ уыд разæвæрддер революционер». Чейен дæр Фидель диссаджы адеймаджы хуызон фекаст æмæ райсоммæ Эрнесто æрцыд фидаргонд балы дохтырæй[9]. Фæстæдæр Аргентинæйы æрцыд радон хæстон æзмæст æмæ Перон йæ бынатæй рахаудта. Эммигранттæн — Пероны ныхмæлæуджытæн фæзындис фадат аздæхын Буэнос-Айресмæ, æмæ уыцы фадатæй спайда кодтой Рохо æмæ æндæр Мехикойы цæрæг аргентинагтæ. Фæлæ Че не сразы ис аздæхыныл, æнувыд уыди фидæны æкспедицийыл Кубæмæ[9]. Мексикаг Арсасио Ванегас Арройомæ уыдис чысыл типографи æмæ уыди зонгæ Мария-Антония Гонсалесимæ. Уыцы типографийы уагъд цыдысты «26 июлы змæлд»-ы фыстæджытæ. Уый йеддæмæ ма Арсасио хъæбысæйхæцæг уæвгæйæ куыста архайджыты физикон цæттæдзинадыл: даргъ фистæг балцтæй, дзю-дойæ, æххуырст æрцыдис легкоатлетикон зал. Арсасио мысыдис: «Уый йеддæмæ ма лæппутæ хъуыстой лекцитæм географийæ, историйæ, политикон уавæры тыххæй æмæ æндæр темæтыл. Иуæй-иу хатт-иу мæхæдæг дæр баззадтæн уыцы лекцитæм байхъусынмæ. Леппутæ ма цыдысты хæсты тыххæй кинонывтæм кæсынмæ»[9].

Испайнаг æфсады булкъон Альберто Байо, франкисттимæ тохы архайег æмæ чиныг «150 фарстайы партизанмæ» ныффыссæг, касти къорды хæстон цæттæдзинадмæ. Фыццаг куырдта мыздæн 100 мины мексикаг песойы (кæнæ 8 мины АИШ-ы доллæртæй), уый фæстæ йæ дыууæ хатты фæкъадтæр кодта. Фæлæ йæ ахуыргæнинагты тыхтыл куы баууæндыд уæд цæ уый дæр нал бацагуырдта фæлæ ма йæ мебелон фабрикæ ауæй кодта æмæ уыцы æхца дæр Фиделы къордæн радта. Булкъон 26 мин америкаг доллæрæй балхæдта гасиендæ «Санта-Роса» сæйраг сахарæй дæрддзæф уыд 35 километры, Эрасмо Риверæйæ Панчо Вильяйы партизанæй, æмæ къорд райдыддта уым цæттæ гæнын. Че къордимæ цæттæгæнгæйæ ахуыр кодта перевязкæтæ кæнын, дзæбæх кæнын стджыты сæстытæ, æмæ иньекцитæ кæнын, æмæ иу ахæмы йын скодтой сæдæ уколы бæрц — иу кæнæ цалдæр уколы аллы къорды архайегæй. Кубæйаг Карлос Бермудес мысыди Чейы:[9]

«

Иумæ архайгæйæ ранчо «Санта-Роса»йы æз базыдтон цавæр адæймаг уыди — кæддæриддæр тæккæ лæмбынæгдæр архайæг, кæддæридæр махæй алкæмæн дæр фæххуысмæ цæттæ. Æз базонгæ дæн йæмæ мæ туджы цыд мын куы уырæдта дæндаг æппæрсты фæстæ. Уыцы рæстæг кæсын рæстмæ не зыдтон. Уый та мын дзуры: «Æз дæ ахуыр кæндзынæн кæсын æмæ æмбарын цы бакасттæ уый...» Иухатт фæцæйцыдыстæм уынгты æмæ æвиппайды бауад чингуыты дуканимæ æмæ йæм цы æхцайы муртæ уыдис балхæдта мæнæн дыууæ чиныгы — «Репортаж хъуырыл бæндæнимæ» æмæ «Æрыгон гварди».

»

1956 азы 22 июны мексикаг пъалици æрцахста Фидель Кастройы Мехикойы уынгтæй иуыл. Фæстæдæр Мария-Антонияйы фатеры сарæзтой къæппæг æмæ ахстой аллы бахизæдæы. Ранчо «Санта-Росайы» пъалици æрцахста Чейы æмæ ма цалдæр адæймаджы. Кубæйæгты ахсты æмæ булкъон Байойы архайды тыххæй ацы хъуыддаджы мидæг фыст æрцыд газетты. Фестæдæр рабæрæг ацы ахстыты аххосджын — разынд Венерио, къорды архайджытæй иу. 26 июны мексикаг газет «Эксельсиор» ныммыхуыр кодта кæй æрцахстæуыд уыдоны номхъыгъд, уыимæ Эрнесто Гевара Сернайы ном дæр, æмæ йæ схуындæуыд «æмбæстон коммунистон агитатор» æмæ ма дзы йæ Гватемайлаг хабæртты кой дæр цыд президент Арбенсы рæстæджы.[9] Мария-Антония мысыди:[9]

« Ахсты фæстæ нæ ахæстон „Мигель Шульц“-мæ аластой, уым иу дарддтой ахст эммигрантты. Уым федтон Чейы — аслам нейлон плащы æмæ зæронд худы тæрсæнгæнæны хуызæн уыдис. загътон йын йехицæн цæй хуызон у цæмæй йæ ахудын кæнон... Ахæстонæй нæ фæрсынмæ куы ракодтой уæд афтиддæр уымæн йæ къухтыл наручниктæ бафидар кодтой. Æз сбустæ кодтон æмæ прокуратурæйы минæварæн загътон: «Гевара фыдгæнæг нæу цæмæй йын афтæ бакæнат» æмæ ма загътон «Мексикæйы фыдгæнджытæн дæр не скæнынц наручниктæ». Ахæстонмæ нæ куы ’рбакодтой фестæмæ, уæд йæ къухтыл нал уыдысты. »

