Укаяли (цæугæдон)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Укаяли
исп. Ucayali
Укаяли (розæхуыз)
Укаяли (розæхуыз)
Бассейн Амазонкæ
Цæугæдæнтты бассейн Апуримак, æмæ Урубамбæ
Дæргъ 1950 км
Бассейны фæзуат 375000 км²
Доны хардз 12600 м³/с

Укая́ли (исп. Ucayali) — цæугæдон Перуйы, Амазонкæйы рахиз фæрсагдон, иуæй-иу хатт нымад фæцæуы Амазонкæйы гуырæныл.

Йæ дæргъ 1950 км, бассейны фæзуат у 375 мин км². Рауайы дыууæ фæрсагдонæй: Тамбо (гуырæны цурты Апуримак) æмæ Урубамбæйæ, сæ дыууæ дæр гуырынц астæуккаг Андты. Куы баиу вæййынц уæд ног дон кæлын райдайы Амазонкæйы дæлвæзыл.

Доны хардз нымадæй у 12600 м³/с. Наутыл цæуыны фадат дзы ис сахар Кумарийы æввæхсты. Сæйраг порт у Пукальпæ.