26 июлы змæлд

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(«26 июлы змæлд»-æй æрвыст)
26 июлы змæлды тырыса

«26 июлы змæлд» (исп. Movimiento 26 de Julio; M-26-7) уыдис революцион организаци, сарезта æмæ йæ сæргълæууæг сси Фидель Кастро 1953-æм азы, фæстæдæр 1959-æм азы раппæрста Фульхеньсио Батисты хицауад Кубæйы. «26 июлы змæлд» тох кодта Батистæйы режимы ныхмæ куыд бæсты хъæууон районты, афтæ сахарты дæр.

Номы равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Ном «26 июлы змæлд» цæуы фæсыкк уæвæг бабырст Монкады къазармæтæм — æфсæддон къазармæтæм сахар Сантьяго-де-Кубæйы, 1953-æм азы 26 июлы. Змæлд æрцыдис реорганизацигонд Мексикæйы 1955-æм азы революционерты къордæй, уыдонимæ уыдысты Фидель Кастро, Рауль Кастро, Камило Сьенфуэгос æмæ аргентинаг революционер Че Гевара. Сæ хæслæвæрд уыдис саразын организацигонд партизанон тыхтæ Батисты режим раппарынæн.

Кубæйы революцийы архайд[ивын | Бындур ивын]

1956-æм азы 2 декабры 82 адæймаджы рахызтысты Кубæйы былыл, уырдæм та бахæццæ сты Туспанæй яхтæ Гранмæйыл. Тæккæ райдианæй рахизын нæ бантыстис. Яхтæ Кубæйы территориалон дæттæм куы бацыдис Ориенты районы, уæд ууыл цæуæг бал нæма зыдта, сæ æмтохгæнджытæ сакъадахыл цы растад систой, уый уæдмæ цъистгонд æрцыдис хицауады æфсæдтæй æмæ сæм былгæрон Батистæйы салдæттæ кæй æнхæлмæ кæсынц, уый. Уый бамбаргæйæ революционерты бахъуыдис рахизын тагъдтагъдгæнгæйæ æбæрæг районы, цæугæдон Беличы донæфтæнмæ хæстæг.

Рахызты раз сцагътой националон гимн, Фидель Кастро загъта цыбыр ныхас. Уый фæстæ, чысыл къордтыл адихтæгæнгæйæ райдыдтой донмæ гæппытæ кæнын. Разæй уыдис стыр, иу 2 км дæргъмæ, цыфдзаст — мангровæйы талахъæдимæ. Иуæй-иу рæтты адæм риуы онг ныгъуылдысты цъыфы. Ноджы ма рахызты сæрмæ тагъд фæзындысты Батистæйы хæдтæхджытæ. Фæлæ сын ам цъыфдзаст феххуыс кодта: тæхджытæ бал нæ бафиппайдтой. Че Гевара-иу фæстæдæр мысыдис:

«

Нæ къæхтæ бийгæ цыдыстæм, цалынмæ нæ бахæццæ стæм сур зæхмæ, уыдыстæм аууæтты балы хуызæн, æндæргты æфсады хуызæн, цыдыстæм цыдæр æмбæхст психикон механизмы импульсмæ гæсгæ.

»

Æмбæхсæн — Сьерра-Маэстрæйы хæхтæм ма хъуыдис 40 км фылдæр, мин салдатæй фылдæр арвыста Батиста растджыты ныппырх кæнынмæ. Фæндæгтæ æрцыдысты æхгæд; алфамбылай алцыдæр æхст цыдис ныллæгтæхæг хæдтæхджытæй.

Рахызты архайджытæ адихтæ сты чысыл къордтыл, 2-3 адæймæгтыл, æмæ æххормагæй, æрдæгсуртæй, куыд фыста фæстæдæр Эрнесто Че Гевара, тухигæнгæ фæндаг арæзтой хæхты 'рдæм. 21 адæймаджы фæмардысты, бирæтæ уыдысты уацары ахст æмæ тæрхонæн лæвæрд.

Декабры кæрæтты амынд бынатмæ — хæхты сæфт Кресенсио Пересы цæрæнуатмæ бахæццæ сты афтиддæр 22 революционеры, дыууæ автоматимæ. Сæ астæу уыдысты: Фидель Кастро, Рауль Кастро, Эрнесто Че Гевара, Камило Сьенфуэгос, Рамиро Вальдес, Хуан Альмейда Боске, адон фæстæдæр Кубæйы революцион ивддзинæтты сæргъы æрлæудзысты.

Растджыты тох цадæггай райдыдта ивын æнæхъæн адæмы тохмæ режимы ныхмæ. «26 июлы змæлд» сси иумæйаг политикон организаци иууыл Кубæйы дзыллæтæн. Ацы змæлды 62 къорды архайдтой фæсарæнты, фыццаджыдæр АИШ-ы, астæуккаг Америкæйы æмæ Карибы бассæйны бæстæты. Æмбырд кодтой æхца, æлхæдтой хæцæнгарз æмæ адæмæн æмбарын кодтой революцийы нысантæ æмæ хæслæвæрдтæ.

Тох фæцис 1959-æм азы январы, растджыты æфсæдтæ 1 январы куы бацахстой Сантьяго, стæй ныгуылæны та Че Геварайы къорд бацыдысты сахар Санта-Кларæмæ. Æхсæвы Батиста фæлыгъдис Доминиканæйы Республикæмæ. 2 январы растджыты балтæ бахæццæ сты Гаванæмæ 6 январы та сæйраг сахармæ кадджынæй æрбацыдис Фидель Кастро.

1959-æм азы фæстæ[ивын | Бындур ивын]

Историон музей Сьенфуэгосы

Кубæйы хицауиуæг Фидельмæ куы æрхаудта уæд «26 июлы змæлд» баиу ис Адæмон-социалистон партиимæ æмæ «13 мартъийы революцион директоратимæ». Афтæ æрцыдис арæзт «Социалистон Кубæйы революцион иугонд парти», уый 1965-æм азты рацарæзтой Кубæйы коммунистон партимæ (исп. Partido Comunista de Cuba).

«26 июлы змæлд»-ы тырыса ныр дæр ма у Кубæйы революцийы символ. Ацы тырысаимæ уæлхуыдтæ дарынц сæ уæхсчытыл Кубæйы æфсæддонтæ.

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]