Ахстыты тыххæй куырдтой раздæры президент Ласаро Карденас, йæ раздæры денджызон министр Эриберто Хара, кусджыты раздзог Ломбарде Толедано, нывгæнджытæ Альфаро Сикейрос æмæ Диего Ривера, культурæйы архайджытæ æмæ ахуыргæндтæ. Мæй фæстæ Мексикæйы хицауад ссæрибар кодтой Фиделы æмæ иннæ кубæйæгты, фæлæ ма ныууагътой ахстæй Эрнесто Геварайы æмæ кубæйаг Каликсто Гарсийайы, аххосыл сын банымадтой бæстæмæ сусæгæй кæй æрбацыдысты, уый[9]. Ахæстонæй рацæугæ Фидель дарддæр байдыдта экспедици цæттæ кæнын, æхца æмбырд кодта, хæцæнгарз æлхæдта. Архайджытæ цæттæ кодтой чысыл къордтæй бæстæйы аллы рæтты.[9] Шведаг этнографей Вернер Гринæй æлхæд æрцыд яхтæ «Гранма» 12 мин доллæрæй. Мексикаг пъалици æрцахста Чейы уысы дæр фæлæ уæддæр цасдæр рæстæджы фæстæ Че æмæ Ильдæ уагъд æрцыдысты. Че фæбадти ахæстоны 57 боны. Палицы кусджытæ уæддæр сæ цæст дарддой æмæ иу балæбурддтой хаттæй хатт растджыты нывондгонд фатертæм. Газæттæ фыстой Фидель кæй хъавы аленк кæнын Кубæмæ.[9] Франк Паис æрбаласта Сантьягомæ 8 мин доллæры æмæ хавыди сахары растад сисын.[9] Хъуыддтаг тæссаг кæынын райдыддта, райхъуыст хабар — къорды архайджытæй чидæр хъавы къорды, яхтæ æмæ передатчик ауæй кæнын Кубæйы хицауадæн 15 мин доллæрæй. Фидель фæтагъд коддта йæ æмбырды хабæрттæ, кæмæй æнхъæл уыди уæйгæнæг, уый иннæтæй ахицæн кæнын кодта æмæ порт Туспаны æмбырд кæнын райдайын фадат радта. Франк Паисæн æрвыст æрцыд тел — «Чиныг уæй æрцыд», уый йын æвдыста æмæ растад ныхасгонд рæстæджы кæй хъæуы саразын.[9] Че дохтыры хызынимæ балыгъд хæдзармæ Ильдæмæ, ахъæбыс коддта йæ фынæй чызгæн æмæ ныффыста хæрзбоны фыстæг йæ ныйарджытæм.[9]

«Гранмæ»-йыл ленк[ивын | Бындур ивын]

1956-æм азы 25 ноябры райсомæй дыууæ сахатыл Туспаны бал сбадтис «Гранмæ»-йыл. Пъæлицæ райста «мордидæ» (ома гæртам) æмæ йæ хъус не ’рдардта. Че, Калкисто Гарсиа æмæ æртæ æндæр архайæджы Туспанмæ бахæццæ сты æмбæлгæ хæдтулгæйыл, бирæ йæм фенхъæлмæгæсгæйæ.[9] Туспаны сыл сымбæлдис Хуан Мануэль Маркес æмæ сæ акодта яхтæйы лæууæн бынатмæ. 82 адæймаджы æд хæцæнгарз æмæ дзаумæттæ бабадтысты йедзаг яхтæйыл, афтæмæй йæ бæрц уыд 8–12 адæймаджы ласын. Уыцы рæстæг уаргæ кодта, денджыз уыдис змæст. «Гранма» хуыст рухсытимæ байдыдта ленк кæнын Кубæйы ’рдæм.[9] 82 адæймагæй афтиддæр дыууæ-æртæ матросы æмæ цалдæр бадæджы удхарæй нæ мардысты денджызон низæй. Нау уадзын райдыдта куыд æй бафиппайдтой фæстæдæр гом къранты тыххæй, фæлæ фыртарсæй уæдддæр консервтæ донмæ калд æрцыдысты, ома дам уæз фæкъаддæр уа.[9] Калкисто Гарсийа фæстæдæр мысыди:[9]

«

Хъуамæ адæймагмæ хъæздыг фантази уа, цæмæй йæ цæстытыл ауайын кæна ахæм гыццыл «тасы» куыд бацыдысты 82 адæймаджы æд хæцæнгарз æмæ дзаумæттæ. Адæм бадтысты кæрæдзийы сæртыл. Хæрд райстам гыццыл, æмæ нæ фаг кодта. Фыццаг бонты алкæмæн лæвæрдтой банкæйы æрдæг бæзджын æхсыр, фæлæ тагъд фæци. Цыппæрæм бон алкæмæн радтой цыхты æмæ къалбасы хай, фæндзæм бон ма баззадысты айдагъ æмбыд апельсинтæ.

»

Науыл Чейы хъыгдардта æхгæдриу, фæлæ Роберто Роке Нуньес куыд дзуры, афтæмæй иннæты хъæлдзæг кодта. Науы капитанæй æвæрд æрцыд Ладислао Ондино Пино, штурманæй — Роберто Роке Нуньес. Штурмæн иу рæстæджы науæй рахаудта донмæ, æмæ йæ цалдæр сахаты агуырдтой цалынмæ ссардтой, уæдмæ. Яхтæ арæх сæфта йæ фæндаг.[9] Хъуамæ къорд хъæу Никаромæ Сантьягойы цурмæ æрхæццæ уыдаиккой 30 ноябры. Уыцы бон Франко Паисы фарслæуджытæ бацахстой сахары хицауады кусæн бæстыхæйттæ æмæ ракалдысты уынгтæм фæлæ сахар сæ къухты бауыромын сæ бон нæ баци.[9]

Кубæйы революци[ивын | Бындур ивын]

Растадимæ баст бынæттæ

Фыццаг бонтæ[ивын | Бындур ивын]

«Гранмæ» Кубæйы былгæрæттæм æрбахæццæ афтиддæр 1956-æм азы 2 декабры æмæ уыцы бынат уыди Лас Колорадасы районы провинци Ориентейы, æмæ уайтагъд тæнæг раныл сбадтис. Донмæ суагътой бæлæгъ, фæлæ уый дæр уайтагъд фæдæлдон ис. Къорд 82 адæймагæй зæхмæ цыдысты хъуыры онг донæй æхгæдæй; хус ранмæ рахæссын цын бантыстис хæцæнгарз æмæ иу гыццыл хойраг. Кæм рахызтысты, уыцы бынатмæ æрбамбырд сты катертæ æмæ хæдтæхджытæ Батистæйы дæлбар æфсæдтæй, къорд æхсты бынмæ бахаудис. Къорд бирæ рæстæг цъыфдзаст былгæрон фæцыдис манграг пыхсыты. 5 декабры æхсæвæй цыдысты Сæкæры тростникы плантациты уылты, бонæй та æрбынат кодтой бауылæфынмæ Сентралы (сæкæры завод плантацийымæ) бынат Аллегрия-де Пиойы. Че куыд дохтыр, афтæ райдыдта, чи фæцæф, уыдоныл зилын. Боны астæу та ныттахтысты хæдтæхджытæ къорды æрдæг фæмард иу-20 та ахст æрцыдысты. Иннæ бон чи аирвæзт уыдон сымбырд æсты хæдзар Сьерра-Маэстрæйы.[9]

Фидæль загъта: «Знаг ныл фæтых ис, фæлæ нæ бындзагъд ныккæнын йæ бон нæ баци. Дарддæр тох кæндзыстæм æмæ рамбулдзыстæм ацы хæст». Гуахиротæ — кубæйаг зæхкусджытæ — зæрдæхæларæй кастысты балы архайджытæм æмæ сæ æмбæхстой сæ хæдзæрдты. Че фыста:[9]

« Искуы хъæды, даргъ æхсæвты (хур ныгуылды фæстæ иу мах дæр ницыуал архайдтам) арæзтам къæйных пълæнттæ. Хъуыды кодтам тохы тыххæй, стыр ныббырстты тыххæй, уæлахизыл. Уый уыдис амондджын рæстæг. Иннæтимæ æз дæр фæцахуыр дæн сигарæтæ дымыныл, уыдонæй иу сырдтам фелмæцынгæнаг къогъоты. Зылдис сæр — нæ йæ уыд равзарæн цæмæй — хъæбæр „гаванæ“-йæ æви нæ къæйных пълантæй — иу иннæмæй диссагдæртæй. »

Сьерра-Маэстрæ[ивын | Бындур ивын]

Эрнесто Че Гевара хæргæфсыл Сьерра-Маэстрайы хæхты.

