Перейти к содержанию

Ирон æвзаг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Ирон ӕвзаг-æй æрвыст)
Ирон æвзаг
Бæстæтæ Уæрæсе, Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон, Турк
Официалон статус

Хуссар Ирыстон Хуссар Ирыстон

Дзурджыты нымæц
Классификаци
Категори Евразийы æвзæгтæ
Индоевропæйаг æвзæгтæ
Индоирайнаг æвзæгтæ
Ирайнаг æвзæгтæ
Скæсæн ирайнаг æвзæгтæ
Ирон æвзаг
Ирон диалект
Дыгурон диалект
Фыссынад кириллон алфавит
Æвзаджы кодтæ
ISO 639-1 os
ISO 639-2 oss
ISO 639-3 oss
ГОСТ 7.75–97 ост 524
WALS oss
Atlas of the World’s Languages in Danger 1066
Ethnologue oss
IETF os
Glottolog osse1243 æмæ osse1245
Википеди ацы æвзагыл

Ирон æвзаг (ирон диалект + дыгурон диалект) у ирæтты æвзаг, Цæгат Ирыстон æмæ Хуссар Ирыстоны официалон æвзаг. Иронау дзурджыты нымæц у 500 мин адæймагмæ ’ввахс (Уæрæсейы 488 мины), уыдонæй Цæгат Ирыстоны — 300—350 мин адæймагмæ ’ввахс. 2010-æм азы æппæтуæрæсеон сфыстмæ гæсгæ, Уæрæсейы иронау дзуры 8582 уырыссаджы, 2454 гуырдзиаджы, 1368 сомихаджы, 664 кæсгоны æмæ 320 мæхъхъæлоны[2].

Иннæ æвзæгтимæ абарст

[ивын | Бындур ивын]

Нырыккон ирон æвзагæн ис æнгæсдзинад рагон ирайнаг æвзæгтимæ: рагон персайнагимæ, авестæйагимæ æмæ санскритимæ. Уый амоны ирæтты фыдæлтæ иннæ ирайнаг адæмтæй сæ цард раджы заман кæй фæхицæн кодтой.

Кæд ирон æвзаг у ирайнаг, фæлæ уæддæр иннæ ирайнаг æвзагтæм хæстæг нал у. Ирæттæ не ’мбарынц, зæгъæм, персайнаг кæнæ пуштуйаг ныхас. Иухуызон баззадысты нымæцонтæ, иуæй-иу дзырдтæ, грамматикæйы категоритæй фылдæр хай та фендæрхуызон и. Фæлæ ирон æвзагæн æппæтæй хæстæг у ягнобаг æвзаг, чи æвзæры рагон согдиаг диалекттæй. Ягнобаг æмæ ирон æвзæгтæ сты фæстæг цæрæг цæгат-скæсæйнаг ирайнаг æвзæгтæ.

Зæгъæм, таджикагау «бæрзонд хох» у кӯҳи баландномдар миногоны раз лæууы, ис æм изафеты категори дæр (кæрон ). Фæлæ миногоны барæн бæрц ирон æвзаджы æнгæс у: бæрзонддæр хох — кӯҳи баландтар.

Лексикæ абарынæн кæс мæнæ ахæм таблицæмæ:

