Чысайнаг ныхасыздæхт
Внешний вид
Чысайнаг ныхасыздæхт (уырыс. чсанский / ксанский говор) у ирон диалекты ныхасыздæхт.
Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы æмæ Цхинвалы районæн йæ иу хайы, цæры ирон адæмы субэтнос — чысан. Уыдон дзурынц сæхи ныхасыздæхтыл æмæ ахсынц цыппар комы: Чысангом, Лехурагом, Медзыдагом æмæ Чысыл Леуахигом. Скæсæнырдыгæй чысайнаг ныхасыздæхтæн йæ территори æмарæн у Хъуды ком, Арагуийы ком æмæ Базалетимæ. Ныгуылæнырдыгæй чысайнаг ныхасыздæхты ареал къуыдайраг ныхасыздæхты ареалæй хицæн кæны Присы рагъ. Ацы рагъæн йе скæсæнырдыгæй дæр ма ис къуыдайраг хъæутæ, зæгъæм, Сарабукъ. Фæлæ Уанат-Ередæй фалæмæ дзурынц æхсæйнаг ныхасыздæхтыл, æмæ ацы ныхасыздæхт хауы чысайнаг ареалмæ.[1]
Нырыккон орфографи | Рагон туаллаг ныхасыздæхт (XIX æнусы онг) | Къуыдайраг-туаллаг | Алагираг (XX æнусы онг) | Урс-туаллаг (рукъаг)æмæ чысайнаг | Куырттатаг | Туаллаг (XX æнусы онг) |
---|---|---|---|---|---|---|
Салам | Салам | Салам | Шалам | Салам | Шалам | Салам |
Кусынц | Кусынч | Кусынч | Кушынц | Кусынц | Кушынс | Кусынц |
Чызджы цæстытæ | Кызгы чæстытæ | Чызджы шæстытæ | Чызджы цæштытæ | Чызгы цæстытæ | Чыжджы сæштытæ | Чызджы сæстытæ |
Дзæбæх | Джæбæх | Джæбæх | Дзæбæх | Дзæбæх | Зæбæх | Зæбæх |
Цу | Чу | Чу | Цу | Цу | Су | Су |
Хуыцау | Хуычау | Хуышау | Хуыцау | Хуыцау | Хуысау | Хуысау |
Дзурынц | Джурынч | Журынч | Дзурынц | Дзурынц | Зурынс | Зурынц |
Цыбыр | Чыбыр | Чыбыр | Цыбыр | Цыбыр | Сыбыр | Сыбыр |
Уацилла | Уачилла | Уашилла | Уацилла | Уацилла | Уасилла | Уасилла |
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Дзиццойты Юри. Чысайнаг ныхасыздæхты цыбыр афыст. — Цхинвал, «Хуссар Алани», 2008.