Кубæйаг фыссæг-коммунист Пабло де ла Торрьенте Брау фыста, нырма, дам, XIX-æм æнусы Сьерра-Маэстрæйы хæхты Кубæйы хæдбардзинадыл тохгæнджытæ иу кæй ссардтой æмбæхсæн бынат. «Додой фæкæндзысты, ацы цъуппытыл чи сиса æхсаргард, уыдон.

Растæг топпимæ айнæг къæдзæхы фæстæйæ дæсы ныхмæ тох кæнынæн фаг у. Пулеметимæ æфсæддон комы нарæджы сбадгæйæ мин адæймаджы бауромдзæн. Хæдтæхджытыл сæ ныфс ма æвæрæд ацы цуппытыл тохæй чи цæуы, лæгæттæ бафснайдзысты растджыты.» Фидель æмæ иннæ архайджытæ ацы бынæтимæ зонгæ не уыдысты.[9] 1957=æм азы 22 январы Аррайо-де—Инфернойы къорд фыццаг ныкъкъуырд радта Санчес Москæрайы каскитосты (Батистæйы салдæттæ) балæн[9]. 28 январы Че ныффыста фыстæг Ильдæмæ, æууæнк адæймаджы уылты бахæццæ Сантьягомæ:[9]

«

Зынаргъ зæронд ус! Фыссын дæм ацы судзгæ рæнхъытæ кубæйаг манигуайы пыхсытæй. гас дæн æмæ тугмондаг. уый хуызон у. æмæ цег салдат дæн (чизи æмæ бызгъуырты уæддæр дæн), фыссын тæбæгъыл топпимæ ме уæхскыл æмæ ног ссардимæ мæ былты — сигарæимæ. Хъуыддаг æнцон нæ разынд. Хъуыстгонд дæм у нырид, «Гранмæ»-йыл ленчы фæстæ авд боны дæргъы, суылæфын дæр кæм нæ уыд, мах штурмæны аххосæй балæууыдыстæм тæфгæнаг пыхсыты, æмæ нæ хъизæмæрттæ цыдысты цалынмæ ныл Аллегрия-де-Пиойы не ныххаудысты æмæ нæ алырдæм нæ ныххæлиу кодтой бæлæттау уæдмæ. Уым фæцæф дæн хъуырмæ, æмæ гас баззадтæн афтиддæр мæ гæдыйы амонды тыххæй, пулемёты нæмыг суад нæмгуытимæ асыккыл кæддæриддæр мæ риуыл кæцы хастон æмæ уырдыгæй йæ фæндаг фæивгæйæ суад мæ хъуырыл. Цалдæр боны хæхтæл зилгæйæ æнхъæл уыдтæн тæссаг цæф фæдæн уый, хъуырыл цæф йеддæмæ ма тынг рысти мæ риу. Ды кæй зоныс, уыдонæй фæмард афтид Джимми Хиртцель — йæхи радта, æмæ йæ амардтой. Æз та дæ зонгæтимæ Альмæйдоимæ æмæ Рамиройымæ арвыстон авд боны æххормагæй æмæ дойныйæ, цалынмæ ныл æфсад цы ран æрхъула сты, уыцы ранæй нæ рацыдыстæм æмæ зæхкусджыты æххуысæй Фиделимæ не сæмбæлдыстæм, уæдмæ (дзурынц, фæлæ бæлвырд бæрæг нæма у, æмæ даммегуыр Ньико дæр фæмард). Дзæбæх нæ бахъуыди бацархайын, цæмæй ногæй бал бауæм æмæ хæцæнгарзæй æххæст сифтонг уæм. Уый фæстæ ныххаудтам æфсæддон постыл цалдæр салдаты фæмард иннæты æрцахстам. Цасдæр рæстæджы фæстæ ма æрцахстам æртæ салдатты æмæ сын сæ хæцæнгарз бацахстам. Уымæ ма куы бафтауæм æмæ хæхты нæхи хæдзары хуызон кæй стæм, уæд æмбардзынæ, куыд тыхст сты салдæттæ, никуыуал нæ æрцахсдзысты къæппæджы. Ахайдæр тох нырма разы ис нырма нæ бирæ хъæуы хæцын, фæлæ хъуыддаг мах æрдæм зилын райдыдта æмæ бонæй-бонмæ нæ уавæр кæндзæн хуыздæр. Ныр та смах тыххæй. Фæнды мæ зонын, уыцы хæдзары ма цæрыс, кæдæм дæм фыссын, æмæ куыд цæрут. Афтæ тагъд кодтон, æмæ Панчойы хæдзары мын аззадысты дæу æмæ нæ чызджы къамтæ. Æрбарвит мæм сæ. Фысс мæм Патохойы номмæ. Фыстæгтæ ныррæгмæ вæййынц фæлæ хъуамæ бахæццæ уой.

»

Балæн æххуысгæнæг Æутимио Герра бахаудта хицауады къухты æмæ сын сразы ис Фиделы амарыныл. Фæлæ йæ къухы нæ бафтыд æмæ мард æрцыди.[9] Февралы Чейы æрцахста малярияйы ныббырст æстæй йæ хæдфæстæ æхгæдриуы ныббырст. Иу ахæмы хæст самадтой æмæ зæхкусæг Креспо йæ фæсонтыл рахаста Чейы знагы нæмгуыты бынæй уымæн æмæ йæхи бон цæуын нæ уыд. Че уагъд æрцыд цыдæр фермæйы иу æмбал растæгимæ чи йæм фекастаид ахæмимæ. Сьерра-Маэстрæйы хæхты Че æхгæдриуæй рынчын уæвгæйæ иу арæх баззад фæстæйы искæй хæдзæртты цæмæй балы цыд ма уырома.[9] Арæх иу æй фæдтой чиныгимæ æмæ фыссæн гæххæттимæ йæ къухы. Капитан Марсиаль Ороско мысыди:[9]

«

Хъуыды кæнын уыдис æм бирæ чингуытæ. Бирæ кастис. Иу минут дæр нæ сæфта. Арæх иу фыны рæстæгæй дæр ратыдта цæмæй акæса кæнæ боныджы истытæ ныффысса. Хуримæ иу куы сыстад уæддæр иу кæсгæ кодта. Арæх иу касти талынгæй арты рухсмæ. Тынг хорз цæстытæ йын уыд — хорз уыдта.[9]

»

Калкисто Моралес фыста:

« «Мæн арвыстой Сантьягомæ, æмæ мын бафæдзæхста цæмæй йын дыууæ чиныджы æрбаласон. Иу «Иумæйаг зарæг» Пабло Нерудайы, иннæ та Мигель Эрнандесы æмдзæвгæты æмбырд. Тынг уарзта æмдзæвгæтæ»[9]. »