иронау мæй нæуæг мад хо æхсæв фындз æртæ сау сырх бур цъæх бирæгъ
Æндæр индоевропæйаг æвзæгтæ
персайнагау māh nou̯ mādar xͮāhar šab bīnī se siyāh sorx zard sabz gorg
урду māh / māheena nayā mā / walda behn rāt nāk tīn siah / kālā surkh / lāl pīlā sabz / harā bheyrya
пушту myāsht nəvay mōr khōr shpa pōza dre tōr sur zhaṛ shin lewa
таджикагау моҳ
(mōh)
нав
(nau̯)
модар
(mōdar)
хоҳар
(xͮōhar)
шаб
(šab)
бинӣ
(bīnī)
се
(se)
сиёҳ
(siyōh)
сурх
(surx)
зард
(zard)
сабз
(sabz)
гург
(gurg)
хинди mās nayā mātā bahin rāt nāk tīn kālā / shyam lāl pīlā harā bik
англисагау month new mother sister night nose three black red yellow green wolf
немыцагау Monat neu Mutter Schwester Nacht Nase drei schwarz rot gelb grün Wolf
латинагау mēnsis novus māter soror nox nasus trēs āter, niger ruber flāvus, gilvus viridis lupus
францагау mois nouveau mère sœur nuit nez trois noir rouge jaune vert loup
италиагау mese nuovo madre sorella notte naso tre nero rosso giallo verde lupo
испайнагау mes nuevo madre hermana noche nariz tres negro rojo amarillo verde lobo
каталайнагау mes nou mare germana nit nas tres negre roig / vermell groc verd llop
румынагау luna nou/noi mamă soră noapte nas trei negru roşu galben verde lup
грекъагау μήνας
minas
νέος
neos
μητέρα
mitera
αδελφή
adhelfi
νύχτα
nihta
μύτη
miti
τρία
tria
μαύρος
mavros
κόκκινος
kokkinos
κίτρινος
kitrinos
πράσσινος
prassinos
λύκος
likos
литовагау mėnuo naujas motina sesuo naktis nosis trys juoda raudona geltona žalias vilkas
болгайрагау месец
mesets
нов
nov
майка
maika
сестра
sestra
нощ
nosht
нос
nos
три
tri
черен
cheren
червен
cherven
жълт
zhălt
зелен
zelen
вълк
vălk
уырыссагау месяц новый мать сестра ночь нос три чёрный красный жёлтый зелёный волк
сербагау месец нов мајка сестра ноћ нос три црн црвен жут зелен вук

Фыссынад

[ивын | Бындур ивын]
Фыццаг ирон чиныджы къам
Ирон текст латинаг дамгъæтæй фыст. Скъуыддзаг 1935-æм азы уагъд чиныгæй ирон фольклоры тыххæй
Ирон текст гуырдзиаг дамгъæтæй, 1940-æм азы уагъд чиныгæй. Ахæм фыссынадæй фæпайда чындæуыд Хуссар Ирыстоны 1938—1953 азты

XIX æнусы кæй ссардæуыд, уыцы Зеленчукы дурыл фыст у рагон ирон фыссынады фыццаг æвдисæйнаг. Фыццаг мыхуыргонд чиныг рауагъта Синоды типографи Мæскуыйы 1798-æм азы.

Фæстæдæр ирон мыхуыры цы фыссынад ныффидар, уый у уæрæйсейаг филолог Андреас Шёгрены конд. Уымæй ныммыхуыр кодтой Евангелийы фыццаг тæлмац[3], стæй аив литературæйы фыццаг фæлварæнтæ дæр.

192338 азты ирон фыссынад (æндæр адæмты фыссынады хуызæн) раивын кодтой латинаг алфавитмæ. Æппæтдунеон революцийы идейæ куы къаддæр популярон сси, уæд 1938 азы фæстæмæ йæ раивтой кириллон фыссынадмæ (Хуссар Ирыстоны та — гуырдзиаг алфавиты бындурыл фыссынадмæ[4]). 1954-æм азы Хуссары дæр фыссын æмæ мыхуыр кæнын райдыдтой æппæтирон кириллион алфавитæй.

Кæс Ирон алфавит, Фыццаг мыхуыргонд чиныг иронау.

Грамматикæ

[ивын | Бындур ивын]

Фонологи

[ивын | Бындур ивын]

Морфологи

[ивын | Бындур ивын]

Синтаксис

[ивын | Бындур ивын]

Диалекттæ

[ивын | Бындур ивын]

Ирон æвзаджы ис дыууæ диалекты — ирон æмæ дыгурон (дигорон). Дыгурæттæ цæрынц Æрæфы æмæ Дыгуры районты, стæй Мæздæджы районы иуæй-иу хъæуы æмæ республикæйы сæйраг сахар Дзæуджыхъæуы.

Ирон литературон æвзаг

[ивын | Бындур ивын]

Æндæр статьятæ

[ивын | Бындур ивын]

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]