Мигель де Сервантес
Мигель де Сервантес Сааведра | |
---|---|
исп. Miguel de Cervantes Saavedra[1] | |
Райгуырды датæ | ≈ 1547-æм азы 29 сентябры[2][3][…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1616-æм азы 22 апрелы[2][3][…] (68 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Ахуырад | |
Архайды хуыз | романист, новеллист, драматург, поэт, салдат |
Жанр | поэзи, трагеди[d] æмæ комеди[d] |
Уацмысты æвзаг | астæузаманы испайнаг æвзаг[d] |
Автограф | |
Викикъæбицы медиа |
Мигель де Сервантес Сааведра (испайнагау Miguel de Cervantes Saavedra; райгуырдис 1547 азы 29 сентябры Алькала-де-Энаресы, амардис 1616 азы 23 апрелы Мадриды) уыдис испайнаг фыссæг. Йæ зындгондæр уацмыс у «Цыргъзонд идальго Ламанчаг Дон Кихот».
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Сервантес райгуырди 1547 азы сахар Алькала-де-Энаресы (Кастили, Испани). Йæ рагон уæздан мыггаджы цардæгас ма уыдысты рыцарьты таурæгътæ æмæ фыдæлты номхæссæн сгуыхтыты тыххæй радзырдтæ.
Йæ фыд Родриго де Сервантес уыди хирург. Бинонтæ мæгуыр кæй уыдысты, уый тыххæй суинаг фыссæг райста кадавар ахуыр, фæлæ сывæллоны бонтæй фæцалх чингуытæ кæсыныл, уæлдайдæр æмдзæвгæтæ, уыимæ ма йæм сæвзæрди æфсæддон цардмæ тæлæн. 1571-æм азы, Испани æмæ Турчы ’хсæн хæст йæ тынгыл куы уыди, уæд Сервантес бацыди Дон-Хуан Австриаджы æфсадмæ службæ кæнынмæ. Лепанты хæстæмбæлды архайгæйæ, йæхи равдыста æхсарджын хæстонæй, æмæ цыппар хатты фæцæф ис.
Туркаг уацар
[ивын | Бындур ивын]Æнæхъæн зымæг Мессины рынчындоны фæсади, стæй ацыди, испайнæгтæн бирæ фыдæбæттæ чи ’рхаста, уыцы туниссаг стæры. Уырдыгæй раздæхти цæттæ политикон цæстæнгас æмæ зондахастимæ, æмæ араст и ног стæры — Алжирмæ. Фæндагыл йæ туркæгтæ уацары бакодтой æмæ афтæмæй бахауди Алжирмæ. Уым æндæр уацайраг испайнæгтимæ бавзæрста бирæ фыдæбæттæ. Алжиры уæвгæйæ, Сервантес йе ’ппæт хъарутæй архайдта йе ’мзæххонты ’хсæн сæ фыдыбæстæмæ уарзондзинад цырын кæныныл, стæй ссæрибар кæныны пълантæ аразыныл. Уыцы архайды фæрцы уацайраг испайнæгты ’хсæн Сервантес сси тæккæ популярондæр æмæ дзырддзæугæдæр адæймаг, фæлæ уыйхыгъд сæ пысылмон хицæуттæ йæм æнувыддæрæй райдыдтой хъус дарын. Уыдон дзæбæх æмбæрстой сæ уацайрагæн цавæр ахадындзинад ис, æмæ сæ зæрдæ дардтой йе ссæрибар кæнынæн сын бирæ æхца кæй бафиддзысты. Кæй къухы бахауди, уыдоны ’рдыгæй йæм цырддзаст хъусдард кæй уыди, уый фæрцы йе ’ппæт пълантæ æмæ фæндтæ фæсыкк-иу сты. Арæх мæлæтмæ ма йæ æрдуйы бæрц хъуыди. Афтæмæй фæцарди суанг 1580-æм азмæ, цалынмæ йæ иу моладзан, къупецæгтæй æхца сæмбырдгæнгæйæ, не ссæрибар кодта, уæдмæ.
Иннæ æртæ азы Сервантес ноджы архайдта стæрты (Португалийы), фæлæ йæ æфсæддон куыст фæлмæцын кæнын райдыдта, æмæ службæйæ бынтон рацыди. Афтæмæй йын цæмæй цæра, уый нæ уыди.
Литературон архайд
[ивын | Бындур ивын]Æфсæддон службæйæ куы суæгъд, уæд райдыдта йæ литературон куыст. Йæ фыццаг уацмыс — пастораль «Галатея»-йы фæстæ ныффыста бирæ драмон пьесæтæ, фæлæ сæм уыйбæрц кæсæг нæ фæци, уымæн æмæ уæды рæстæг театрдзаутæ фылдæр хъус дардтой, Сервантесы загъдау, «католикон паддзахад йæхи чи бакодта», уыцы Лопе де Вегæйы сфæлдыстадмæ.
1584-æм азы 37-аздзыд Сервантес ракуырдта 19-аздзыд Каталинæ де Паласиосы. Фæлæ сæ иумæйаг цард нæ фæрæстмæ — бирæ азты дæргъы лæг фæцарди йæ усæй дард. Фыссæджы иунæг хъæбул — Исабель де Сааведра — райгуырди йын къайад æддæ.