Капитан Антонио фыста:

« «Не 'мбарын куыд фæрæзта цæуын, низ иу æй æдзухдæр хурх кодта. Фæлæ иу уæддæр цыди хæхты, йæ уæхсджытыл хызын, хæцæнгарз, дзаумæдтæ, тæккæ фæразондæрты хуызон. Удвидар уыди о фæлæ ноджы тыхджындæр уыди йæ идеалтыл æнувыдзинад — уый йын лæвæрдта тыхтæ»[9]. »

Зæронд зæхкусæг ус Понсиана Перес мысыди:

«

Мæгуыр Че! Уыдтон иу куыд тыхсти æхгæдриуæй, æмæ иу тыхуылæфт æскодтон низы ныббырст иу æм куы райдыддта уæд. Ныхъхъус иу, сабыргай уылæфын иу райдыддта цæмæй низы тынгдæр ма сызмæнта. Иуæй-иутæ ахæм ныббырстты рæстæг хъæр кæнын райдайынц, фæхуыфынц, дзых уæрæх ныххæлиу кæнынц. Че иу архайдта низ æрсабыр кæныныл, къуыммæ иу йæхи айста, бандон кæнæ иу дурыл æсбадт æмæ иу уылæфыд[9].

»

Балы архайæг Рафаель Чао дзырдта, Че дам иу никæуыл хъæр кодта æмæ хынджылæг ныхас дæр никуы скодта, фæлæ иу дзургæйæ хъæбæр ныхæстæй пайда кодта, æмæ иу уыди тызмæг «куы хъуыди уæд». Нæхъæн хæсты рæстæджы Че фыста боныг, уыцы боныджы фыстытæй спайда кодта йæ чиныджы «Революцион хæсты эпизодтæ»йы. Цасдæр рæстæджы фæстæ балæн бастдзинад сæвæрын бантыст «26 июлы змæлд»имæ Сантьягойы æмæ Гаванæйы. Балы æвæрæн бынатмæ хæхты иу æрбацыдысты змæлды раздзогтæ æмæ архайджытæ Франк Паис, Армандо Харт, Вильма Эспин, Аиде Санта-Мария, Селия Санчес, балы ифтонгдзинад дзæбæх кæнын райдтыдта. Цæмæй Батистæйы хъусингæнæг, растджытæ дам дæрæн кæй æрцыдысты, уый мæнгдзинад равдисой, уый тыххæй Фидель арвыста Гаванæмæ Фаустино Пересы, цæмæй фæсарæйнаг журналисты æрбаласа. Бал кæм æрбынат коддта уырдæм 1957-æм азы 17 февралы æрбацыд Герберт Метьюз «Нью-Йорк Таймс»ы корреспондент. Уый фембæлд Фиделимæ, æмæ къуыри фæстæ ныммыхуыр кодта репортаж Фиделы æмæ йæ балы архайджыты къамтимæ. Уыцы репортажы фыста «Куыд мæм кæсы афтæмæй инæлар Батистæ дзæгъæлы æнхъæлмæ кæсы Кастройы растад ныццист кæнынмæ. Йæ бон у йæ ныфс дарын афтиддæр ууыл æмæ салдæтты колоннæтæй иу æнæнхъæлæджы фæмбæлдзæн æрыгон фæтæгыл æмæ йæ штабыл æмæ сæ ныццæгъддзæн[9]

1957-æм азы 13 мартъийы Гаванæйы студентон организаци «13 мартъийы революционрон директорат» систа растад, бахъавыд ридиостанци, университет æмæ президенты бæстыхайад бацахсын фæлæ йæ къухы нæ бантыст. Растджыты фылдæр æрдæг фæмард æсты æфсад æмæ палицийымæ тохы[9]. Мартъийы астæуты Франк Паис арвыста Кастройы балмæ æххуыс 50 адæймагæй, сæ раздзог Хорхе Сотус — Сантьягойæ. Æрбаласта се грузовиктыл пырындзы плантациты хицау Уберто Матос. Сотус æмæ Матос антикоммунисттæ уыдысты æмæ фæстæдæр сын ревтрибуналæй тæрхонгонд æрцыд æмæ сæ дзæвгар ахæстоны бадын бахъуыд. Ацы балы архайджыты фылдæр æрдæг уыдысты сахарты цæрджытæ æмæ хæххон уавæртыл ахуыр нæ уыдысты. Уынаффæ рахастой райдайын сæ цæттæ гæнын хæххон уавæрты цардмæ æмæ тохмæ. «Барбудосты» балмæ (ома боцоджын, æнæдаст адæм, цæугæ царды æмæ сæм дасæнтæ кæй нæ уыд уымæ гæсгæ) цыдысты аллы хуызон адæм, сæ политикон цæстæнгас уыди аллы хуызон, хæцæнгарз æмæ хостæ та сын æрвыстой фæсарæнтæй кубинаг эммигранттæ[9].

Уверойы цур хæст[ивын | Бындур ивын]

1957-æм азы майы хъуамæ АИШ-æй Майамийæ æрбацыдаид нау «Коринти» æххуысимæ, сæ раздзог Каликсто Санчес, афтæмæй. Цæмæй сæ рахызтæй æфсады цæст аиуварс кодтаиккой, уый тыххæй Фидель уынаффæ рахаста ныххауын къазармæтæ хъæу Уверойы, 15 километры Сантьягойæ. Уыимæ ма уый лæвæрдта фадат Сьерра-Маэстрæйæ рахизын провинци Ориентейы коммæ. Че архайдта уыцы тохы æмæ йæ «Революцион хæсты эпизодты» ныффыста. 1957-æм азы 27 майы æрымбырд штаб, уым Фидель радзырдта райсом кæй ныххаудзысты Уверойыл. Рацыдысты изæрыгон цæмæй райсоммæ бахæццæ уой. Цыдысты аст сахаты хæххон фæндæгтыл æмæ уыцы рæстæгмæ ацыдысты 16 километры. Арæх урæдтой сæрхизæны тыххæй тæссаг рæтты. Фæндагамонæг уыди Кальдеро, уый хорз зыдта Уверо дæр æмæ йæ авналæнтæ дæр. Хъæдын къазармæ уыди денджызы былгæрон, хахъхъæдтой йæ хъалагъултæ. Уынаффæ хаст æрцыдис цæмæй йыл талынджы æртæрдыгæй æрхъула кæной æмæ уый фæстæ ныххауой. Хорхæ Сотус æмæ Гильермæ Гарсийайы къорд ныххаудта былгæронты Пеладеромæ фæндагыл цы пост лæууыд уул, Альмейдайæн сæвæрдтой нысан цъуппы ныхмæ цы пост уыд уый басæттын. Фидель цъуппы районы æрынцадис, Раулы къорд та хъуамæ ныххаудтаид къазармæйыл ныхы ’рдыгæй. Чемæ та бахаудис сæ астæу бынат. Камило Сьенфуэгос æмæ Амейхейрас талынджы фæсæфтой сæ фæндаг æмæ раст нæ ацыдысты. Хъуыддаг æнцондæр кодта уый æмæ къазармæты алфамбылай бирæ пыхс кæй уыдис уый, фæлæ салдæттæ уæдтæр бафиппайдтой бырсджыты æмæ сыл æхсын байдыдтой. Крессенсио Пересы къорд ныххауды нæ архайдта уый хъхъхъæдта Чивирикомæ фæндаг цæмæй салдæттæм æххуыс ма рбацæуа. Че фыста — фыццаг гæрахæй къазармæты бацахстмæ ацыд 2 сахаты æмæ 45 минуты, бырсджытæ мæрдтæй æмæ цæфтæй фесæфтой 15 адæймаджы, ныхмæлæууæг та 19 цæфтæй 14 та мæрдтæй. Ацы уæлахиз фæфидар кодта растджыты ныфс. Фæстæдæр пырх æрцыдысты æндæр гыццыл гарнизонтæ дæр Сьерра-Маэстрæйы бын.[9]

