Буэнос-Айрес

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сахар
Буэнос-Айрес
исп. Buenos Aires
Тырыса Герб
Тырыса Герб
34°35′59″ ю. ш. 58°22′55″ з. д.HGЯO
Паддзахад Аргентинæ Аргентинæ
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1580-æм азы 11 июны[1]
Фыццаг кой 1536
Сахар кæдæй 1580
Фæзуат 203 км²
Сахатон таг UTC−3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +54 011
Посты индекс C1000-14xx
buenosaires.gob.ar(исп.)
Буэнос-Айрес (Аргентинæ)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Буэ́нос-А́йрес (исп. Buenos Aires нысан кæны «хорз уæлдæфтæ» кæнæ «хорз дымгæтæ») у Аргентинæйы сæйраг сахар, уый у Хуссар Америкæйы стырдæр сахартæй иу, бæстæйы ахсджиаг культурон æмæ экономикон центр.

Буэнос-Айрес æрбынат кодта Аргентинæйы скæсæны, Рио-де-ла-Платæйы эстуарийы ныгуылæн былгæрон. Сахарæн йæ ныры ном у йæ раздæры номы цыбыргонд верси — XVII æнусы онг йæ ном уыдис Ciudad de la Santísima Trinidad y Puerto de Nuestra Señora de Santa María de los Buenos Aires, ома «Æппæты сыгъдæг Æртæиууоны сахар æмæ хорз уæлдæфты сыгъдæг Мады Майрæмы порт».

Аргентинæйæгтæ сæ сæйраг сахар хонынц «бирæ нæмтты сахар». Арæх æй хонынц «Капиталь федераль» (Capital Federal «Федерацийы сæйраг сахар»), дзургæ-дзурын ма пайда кæнынц цыбыргонд номæй Байрес, зæгъгæ. Аргентинæй сæйраг сахары чи цæры, уыдоны хонынц «портеньос» (исп. porteños), ома «порты цæрджытæ».

Буэнос-Айресы бындур-иу сæвæрдтой дыууæ хатты. Фыццаг хатт сахар рæзын байдыдта 1536-æм азы Педро де Мендосайы хъæппæрисæй, фæлæ 1541-æм азы индейæгтæ йæм бабырстой æмæ йæ басыгътой. 1580-æм азы сахар уыцы иу бынат ногæй æрфидар и. Уæды рæстæг уыцы зæххытæ хаудысты Испайнаг империйы Перуйы вице-къаролады скондмæ, æрмæст 1776-æм азы уый сси ног Рио-де-ла-Платæйы вице-къаролады сæйраг сахар.

1806-æм азы сахар байстой æмæ дзы цалдæр мæйы дæргъы аззадысты бритайнаг æфсæддонтæ. 1810-æм азы Буэнос-Айресы цыдис Мæйы революци, испайнаг хицауы аппæрстой æмæ ног хиуынаффæйадон оргæн сарæзтой — афтæ хуынд Фыццаг хунтæ, Аргентинæйы фыццаг националон хицауад.

XX æнусы райдиан Буэнос-Айрес сси Хуссар Америкæмæ эмиграцийы сæйрагдæр нысантæй иу. Адæм гуылф кодтой Аргентинæйы цæрынмæ, уыдонæй бирæ баззадысты Буэнос-Айресы сахары æмæ йæ алфамбылай чысылдæр цæрæнрæтты. 1913-æм азы байгом и метро, Хуссар Америкæйы фыццаг ахæм транспортон системæ.

Аргентинæйы хицауад кусы Буэнос-Айресы. Буэнос-Айресы сахар йе ’мном провинцийы сконды нæу, хъæуы сæ хицæн кæнын. У 24 провинциты федерацийы сæйраг сахар. 1994-æм азæй сахарæн ис хиуынаффæйады бар, цæрджытæ равзарынц сахары сæргълæууæджы.

2010-æм азы сфыстмæ гæсгæ Буэнос-Айресы сахары цæрынц 2 891 082 адæймаджы, афтæ хуынд Стыр Буэнос-Айресы мегаполисы та — 12 милуанæй фылдæр. Уымæй у Аргентинæйы стырдæр æмæ Хуссар Америкæйы 8-æм стырдæр сахар.

Æхсæнадæмон рейтинг GaWC-мæ гæсгæ Буэнос-Айрес у Альфæ-сахарты ’хсæн — Амстердам, Мæскуы æмæ Брюсселы æмрæнхъ[3][4].

Цæрджытæ[ивын | Бындур ивын]

Æрмæстдæр бурбын хай у Буэнос-Айресы автономон сахар, цъæх æмæ розæхуыз сты аггломерацийы иннæ хæйттæ (Стыр Буэнос-Айрес æмæ Ла-Платæ)

Стыр Буэнос-Айресы мегаполисы цæрынц 12,6 милуан адæймаджы. Уыдонæй сæ фылдæр сты испайнаг, италиаг æмæ францаг равзæрды адæм. Сахары ис араббах, дзуттаг, сомихаг, япойнаг æмæ иннæ æхсæнæдтæ дæр. Ныртæккæ кусынмæ чи æрбацæуы сахармæ, уыдон сты Аргентинæйы алы провинцийæ æмæ сыхагон бæстæтæй — уæлдайдæр Парагвай æмæ Боливийæ.