Цæрæн фæрæзтæ самал кæнынмæ «Дон Кихот»-ы фидæны автор 1585-æм азы бацыди интендантты службæмæ, æмæ йын бабар кодтой Испанийы æфсад — «Æнæбасæтгæ Армадæ»-йæн провиант æлхæнын. Уыцы хæстæ æххæст кæнгæйæ, Сервантес бирæ зиантæ бавзæрста, æмæ ныллæууыди ног бынаты — райдыдта æлхæнын провиант индиаг флотæн, фæлæ сæудæджеры курдиат йæм кæй нæ уыди, стæй хъуыддагæнувыд кæй нæ разынди, уыйадыл ам дæр бæллæхтæ бавзæрста, суанг ма йæ тæрхондонмæ радтой, æмæ цасдæр рæстæг ахæстоны фæбадти. Уыцы азты фыссæг бирæ хъуæгтæ баййæфта.
Фæлæ уæддæр, утæппæт цаутæм нæ кæсгæйæ, уый нæ уагъта йæ фыссыны куыст, кæд мыхуыры уал ницы уагъта, уæддæр. Йæ рахау-бахаутæ йын фесты, испайнаг цард йын алывæрсыгæй чи равдыста æмæ йын йæ фидæны куыстæн хъæздыг æрмæг чи бацæттæ кодта, ахæм фæрæз.
1598-æм азæй 1603-æм азмæ Сервантес цы цард кодта, уыдæтты тыххæй биографтæм ницы бæрæг ис. 1603-æм азы фыссæг разынди сахар Вальядолиды. Уым кодта, чысыл æфтиаг кæмæй иста, ахæм лыстæг хъуыддæгтæ. 1604-æм азы та мыхуыры рацыди, Испани æмæ фæсарæнты чиныгкæсджытæ егъау аргъ кæмæн скодтой, уыцы роман «Дон Кихот»-ы фыццаг том. Цалдæр къуырийы æмгъуыдмæ Испанийы æххæстæй æлхæд æрцыди 1-аг рауагъды тираж, стæй ма уыцы аз цыппар рауагъды тиражтæ. Фæлæ уæддæр чиныджы рацыд авторы материалон уавæр нæ фæхуыздæр кодта.
Уæдæй фæстæмæ, суанг йæ амæлæты бонмæ, Сервантес нæ ныууагъта йæ литературон куыст: 1604-æм æмæ 1616-æм азты ’хсæн мыхуыры рацыди «Дон Кихоты» дыккаг хай, йе ’ппæт новеллæтæ, бирæ драмон уацмыстæ, поэмæ «Парнасмæ балц» æмæ ныффыста, йæ амæлæты фæстæ бонырухс чи федта, уыцы роман «Персилес æмæ Сигизмондæ».
Сервантес суанг йæ амæлæны бонмæ нæ ныууагъта йæ фыссыны куыст. Йæ мæлæтмæ ма цалдæр боны уыди, афтæ фыссæг сси моладзан. 1616-æм азы 23-æм апрелы фыссæг амарди доннизæй.
Характер
[ивын | Бындур ивын]Сервантесы тæккæ хуыздæр биограф Шаль радта фыссæгæн ахæм характеристикæ: «Рог æмæ сæнтты цæуаг поэт уæвгæйæ, уымæн нæ фаг кодта æрвылбоны хъуыддæгты чи хъæуы, ахæм арæхстдзинад. Уый ницы самал кодта нæдæр йæ хæстон балцытæй, нæдæр йæ уацмыстæй».
Сервантес амарди Мадриды. Уырдæм æрцыди Вальядолидæй йæ мæлæты бонæй чысыл раздæр. Бирæ азты дæргъы йæ ингæны бынат уыди æбæрæг, уымæн æмæ йæ цыртыл фыст ницы уыди. Цыртдзæвæн йын сæвæрдтой æрмæст 1835 азы æмæ йæ пьедесталыл ныффыстæуыд латинагау: «Сервантес Сааведра Михаилæн, испайнаг поэтты паддзахæн».
Йæ дунеон ахадындзинад æнцайы фыццаджыдæр йæ роман «Дон Кихот»-ыл. Уыцы уацмысы йæ бирæхуызон æмæ бирæвæрсыг гений йæхи æххæстæй равдыста. Сервантес роман ныффыссын куы сфæнд кодта, уæд йæ зæрды уыди, уæды рæстæг тынг чи сбирæ, уыцы рыцарон романтыл сатирæ саразын. Уый тыххæй ма бæлвырдæй фыссы «Пролог»-ы. Фæлæ куыдфæстæмæ, фыссæг (чи зоны, йæхæдæг æххæст не ’мбæрста, афтæмæй) сатирæйæ рахызти адæймаджы зæрдахасты арф психологион анализмæ.
Цыбырæй уацмысы мидис у ахæм: идальго Алонсо Киханæйы, рыцарьты тыххæй чингуытæ парахатæй бакæсгæйæ, бауырныдта, цы фыст дзы ис, уыдон сеппæт дæр æцæгдзинад кæй у, æмæ йæ æрфæндыди цæугæцардгæнæг рыцарь суæвын. Йæхи схуыдта Дон Кихот Ламанчаг, зæхкусæг Санчо Пансæйæ скодта йæхицæн хотыхдар, æмæ афтæмæй араст ис сгуыхтагур.
Тæлмац
[ивын | Бындур ивын]Хъыгагæн, Сервантесы æнæмæлгæ роман ирон æвзагмæ тæлмацгонд нæма ’рцыдис.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ https://www.cervantesvirtual.com/descargaPdf/d-alberto-rodrguez-de-lista-0/
- ↑ 2,0 2,1 autori vari Enciclopedia Treccani (итал.) — Istituto dell'Enciclopedia Italiana, 1929.
- ↑ 3,0 3,1 3,2 http://web.archive.org/web/20170324033852/http://jeugdliteratuur.org/auteurs/miguel-de-cervantes-saavedra
- ↑ Notable Names Database (англ.) — 2002.
- ↑ Deutsche Nationalbibliothek Иумæйаг нормативон контроль (GND) (нем.) — 2012—2016.