«Коринти»-йæ рахызт нæ рауадис: официалон хъусынгæнинæгтæм гæсгæ мард кæнæ ахст æрцыдысты иууылдæр ацы науæй рахизгæ революционертæ. Батиста уынаффæ рахаста Сьерра-Маэстрæйы фахстæй иууылдæр зæхкусджыты раласын фæлæ бирæ гуахиротæ нæ куымдтой уыцы рæттæй ацæуын, æххуыс кодтой Фиделæн æмæ цыдысты йæ балмæ[9].

Революцион змæлд Кубæйы[ивын | Бындур ивын]

Бынæттон зæхкусджытимæ ахастытæ алы хатт дæр лæгъз нæ уыдысты, радиойæ æмæ аргъуанты цыдис коммунизмы ныхмæ пропогандæ. Инирия Гутьеррес мысыди балмæ бацæуыны размæ коммунизмы тыххæй кæй хъуыста афтиддæр тæрсæнгæнæнтæ. Растджытæ цы газæт «Эль Кубано либре (El Cubano libre)» уагътой, уым фыццаг номыры Че фыста: «Коммунисттæ сты хæцæнгарз чи райсы йæ мæгуырдзинадæй куы нал фæфæразы, æмæ уæлдай нæу кæцы бæстæйы у».[9] Цæмæй хуыснæгад æмæ фæллойы тыхист ма парахат кæна æмæ бынæттон адæмимæ ахастытæ ахæм цаутæ ма хъыгдарой уый тыххæй æрцыдис конд къамис дисциплинæ хъахъæнынæн, хæстон трибуналы бартимæ. Æрцыдис дæрæнгонд китайаг Чанджы мæнг революцион абырджыты бал. Че фиппайдта: «Уыцы зын рæстæг хъуыди цæрдæг кæсын революцион дисциплинæмæ æмæ уæгъд районты анархи фидар кæнын ма уадзын»[9].

1957-æм азы 5 июны Фидель Кастро радих кодта колоннæ æмæ йæ сæргъы сæвæрдта Чейы, уыдис дзы 75 хæстоны (уыцы колоннæ ма хуыдтой цыппæрæм колоннæ дæр). Чейæн лæвæрд æрцыд майоры чин. Хæстонтæ дих æрцыдысты æртæ взводыл сæ командиртæ та уыдысты Лало Сардиньяс, Сиро Редондо (фæстæдæр фæмард æмæ йæ ном æвæрд æрцыд æстæм колоннæйыл) æмæ Рамиро Вальдæс (æсси мидхъуыдтæгты министр æмæ Кубæйы комунистон партийы Политбюройы уæнг)[9]. Июлы буржуазон оппозицийы минæвартæ Батисте Фелипе пасос æмæ Рауль Чибас æрбацыдысты Сьерра-Маэстрæмæ. Фидæль йæ къух æрæвæрдта Революцион граждайнаг фронты равзæрды тыххæй манифæсты бын, йæ домæнтæ уыдысты Батистæйы бæсты сæвæрын æвзæрст президенты æмæ аграрон реформæ. Че нымадта ацы буржуазон архайджыты «æнгомбаст цæгатаг бæстæимæ». 30 июлы Сантьягойы мард æрцыдысты Франк Паис æмæ йæ ’фсымæр Хосуэ. 5 сентябры сахар Сьенфуэгосы æрцыдис растад дæнджызон æфсæдты базæйы афицерты разамындæй, тох кодтой Батистæйы айсыны тыххæй. Растад æрцыд пырхгонд æмæ фæци ахст растджыты æхстытæй, фæмард дзы 600 адæймагæй фылдæр.[9] Провинци Ориенты фæзынд хицауады хъусынгæнинæгтæ:[9]

«

«Амæй хуыстгонд цæуы, цы фæнды гоймаг дæр, чи сбæлвырд кæна, кæнæ исты хъусынгæнинæгтæ чи фæхъусын кæна æмæ чи феххуыс уа тохы, растджыты къордтимæ, сæ саргъы Фидель Кастро, Рауль Кастро, Крессенсио Перес, Гильермо Гонсалес кæнæ æндæр раздзогтæ, уыдзæн буцгонд йæ хъусынгæнинаджы бæлвырдзинадмæ æмæ цымыдисмæ гæсгæ, цы фæндыйæ йæ амæттаг нæ уыдзæн 5 мин песойе къаддæр.

»

Мызды барц у 5 мин песойе 100 мин песомæ; уæлдæр аргъ 100 мин песойы фыст æрцæудзæн Фидель Кастройы сæры тыххæй. Фиппаинаг: æххуысгæнæджы ном баззайдзæн æмбæхстæй».

Рауль Кастро æмæ Эрнесто Че Гевара Сьерра-дель-Кристалы хæхты Гаванæйæ хуссарырдæм. 1958 аз

Пъæлицæйæ тæрсгæйæ Батистæйы ныхмæлæуджытæ цыдысты Сьерра-Маэстрæйы хæхтæм æмæ растджыты рæнхъытæ фылдæрæй фылдæр кодтой. Растджыты къордтæ бахæццæ сты Эскамбрайы æмæ Сьерра-дель-Кристалы хæхтæм, Баракоайы районы дæр архайдтой къордтæ, Революцион директораты, «26 июлы змæлд»ы æмæ хицæн коммунистты дæлбар уыдысты. Октябыры Майамийы политиктæ буржуазон цæстæнгасимæ сарæзтой Сæрибары цæдис, æмæ Фелипе Пасосы схуыдтой рæстæгмæ президент. Рауагътой манифест дзыллæтæм. Фидель не сразы ис ацы «майамиаг пактимæ», АИШ-ы ’рдæм здыхт æм фæкасти. Фидельмæ фыстæджы Че фыста:[9]

«

Иу хатт-ма дын арфæтæ æрвитын дæ хъусынгæнинаджы тыххæй. Дзырдтон дын дæ сгуыхт кæддæриддæр уыдзæн уый æмæ алкæмæн дæр равдыстай гæнæнтæ герзифтонг тохмæ, адæмы æххуысæй чи пайда кæны. Ныр та æрлæууыдтæ æндæр фæндагыл æмæ дын раттдзæн хицауы бартæ дзыллæты гæрзифтонг тохы фæстæ.

