Шахмæттæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Шахмæтты фигурæтæ: паддзах, ферзь, пыл, ладья, бæх, пешкæ

Шахмæттæ — уæлыстъол логикон хъазт, кæцы йæхи мидæг æмиу кæны аивад, зонад æмæ спорты элементтæ. Ацы хъазт бирæ рæстæджы дæргъы нымад цыди æрмæст уæлдæр æхсæнады ирхæфсæныл (ома, уæздæтты хъазтыл). Сæвзæрди æхсæзæм æнусы Индийы æмæ-ма абоны онг дæр ахсджиаг бынат ахсы хъæзтыты ’хсæн.

Фæхъазынц дзы дыууæйæ бæлвырд уагæвæрдтæм гæсгæ. Æрвылаз æххæстгонд цæуынц бирæ æхсæнадæмон æмæ æндæр ерыстæ шахмæттæй. Бирæты цæстæнгасмæ гæсгæ шахмæттæ ахъаз сты зонды куыст, мысæн æмæ сфæлдыстадон хъуыдыйады рапарахатæн.

Шахмæтты истори[ивын | Бындур ивын]

Сæвзæрд[ивын | Бындур ивын]

Ал-Бируни йæ чиныг «Инди»-йы ныффыста рагон цымыдисаг таурæгъ. Уыцы таурæгъмæ гæсгæ шахмæттæ ’рхъуыды кодта иу индиаг брамин. Æмæ йе ’рымысты тыххæй раджайæ ’рдомдта ницæййаг мызд: йæ ног хъазты хъазæн фæйнæгыл цал бацыдаид, уал мæнæуы нæмыджы. Фыццаг чырæджы хъуамæ æвæрд æрцыдаид иу нæмыг, дыккаджы — дыууæ, æртыккаджы — цыппар æмæ а.д. Куыд рабæрæг ис, афтæмæй æнæхъæн дунейы дæр уыйбæрц мæнæу не ’рæмбырд уыдаид. Рауади дзы уыйбæрц, æмæ дзы байдзаг кæнæн уыдаид, 180 км³ бæрцуат кæмæн ис, ахæм хордон.

Ныр-ма йæ чи зæгъдзæн, уыдис уыцы хъуыддаг, æви нæ, фæлæ шахмæттæ Индийы кæй сæвзæрдысты, уый у бæлвырд.

Æхсæзæм æнусы райдианы цæгат-хурныгуылæйнаг Индийы сæвзæрди, шахмæттæм хæстæгдзинад чи дары, ахæм хъазтчатурангæ, зæгъгæ. Хуызæй хъазт уыди шахмæтты хуызæн, фæлæ сæ хицæн кодта дыууæ миниуæгæй: хъазджытæ уыдысты дыууæ нæ, фæлæ цыппар (хъазыдысты дыууæгæйттæй къай къайы ныхмæ); хъазты цыд баст уыди хъазæн хъулты æхстимæ. Алы хъазæгæн дæр дæлбариуæг кодтой фæйнæ цыппар фигурæйы (ладья, бæх, пыл, паддзах) æмæ фæйнæ цыппар пешкæйы. Бæх æмæ паддзах цыдысты шахмæтты куыд цæуынц, афтæ, фæлæ уæдыккон ладья æмæ пыл сæ нырыккон æрвадæлтæй уыдысты бирæ лæмæгъдæр. Ферзь дзы бынтон нæ уыдис. Хъазт рамбулынæн хъуыдис знаджы æфсад ныццæгъдын.

Араббаг рацарæзт[ивын | Бындур ивын]

VI-VII æнусы ног хъазт базыдтой арабб. Уыдон чатурангæйы уагæвæрд раивтой: хъазыдысты-иу дыууæйæ, дыууæ паддзахæй та иу сси ферзь, хъазæн хъултæй дæр нал пайда кодтой. Æрымысыдысты мат, куыд хъазты кæрон.

Араббаг дунейы шахмæттæ тынг рапарахат сты, 847 азы фæзынди фыццаг чиныг шахмæтты теорийы тыххæй (йæ авторы ном уыд Аль-Алли).