Кæддæры европæйаг эмигранттæн се ’взæгтæ рох сты, уыдонæй фылдæр дыккаг-æртыккаг фæлтары æрмæстдæр испайнагау дзурынц, фæлæ бæстæйы испайнаг æвдисы италиаг тæваджы миниуджытæ.

Дин[ивын | Бындур ивын]

Сахары уырнджытæй фылдæр хай сты католиктæ, ис ма дзы пысылмæттæ, рæстуырнæг чырыстæттæ, фæлæ диныл хаст адæм бирæ не сты, либералон царды уаджы фæрцы. Буэнос-Айресы кусы рæстуырнæг Сыгъдæг Æртæиууоны аргъуан (æнæканонон еклезийы дæлбар)[5][6], Сæрибары синагогæ, Уырыссаг рæстуырнæг еклезийы Аргентинаг æмæ Хуссар Америкæйы епархи кусы Буэнос-Айресæй.

Аргентинæйы дзуттаг æхсæнад у Америкæйы æрытккаг стырдæр (АИШ æмæ Канадæйы фæстæ), у æппæт цæрджытæй 0,5% бæрц, уыдонæй фылдæр хай — 165 мин адæймаджы — цæрынц Буэнос-Айресы сахары[7][8]. Ис цалдæр синагогæйы æмæ культурон центры. 1994-æм азы 18 июлы террористтæ срæмыгътой дзуттаг центр AMIA, уыцы теракты фæмардысты 85 адæймаджы.

Буэнос-Айресы пысылмон дины æртæ артдзæсты сты Къарол Фахды номыл пысылмон культурон центр (байгом и 2000-æм азы), Аргентинæйы пысылмон центр æмæ Аргентинæйы пысылмон организаци[9].

Экономикæ[ивын | Бындур ивын]

Буэнос-Айресы сахар у бæстæйы ахсджиагдæр порт, Аргентинæйы импорты 70% цæуы уый ууылты. Уый у бæстæйы финансон-индустрион центр дæр. Сахары кусын машинæаразæг, рог æмæ полиграфион индустрийы куыстуæттæ. Рæзы туризм, фылдæр кæны уазæгдæтты нымæц.

Сахары бюджет у 6 млрд доллæры бæрц. Бюджеты 26% æрвыст цæуынц ахуырадмæ, 22% — æнæниз хъахъхъæнынмæ, 17% — паддзахадон лæггæдтæм æмæ инфраструктурæмæ[10].

Машинæаразæг индустрийы куыстуæтты ’хсæн ис хæдтулгæ уадзæг заводтæ — Ford, Chrysler, Toyota, Peugeot æмæ æндæртæ, хъæууон хæдзарадон техникæ уадзæг заводтæ æмæ иннæтæ. Аргентинæ цы хæринæгтæ рæзын кæны, уыдон ракæнынц, райсынц сæ ссад, крахмал, сæн, зети, иннæ хойрæгтæ. Сахары порты аразынц ног наутæ.

Буэнос-Айресы цæуы арæзтад, аразынц ног цæрæн хæдзæрттæ.

Транспорт[ивын | Бындур ивын]

Сахары кусынц автобусы 135 маршруты. Метройы системæ рæзы, ис дзы æхсæз хаххы, уыдонæй дæргъвæтиндæр у 11,8 км. 2012-æм азы онг куыста трамвай дæр. Сахары ис авд æхсæнвæндаджы вакзалы, æхсæнвæндагæй пайда кæнынц сахары мидæг цæуынæн дæр. Ис велосипедон фæндæгты хызæг дæр.

Пуэрто-Мадейройы сых æхсæвыгон

Кæс ноджы[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. RESOL-2020-409-APN-MSG
  2. https://www.indec.gob.ar/ftp/cuadros/poblacion/cnphv2022_resultados_provisionales.pdf
  3. The World According to GaWC 2012(англ.) (13 January 2014). Датæ: 2014-æм азы 13 апрелы. Архив 2016-æм азы 5 мартъийы.
  4. Bart van Poll. Alpha, Beta and Gamma cities (updated 2013)(англ.). Spotted by Locals (8 March 2013). Датæ: 2014-æм азы 13 апрелы. Архив 2015-æм азы 10 апрелы.
  5. Русский храм в Буэнос-Айресе: К столетию со времени освящения. http://zarubezhje.narod.ru.+Датæ: 2012-æм азы 2 июны. Архив 2010-æм азы 13 ноябры.
  6. Buenos Aires Argentina Temple(англ.). http://www.ldschurchtemples.com.+Датæ: 2012-æм азы 2 июны. Архив 2012-æм азы 16 октябры.
  7. World Jewish Population(англ.). www.simpletoremember.com. Датæ: 2012-æм азы 2 июны. Архив 2013-æм азы 9 мартъийы.
  8. Metropolitan Areas with Largest Core Jewish Populations, 1/1/2010(англ.). www.jewishdatabank.org. Датæ: 2012-æм азы 2 июны. Архив 2013-æм азы 9 мартъийы.
  9. Se inaugura la mezquita más grande de Sudamérica(исп.). clarin. Датæ: 2012-æм азы 2 июны. Архив 2013-æм азы 26 февралы.
  10. Presupuesto 2011(исп.). http://estatico.buenosaires.gov.ar.+Датæ: 2011-æм азы 25 февралы. Архив 2012-æм азы 23 октябры.