»

1957-æм азы кæронмæ растджыты æфсæдтæ сæ къухты дарддтой Сьерра-Маэстрæ, фæлæ дæлæмæ нæ цыдысты, нæ архайдтой кæмтты. Хæринæгтæ, зæгъæм хъæдур, нартхор æмæ пырындз æлхæдтой бынæттон зæхкусджытæй. Хостæ ластой сахартæй. Дзиза иу ист æрцыд бирæ фос чи дардта уыдонæй. Че арæзта санитарон пункттæ, госпитæльтæ, æрмæдзтæ, хæцæнгарз цалццæг кæнæн, дзабыртæ, хызынтæ, дзаумæттæ æмæ тамако аразæн бынæттæ. Гектографыл райдыддтой бирæ кæнын газæт «Эль Кубано либре (El Cubano libre)», йæ ном ист уыд XIX æм æнусы Кубæйы хæтбардзинадыл чи тох кодта уыдоны газæты номæй. Эфирмæ иу рацыдысты чысыл радиостанцийы хъусынгæнинæгтæ. Бынæттон цæрджытимæ æнгом бастдзинад тынг æххуыс кодта, уайтагъд иу базыдтой салдæтты кæнæ сгарджыты æрбацыды тыххæй.[9]

Симона де Бовуар, Жан-Поль Сартр, Че Гевара. Кубæ, 1960-æм аз

Хицауады пропагандæ æрдомдта национ иудзинадмæ уымæн æмæ Кубæйы сахарты парахат кодта растадон змæлд. 1958 азы мартъийы АИШ-ы хицауад сæвæрдта эмбарго хæцæнгарзы æрвыстыл Батистайы æфсæдтæн, фæлæ ма уæддæр цасдæр рæстæг хæдтæхджытæ хæцæнгарзæй æмæ артагæй ифтонг кодтой Гуантанамойы базæйыл. 1958 азы кæроны конституцимæ гæсгæ хъуамæ уыдаиккой президенты æвзæрстытæ. Сьерра-Маэстрайы æргом ничи дзырдта коммунизмы кæнæ социализмы тыххæй, Фидель та æргом цы реформæты тыххæй дзырдта зæгъæм латифундитæ цæмæй мауал уой, транспорты æмæ электрикон компаниты национализаци æмæ æндæр предприятитæ сæ зæрдæмæ цыдысты проамерикаг политиктæн дæр[9].

Че Гевара паддзахадон архайæг[ивын | Бындур ивын]

Фембæлд Мысыры президентимæ Гамаль Абдель Насеримæ, 1965-æм аз.
Че Гевара Мæскуыйы 1964-æм азы.

Че гевара æнхъæлдта, «æфсымæрон» бæстæтæ йын цыфæнды æххуыс дæр ратдзысты. Фæлæ революцион хицауады министр куы уыди, уæд фæмбæлдты ныхас кодта Китайы æмæ Советон Цæдисы хицауадимæ хæстон æмæ экономикон æххуысы тыххæй, æмæ бафиппайдта куыд æнхъæлдта, афтæ кæй нæу хъуыддаг. Уыцы хабæртты тыххæй загъта йæ хъуыстгонд алжираг раныхасы. Уый уыдис раст тæрхоны ныхас социалистон бæстæты ныхмæ сæ политикæ интернационалон кæй нæу, уый тыххæй. Фаутæ сыл сæвæрдта мæгуырдæр бæстæтæн тыххæй кæй ивын кæнынц товартæ раст империализм дунеон базарты куыд архайы афтæ, уыимæ ма кæй аиуварс кодтой сæхи æмæ кæй не ’ххуыс кæнынц националон сæрибары тохы зæгъæм Конгойæн æмæ Вьетнамæн. Че хорз зыдта Энгельсы хъуыстгонд æмбæрцад: «Цас къаддæр у экономикæйы разæнгард, уый бæрц фылдæр тыхми хъæуы ног бæстæарæзтæн». Кæд æмæ 1950-æм æзты райдианы иу хуынджылæгæй йæ фыстæджыты бын æрæвæрдта «Сталин II», уæддæр революцийы уæлахизы фæстæ йæ бахъуыди амонын: «Кубæйы нæй гæнæнтæ сталинаг системæ ныффидар гæнынæн»[18].

Фæстæдæр Че Гевара зæгъдзæн: «Революци куы фæвæййы уæд куыст революционертæ нал фæаразынц. Фæаразынц йæ технократтæ æмæ бюрократтæ. Уыдон та — контревволюционертæ сты»[18].

Че Геварайы фæстаг фыстæг ныййарджытæм[ивын | Бындур ивын]

1965-æм азы 1 апрелы «континенталон герильямæ арасты хæдразмæ Че Гевара ныффыста фыстæджытæ йæ ныййарджытæм, йæ цотмæ æмæ Фидель Кастромæ. Фыстæг ныййарджытæм:

«

Зынаргъ зæрæдтæ!
Ногæй та æмбарын мæ дæлфæдтæй Росинанты фæрсджытæ, ногæй та гæрзифтонгæй хъуамæ араст уон фæндагыл.
Иу дæс азы размæ уæм ныффыстон æндæр фæстаг фыстæг.
Куыд æй хъуыды кæнын афтæ уæд фыстон уый æмæ нал дæн хорз салдат æмæ хорз дохтыр; дыккаг мæ нал хъæуы, салдат та мæ ахæм æвзæр дæр нæ рауад.
Нæуый уæдæй ницы ивддзинæттæ æрцыд афтиддæр уый æмæ мæ марксизм ныффидар ис æмæ æссыхъдæг. Æнхъæлдæн æмæ хæцæнгарзимæ тох у иунæг ирвæзæн адæмыхаттытæн сæрибардзинадмæ чи бæллынц, æмæ мæ цæстæнгас нæ ивын. Бирæтæ мæ схондзысты хæтыны адæймаг. Æмæ уый раст у. Фæлæ æз хæтын æрмæст уый тыххæй, цæмæй мæ растдзинад бафиппайон.
Гæнæн ис æмæ фæстаг хатт фæлварын ацы хъуыддаг саразын. Ахæм кæрон нæ агурын, фæлæ йæ рцæуынæн гæнæнтæ ис хъуыдтаджы фадæттæм куы ркæсæм уæд. Æмæ кæд афтæ рауайа уæд райсут мæ фæстаг хъæбыс.
Тынг уæ уарзтон, фæлæ йæ равдисын нæ зыдтон. Æгæр растдзæугæ дæн мæ хъуыддæгты æмæ мæ иуæй-иу хатт не ’мбæрстой. Уыимæ ма мæ бамбарын дæр зын уыди, фæлæ ацы хатт мыл бауырнут. Афтæмæй цы фæндфидар хъæбæр кодтон артисты зæрдæрардимæ бафтаудзæн куыстыл мæ лæмæгъ къæхтæ æмæ мæ фæллад рæуджытæ. Мæ фæндон сæххæст уыдзæн.
Иуæй-иу хатт иу уæ зæрдыл æрлæууæд ацы хæдæфсарм XX-æм æнусы кондотьер.
Ныбба кæнут Селияйæн, Робертойæн, Хуан-Мартинæн æмæ Пототинойæн, Беатрисæн, алкæмæндæр.
Хъæбæр хъæбыс уæ кæны уæ хæтаг æмæ æнæиваг фырт Эрнесто.[9][11]

»

Растæг[ивын | Бындур ивын]

Че Гевара Заиры Конголезаг кризисы рæстæг, 1965-æм аз

Конгойы Республикæ[ивын | Бындур ивын]

Боливи[ивын | Бындур ивын]

Че Гевара цы ран ис уый тыххæй дам-думтæ бирæ кодтой 19661967-æм æзты. Мозамбичы минæвæрттæ Фрелимойы хæдбардзинады фæдыл змæлды фæхъусын кодтой Чеимæ фæмбæлды тыххæй Дар-эс-Саламы, уым аиуварс кодтой Чейы разæвæрд æххуысы тыххæй сæ революцион проектæн.

