Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сахар
|
Богота́ (исп. Bogotá) у Колумбийы сæйраг сахар, департамент Кундинамаркæйы административон центр æмæ бæстæйы стырдæр сахар. Цæрынц дзы 6,7 милуан адæймаджы.
Богота лæууы Скæсæйнаг Кордильерæйы ныгуылæн фахсыл, денджызы æмвæзæй 2610 метры уæлдæр. Сахары бындæр сæвæрдæуы 1538 азы чысыл цæугæдоны былгæрон, фæлæ уыцы дон ныртæккæ фенæн нæй — хæтæлтæм æй бакодтой. Кæд Богота у экватормæ хæстæг, тæвд боныхъæд дзы никуы вæййы. Хæххон сахар у, æмæ уый тыххæй йæ растæмбис температурæ у +15 °C хъарм. Иуæй-иу хатт дзы мит дæр рауары. Æппæты ныллæгдæр температурæ уыд -4 °C.
Cамуэль Морено Рохас, сахары мэр (2008-2011)