Хосе де ла Серна

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хосе де ла Серна
Раздæр чи уыд Хоакин де ла Песуэла
Фæстæдæр нæй
Райгуырдис 1770-æм азы 28 июлы(1770-07-28)[1][2][3][…]
Амардис 1832-æм азы 6 июлы(1832-07-06)[2][5][4] (61 азы)
Дин католицизм
Къухæрфыст Изображение автографа
Хуындад генерал-капитан[d][6]
Командæ кодта Перуйы къароладон арми[d]
Тохтæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Хосе де ла Серна (исп. José de la Serna e Hinojosa; 1770, Херес-де-ла-Фронтерæ — 1833, Кадис) — Испанийы инæлар, колониалон чиновник. Перуйы фæстаг вице-къаролтæй иу.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Æфсадмæ Хосе де ла Серна бахаудис хæрз æрыгонæй, курсант уæвгæйæ. Архайдта Сеутæ мавртæй бахъахъхъæныныл 1784-æм азы. Фестæдæр хæцыдис францæгтимæ Каталонийы 1795-æм азы, стæй англисæгты ныхмæ адмирал Хосе де Массадойы æфсады 1797-æм азы. Архайдта Сарагосæйы хъахъхъæды, уым бахаудис Францы æфсæдты къухмæ æмæ ласт æрцыдис Францмæ. Фæстæдæр уырдыгæй алыгъдис æмæ Швейцарийы уылты араст Хурыскæсæнмæ, уырдыгæй та æрыздæхтис Испанимæ.

1816-æм азы де ла Серна райста инæлар-майоры цин æмæ æвæрд æрцыд Испанийы Перуйы æфсæдты сæргълæууæгæй, цæмæй растджыты басæтта. Æрцыдис Кальяомæ 22 сентябры 1816 азы æмæ уайтагъд араст ис Альто Перумæ (ныр Боливимæ хауы), æфсæдты сæр та æрлæууыдис 1816 азы 12 ноябры, æмæ сæ хъуамæ вице-къарол Хоакин де ла Песуэлайы ныхасмæ гæсгæ акодтаид Аргентинæйы провинци Тукуманмæ, фæлæ ууыл не сразы ис, æфсады тыхтæ æгæр лæмæгъ сты, зæгъгæ, уый охыл.

Уый фæстæ æмæ ма къорд быцæуы фæстæ де ла Сернайы æмæ вице-къарол де ла Песуэлæйы ахастытæ бынтондæр фехæлдысты, æмæ де ла Серна сфæнд кодта службæйæ ацæуын æмæ ракуырда вицæ-къаролæй Испанимæ ацæуыны бар. Де ла Пэсуæлæ сразы ис 1819 азы майы, сентябры та æфсæдтæ радта инæлар Хосе Кантересæн.

Де ла Сернæйæн вицæ-къаролы зæххыты сæйраг сахар Лимæйы уыдис бирæ фарслæуджытæ. Уый бæлвырд базыдта Лимæмæ куы ’рцыд, цæмæй Испанимæ аленк кæна. Перумæ мæнæ-мæнæ хъуамæ æрбабырстаиккой Сан-Мартины æфсæдтæ æмæ де ла Сернайы фарслæуджытæ куырдтой вицæ-къаролæй, цæмæй сæвæра æфсады сæргълæууæгæй æмæ хæстон цæдисы хистæрæй, раттой йын инæлар-лейтенанты цин. Вице-къарол зын уавæры тыххæй сразы, нал бакаст уымæ æмæ кæрæдзиимæ æвзæр фидыдтой.

Сан-Мартин рахызтис 1820 азы 8 сентябры Пискойы, Испанийы æфсæдтæ, сæ сæргъы де ла Серна, афтæмæй сыстадысты сæйраг сахар хъахъхъæнынмæ.

Вице-къарол[ивын | Бындур ивын]

29 январы 1821 азы де ла Сернайы фарслæуджытæ растадысты — агуырдтой цæмæй вице-къарол ацæуа йæ бынатæй æмæ йæ ратта де ла Сернайæн. Де ла Пэсуэлæ не сразы æмæ æрцагуырдта цæмæй раст басæттой. Фæлæ де ла Серна, мæ тыхтæ къаннæг сты, зæгъгæ, уый аххосæй не сразы, æмæ изæрæй ацыдис вице-къаролы бынатæй. Фæстæдæр ацы хъуыддаг Испанийы дæр банымадтой.

Лимæмæ æрцыдис Испанийы минæвар капитан Мануель Абреу, æрласта гæххæттытæ ла Сернайæн, цæмæй фидауын бафæлвара Сан-Мартинимæ, Испанийы бамбæрстой расты æцæг ... æмæ тарстысты Америкæйы колонитæ фесæфынæй. Тæрхæттæ фидауыны фæдыл райдыдтой 1821-æм азы 3 майы æмæ цыдысты 24 июны онг. фæлæ ницæуыл баныхас кодтой, сæ бон нæ баци алыг кæнын иу фарста — растджытæ агуырдтой хæдбардзинад, Испани та разы кодта афтид уæрæх автономийыл.

25 июны та хæцын байдыдтой, куы рабæрæг ницæмæ æрцæудзысты уый фæстæ. 6 июлы та де ла Сернайы æфсæдтæ ныууагътой сæйраг сахар. Цыппар боны фæстæ растджыты æфсад бацыд Лимæмæ бынæттон цæрджытæ сыл цингæнгæйæ æмбæлыдысты, æмæ 28 июлы (ног стилмæ нымадæй) Сан-Мартин загъта Перуйы хæдбардзинады тыххæй.

Хосæ де ла Серна та ацыдис Хаухамæ, стæй Кускомæ.

24 августы де ла Серна арвыста 4000 салдаты Кальяойæн баххуыс кæнынмæ фæлæ 19 сентябры сахар ист æрцыд.

Кускойы райдыдтой быцæутæ роялистон тыхты мидæг æмæ инæлар Оланьета нал каст де ла Сернайы коммæ.

Хæст Перуйы Хæдбардзинадыл цыд йæ кæронмæ, инæлар Кантерас фæхæрд ис Хунины цур хæсты 6 августы 1824 азы Симон Боливары æфсæдтæй. Хосе де ла Сернæ рацыд Кускойæ гæрзифтонг (10000 салдаты æмæ 1600 бæхджыны) æфсадимæ, хæст самадта Антонио Хосе де Сукрейы æфсæдтимæ Аякучойы цур, æмæ фæхæрд. Йæхæдæг дæр фæцæфтæ æмæ ахст æрцыдис, йе ’фсад фæсæфта мæрддтæй 2000 цæфтæй та 3000 мины. Иннæ райсом, 9 декабры 1824 азы, инæлар Кантерас йæ къух æрæвæрдта фæхæрды гæххæттыл. Фæстæдæр Хосæ де ла Серна уагъд æрцыдис æмæ араст Испанимæ.

Цы бон хæцыд Аякучойы бын уыцы бон йын Испанийы къарол Фердинанд VII радта Хосе де ла Сернайæн граф де лос Андесы ном, де ла Серна уый базыдта æрмæст Испанимæ куы ’рыздæхтис, уæд.

Испанийы йын тæрхон скодтой, фæлæ тæрхондоны йæ архайд нымад æрцыдис растыл. Фæстæдæр сси Гранадæйы инæлар-капитан. Амард Хосе де ла Серна Кадисы 1832-æм азы.

Æндæртæ[ивын | Бындур ивын]

Хосæ де ла Сернайы цоты цотæй иу уыди Латинаг Америкæйы зындгонд революционер Эрнесто Гевара (Че Гевара)[7].

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]