Раст разындысты, дам-думтæ Че Геварайы Боливийы партизанты сæргъы чи æвæрдта, уыдон. Фидель Кастройы ныхасмæ гæсгæ боливиаг коммунисттæн æрцыдис зæхх æлхæд базæтæн, уым Че Геварайы амындмæ гæсгæ партизантæ цæттæ кодтой. Геварайы алфемблай Ла-Пасы цы адæм уыди уырдæм сагъд æрцыдис Хайд Тамара Бунке Бидер (хъуыстгонд у фæсномыг «Таня»-йæ дæр), раздæр уыди Штазийы агент. Рене Барьентос фæтарсти хабæрттæй йæ бæстæйы партизантæ кæй æрбынат кодтой, æмæ æххуыс курын райдыдта ЦРУ-йæ. Че Геварайы ныхмæ банысан кодтой архайын барæй партизанты ныхмæ тохгæнын ахуыр ЦРУ-йы къорд.

Че Гевара Боливийы, 1967-æм аз.

Геварайы партизанты къорды уыдис 50 архайæджы æмæ архайдта куыд Националон сæрибардзинады æфсад (исп. Ejército de Liberación Nacional de Bolivia). Уыдысты хорз ифтыгъд æмæ цалдæр ныббырсты сарæзтой регулярон æфсæдты ныхмæ район Камрийы зын хæххон уавæрты. Фæлæ сентябры боливиаг æфсад ныппырх кодта растджыты дыууæ къорды æмæ иу раздзоджы фæмардта. Тох тынг æнæхатыр кæд уыди уæддæр иу Че дзæбæх кодта ахст салдæттæй цæф чи уыд уыдоны, фæстæдæр та сæ иууылдæр суадзын кодта. Йæ фæстаг тохы рæстæг, Куебрада-дель-Юройы, Гевара фæцæф, йæ хæцæнгарзыл нæмыг сæмбæлд æмæ нал æхста, йæ дамбацайæ суагъта иууылдæр нæмгуытæ. Цæфæй йæ куы æрцахстой, æмæ йæ скъоламæ куы æрбакодтой (уым ЦРУ сарæзта ахст партизантæн ахæстон) уæд дзы федта цалдæр цæф боливиаг салдаты. Гевара куырдта цæмæй сын аххуыс кæна, фæлæ боливиаг афицер не сразы. Чейæн йæхицæн радтой аспирины таблеткæ.

Ахст æмæ мæлæт[ивын | Бындур ивын]

Че Геварайы мард, 1967-æм аз 10 октябыры.

Че Геварайы æрцахсыныл архайдта ЦРУ-йы агент Феликс Родригес. Рæмудзæг схъæр кодта боливиаг æфсæдтæн кæм ис Че Геварайы партизанты бал, æмæ йыл 1967-æм азы 8 октябыры æфсæдтæ æрхъула кодтой, Че Гевара та йæхæдæг ахст æрцыд Куэбрада-дель-Юройы. Родригес куы базыдта Геварайы ахсты тыххæй, уæд уайтагъд фехъусын кодта Ленглимæ ЦРУ-йы штаб-фатермæ штат Вирджинийы.

Че Геварайы мард, 1967-æм аз 10 октябры.

Барьентос куы базыдта Геварайы ахсты тыххæй уæд уайтагъд дæр æрдомтта цæмæй йæ амарой. Чейы æрбакодтой æрдæгхæлддзаг скъоламæ хъæу Ла-Игерæйы цур, уым æй иу æхсæв фæдардтой. Иннæ бон мард æрцыдис. Марæджы куыст сæххæст кодта боливиаг æфсæдты сержант Марио Теран. Цæмæй официалон верси (ома Че Геварайы æнæ тæрхонæй нæ, фæлæ тохы мидæг амардтой) дызæрдыгхуыз ма зына, уый тыххæй салдаттæн Феликс Родригес нысан радта афтæ æхсын цæмæй зына, Гевара æмæхстыты рæстæг кæй фæмард. Геварайыл уыдис бирæ цæфтæ йæ къæхтыл, фæлæ йæ цæсгом æнæвнæлд хъуамæ баззадаид. Че Геварайæн уыдис фадат цалдæр ныхасы зæгъын мæлæты размæ; дзурынц, загъта йæ марæгæн: «Зонын æй ам мæн амарыны тыххæй дæ. Æхсгæ тæрсаг, афдиддæр адæймаджы амардзынæ». Йæ мард баст æрцыдис вертолётыл æмæ сыхаг хъæу Валлеграндæмæ ласт æрцыдис прессæйæн æвдисынмæ.

Амарды фæстæ Родригес райста Чейы цалдæр дзаумайы, уыдонимæ йæ сахат «Ролекс» дæр, уый фæстæ-иу арæх æппæлыдис журналисттæн ацы сахатæй. Ныр уыцы дзаумæттæй цалдæр æвæрд æсты ЦРУ-йы. Хæстон хирург марды къухтæ куы алыг кодта уæд боливиаг æфсады афицертæ мард аластой абæрæг ранмæ, æмæ йæ фæстæдæр не схъæр кодтой, цы йæ фæкодтой, уый. 15 октябры Кастро радзырдта æхсæнадæн Геварайы мæлæты тыххæй. Геварайы мæлæт нымад æрцыдис уæззау цæфыл социалистон змæлдæн Латинаг Америкæйы, стæй æнæхъæн дунейы дæр. Бынæттон цæрджытæ райдыдтой нымайын Геварайы зæдыл æмæ йæм дзырдтой «San Ernesto de La Higuera», хорздзинæдтæ дзы кургæйæ.

1997-æм азы адæймаджы мард æрцыд ист хæдтæхджыты стæхæн бынаты Валлеграндæйы цурæй, рабæрæг дзы кодтой Че Геварайы мард, æмæ æрвыст æрцыдис Кубæмæ. 1997-æм азы 17 октябры Геварайы æмæ æхсæз æндæр Боливийы хæсты архайæджы мардтæ уыдысты хæстон кадимæ ныгæд барæй арæзт мавзолейы сахар Санта-Кларæйы, йæ рæстæджы кæм рамбылдта тохы.

