Футбол

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Къахпорти-æй æрвыст)
Размæбырсæг хъазæг (10-æм номыр) хъавы пурти дуармæ бакъуырын
Футболон пурти

Футбол (къахпорти дæр) у дыууæ командæйы æхсæн хъазгæ спорт. Хъазт цæуы дыууæ дуаримæ кæрдæг быдырыл, пуртийæ. Пурти дуæрттæм фылдæр хатт кæцы командæ бакъуыры, уыцы командæ рамбулы. XXI æнусы райдианмæ гæсгæ, футболæй хъазы 250 миллион адæймагмæ æввахс, æмæ уымæй у æппæты популярондæр спорт.

Этимологи[ивын | Бындур ивын]

Футболы ном ирон æвзагмæ бацыд уырыссаг æвзагæй, уырдæм та англисаг æвзагæй. Англисаг æвзаджы хуыйны football, æмæ уый у арæзт дыууæ англисаг ныхасæй, foot æмæ ball-æй, кæдон нысан кæнынц фад æмæ пурти.

Зынгæ ирон футболисттæ[ивын | Бындур ивын]