8 октябыры Кубæйы вæййы Сгуыхт партизаны бон, уæд æссарынц командантæ Че Геварайы ном.

Æхцайыл нывтæ[ивын | Бындур ивын]

  • Че кæд фæнды дæр, аллы æхцайы реформæты дæр нывгонд æрцæуы æртæ кубæйаг песойыл.
Че 1995-æм азы песойыл Че 2004-æм азы песойыл


Че 1986-æм азы песойыл Че 1994-æм азы песойыл


Чейы сурæт сфæлдыстады[ивын | Бындур ивын]

Фицпатричы портрет[ивын | Бындур ивын]

Че Геварайы ныв Ригæйы рестораныл.

Æппæт дунейыл зындгонд Чейы дыууæхуызон портрет анфас, сси революцион романтикон змæлды символ, фæлæ ныр бирæтæм гæсгæ йæ раздæры мидис фæсæфта æмæ сси китч, фæпайда дзы кæнынц революцийæ тынг дард чи сты, ахæм хабæртты дæр. Сарæзта йæ ирландиаг нывгæнæг Джим Фицпатрик 1960-æм азы, кубæйаг къамисæг Альберто Корда цы къам систа, уымæ гæсгæ. Чейы беретыл зыны Хосе Мартийы стъалы, уый бæрæг кодта командантеты, лæвæрд йын æрцыдис Фидель Кастройæ командантейы номимæ.

Альберто Корда йæ къам æхсæнады хæзна не скодта æмæ ма тæрхонмæ дæр лæвæрдта ацы портрет, хъæбæр нозты рекламæйы кæй фæзындис, уый тыххæй.

Хъуыстгонд зарæг Hasta Siempre Comandante («Команданте кæддæриддæр»), фыст æрцыдис Карлос Пуэблайæ бирæтæ куыд хъуыды кæнынц Че Геварайы мæлæты фæстæ нæ, фæлæ нырма йæ царды рæстæг. Тæккæ хъуыстгонддæр у, Натали Кардон цы верси зары, уый.

Чейы сурæт литературæ æмæ поэзийы[ивын | Бындур ивын]

Че Геварайы портрет уæрæсейаг маркæйы
Че Геварайы портрет уæрæсейаг маркæйы

Чейы сурæт æрмæст революцион къордты нæ æндæвта, фæлæ ма йæм арæх сæ цæст дардтой литератортæ дæр. Хулио Кортасар ныффыста радзырд «Баиудзинад», уым фыццаг цæсгомæй цæуы радзырд партизантæ цыдæр сакъадахмæ куыд рахызтысты, уыимæ кæд радзырды архайджыты нæмттæ хъуыдыгонд æсты уæддæр дзы базонæн ис кубæйаг революцийы кæцыдæр архайджыты, зæгъæм Кастроты дыууæ æфсымæры. Кæй номæй цæуы дзырд уым та æнцонæй ис базонæн Че Геварайы. Чейы боныгæй цитатæ та хаст æрцыд эпиграфмæ.

Че Гевара фæзыны Виктор Пелевины роман «Generation „П“»-йы.

Советон Цæдисы литератортæ дæр сæ цæст æрдардтой Че Геварамæ. Зæгъæм поэт Дмитрий Павличко, ныр нымад цæуы Украинæйы литературæйы классикыл, ныффыста Кубæйаг революцийы тыххæй æмдзæвгæты цикл. Иу дзы райдайы афтæ:

В тумані С'єрри танк стоїть
Немов страшна примара
Його гранатою підбив
Ернесто Че Гевара!

Хъуыстгонд æсты Евгений Долматовскийы поэмæ «Геварайы къухтæ», «Кубæйаг цикл» Евгений Евтушенкойы. Къорд «Песняры»-мæ ис зарæг «Балладæ Че Геварайыл».

Че Геварайыл сты Ярослав Смеляковы рæнхъытæ:

Он был ответственным лицом отчизны небогатой,
Министр с апостольским лицом и бородой пирата.
Ни в чем ему покоя нет, невесел этот опыт,
Он запер к чёрту кабинет и сам ушёл в окопы.
Спускаясь с партизанских гор, дыша полночным жаром,
В чужой стране погиб майор Эрнесто Че Гевара.

Кинонывтæ Чейы тыххæй[ивын | Бындур ивын]

Сфæлдыстад[ивын | Бындур ивын]

Библиографи[ивын | Бындур ивын]

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Butterfield Ryan. The Fall of Che Guevara: A Story of Soldiers, Spies, and Diplomats. Фæстаг фенд 1999.Oxford University Press US.
  2. Дело врачей
  3. 3,0 3,1 Bibliothèque nationale de France идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.
  4. 4,0 4,1 Ernesto Che Guevara (нидерл.)
  5. Ernesto Ché Guevara // filmportal.de — 2005.
  6. 6,0 6,1 Archivio Storico Ricordi — 1808.
  7. Itaú Cultural Che Guevara // Enciclopédia Itaú Cultural (порт.)São Paulo: Itaú Cultural, 2001. — ISBN 978-85-7979-060-7
  8. Caravelle: cahiers du monde hispanique et luso-bresilien, Caravelle (фр.)Presses universitaires du Mirail. — рау. 98/2012. — ISSN 1147-6753; 2272-9828
  9. 9,00 9,01 9,02 9,03 9,04 9,05 9,06 9,07 9,08 9,09 9,10 9,11 9,12 9,13 9,14 9,15 9,16 9,17 9,18 9,19 9,20 9,21 9,22 9,23 9,24 9,25 9,26 9,27 9,28 9,29 9,30 9,31 9,32 9,33 9,34 9,35 9,36 9,37 9,38 9,39 9,40 9,41 9,42 9,43 9,44 9,45 9,46 9,47 9,48 9,49 9,50 9,51 9,52 9,53 9,54 9,55 9,56 9,57 9,58 9,59 9,60 9,61 9,62 9,63 9,64 9,65 9,66 9,67 9,68 9,69 9,70 9,71 9,72 9,73 9,74 9,75 9,76 9,77 9,78 9,79 9,80 9,81 9,82 9,83 Лаврецкий И. Р. Эрнесто Че Гевара. М., 1972.(недоступная ссылка). Датæ: 2010-æм азы 1 январы. Архив 2009-æм азы 2 январы.
  10. Че Геварайы цардафыст.
  11. 11,0 11,1 11,2 11,3 11,4 Александр Тарасов. Живые моськи лают на мертвого льва
  12. Уæлдæр паддзахадон чиновникæй
  13. Че Гевара æмæ йæ цард (уырыс.)
  14. Сауджын, хæтбардзинады фæдыл политикон змæлды архайæг
  15. Che Guevara E. Obras. 1957—1967. Vol. I—II. La Habana, 1970.
  16. Che Guevara E. Escritos y discursos. T. 1-9. La Habana, 1977.
  17. Александр Тарасов. 44 года войны ЦРУ против Че Гевары
  18. 18,0 18,1 В. Н. Миронов Человек с подошвами из ветра. Феномен Эрнесто Че Гевары: трагедия и триумф Архивгонд æрцыдис 24 июлы 2009 азы. Опубликовано в НГ-ExLibris от 18.08.2005