Таджикаг æвзаг
Таджикаг æвзаг | |
---|---|
Хином | Тоҷикӣ, تاجیکی |
Бæстæтæ | Таджикистан, Узбекистан, Уæрæсе, Хъазахстан, Иран, Афгъанистан |
Официалон статус | Таджикистан |
Дзурджыты нымæц | 14 млн. |
Классификаци | |
Категори | Евразийы æвзæгтæ |
Фыссынад | кириллон алфавит, персайнаг фыссынад |
Æвзаджы кодтæ | |
ISO 639-1 | tg |
ISO 639-2 | tgk |
ISO 639-3 | tgk |
ГОСТ 7.75–97 | тад 640 |
WALS | taj |
Ethnologue | tgk |
IETF | tg |
Glottolog | taji1245 |
Википеди ацы æвзагыл |
Таджикаг æвзаг (забони Тоҷикӣ, иуæй-иу хатт хонынц æй персайнаг æвзаджы диалект — перс. فارسی تاجیکی фарси-тоджики) у таджикаг адæмы æвзаг, Таджикистаны паддзахадон æвзаг æмæ Афгъанистаны регионалон æвзæгтæй иу. Уыимæ ма дзурынц ыл Узбекистаны иуæй-иу районты (Самарканд, Бухара æмæ сæ алфамбылай зæххытæ) æмæ Афгъанистаны цæгаты.
Таджикаг æвзаг у ныгуылæйнаг ирайнаг æвзæгтæй иу. Раздæр, куыд регионы культурæйы артдзæстыты æвзаг, уый стыр тæваг дардта, йæ цуры цы æндæр æвзæгтæ уыди, уыдоныл — æппæты зынгæдæр узбекаг æвзагыл æмæ иуæй-иу чысылдæр æвзæгтæм, уыдонимæ, ирайнаг æвзæгтæй ирон æвзагмæ тæккæ хæстæгдæр чи у, уыцы ягънобаг æвзагмæ.
Таджикаг æвзаг æндæр персайнаг æвзаджы здæхтытæй фæиппæрд XV-æм æнусы æмæ уый тыххæй дзы баззадысты, Иран æмæ Афгъанистаны æвзæгты цы грамматикон миниуджытæ фесæфтысты, уыдон. Ираны персайнаг æвзагимæ абаргæйæ, таджикаг æвзагмæ чысылдæр араббаг дзырдтæ бахауди — ирайнаг æвæрды дзырдтæ сты фылдæр. Уæддæр ныры онг Иран æмæ Таджикистаны цæрджытæн сæ кæрæдзийы ныхас æнцонæмбарæн у.
Нырыккон таджикаг алфавит арæзт у кириллон алфавиты бындурыл (1940-æм азæй):
А а | Б б | В в | Г г | Ғ ғ | Д д | Е е | Ё ё |
Ж ж | З з | И и | Й й | Ӣ ӣ | К к | Қ қ | Л л |
М м | Н н | О о | П п | Р р | С с | Т т | У у |
Ӯ ӯ | Ф ф | Х х | Ҳ ҳ | Ч ч | Ҷ ҷ | Ш ш | Ъ ъ |
Э э | Ю ю | Я я |
Таджикаг грамматикæйы æрмæстдæр ис дыууæ хауæны: номон æмæ комкоммæйы (иварон) хауæн. Уыцы дыккагæн йæ кæрон у -ро: Рустамро задам «Рустамы ныццавтон». Æппæт æндæр ахастытæ æвдыст цæуынц разæвæрдты фæрцы: китоб «чиныг», аз китоб «чиныгæй», ба китоб «чиныгмæ», чун китоб «чиныгау» æмæ афтæ дарддæр.
Нæмтты бирæон нымæцы кæрæттæ сты -ҳо æмæ -он. Удон номдарты бирæон нымæцы кæрон у -он, кæрон -ҳо фенæн ис алыхуызон дзырдтимæ — удонтæ æмæ æнæудонтимæ. Зæгъæм, иууон нымæцы дзырд асп-æн («бæх») бирæон нымæцы формæ у куыд аспон, афтæ аспҳо дæр. Кæрон -он фенæн ис æнæудон номдартимæ дæр — зæгъæм, буары хæйтты формæтæ сты даст — дастон «арм — æрмттæ», чашм — чашмон «цæст — цæстытæ».
Миногонтæ номдарты фæстæ æвæрд сты (ирон хъуыдыйады дзырдты равæрдæй хъауджыдæр) æмæ номдаримæ баст сты изафеты кæронæй. Китоб «чиныг», китоби хуб «хорз чиныг» — изафеты кæрон -и æвдисы, номдары фæстæ йæ бæрæггæнæн дзырд кæй цæуы, уый. Бирæон нымæцы изафеты кæрон цæуы нымæцæвдисæг кæроны фæстæ: китоб-ҳо-и хуб «хорз чингуытæ».
Миногоны бæрцбарæнтæ сты ахæм:
- кӯҳи баланд «бæрзонд хох» (дзырдæй-дзырдмæ: «хох-и бæрзонд»)
- кӯҳи баландтар «бæрзонддæр хох» («хох-и бæрзонддæр»)
- баландтарин кӯҳ «æппæты бæрзонддæр хох» (уæлахизон бæрцбарæны миногон æвæрд цæуы разæй)
Цæсгомон номивджытæ сты ахæм:
Цæсгом | Иууон | Бирæон |
---|---|---|
1-æм | ман «æз» | мо «мах» |
2-æм | ту «ды» | шумо «смах, ды» |
3-æм | ӯ, вай «уый» | онҳо «уыдон» |
Дыккæгæм цæсгомы номивæг шумо фæзæгъынц иу адæймагæн дæр (уырыссаг æвзаджы куыд у, афтæ).
Таджикаг бындурон лексикæйы тыххæй цыдæртæ базонæн и мæнæ ахæм таблицæйæ:
таджикагау | моҳ (mōh) |
нав (nau̯) |
модар (mōdar) |
хоҳар (xͮōhar) |
шаб (šab) |
бинӣ (bīnī) |
се (se) |
сиёҳ (siyōh) |
сурх (surx) |
зард (zard) |
сабз (sabz) |
гург (gurg) |
---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|
Æндæр индоевропæйаг æвзæгтæ | ||||||||||||
персайнагау | māh | nou̯ | mādar | xͮāhar | šab | bīnī | se | siyāh | sorx | zard | sabz | gorg |
урду | māh / māheena | nayā | mā / walda | behn | rāt | nāk | tīn | siah / kālā | surkh / lāl | pīlā | sabz / harā | bheyrya |
пушту | myāsht | nəvay | mōr | khōr | shpa | pōza | dre | tōr | sur | zhaṛ | shin | lewa |
иронау | мæй | ног | мад | хо | æхсæв | фындз | æртæ | сау | сырх | бур | цъæх | бирæгъ |
хинди | mās | nayā | mātā | bahin | rāt | nāk | tīn | kālā / shyam | lāl | pīlā | harā | bik |
англисагау | month | new | mother | sister | night | nose | three | black | red | yellow | green | wolf |
немыцагау | Monat | neu | Mutter | Schwester | Nacht | Nase | drei | schwarz | rot | gelb | grün | Wolf |
латинагау | mēnsis | novus | māter | soror | nox | nasus | trēs | āter, niger | ruber | flāvus, gilvus | viridis | lupus |
францагау | mois | nouveau | mère | sœur | nuit | nez | trois | noir | rouge | jaune | vert | loup |
италиагау | mese | nuovo | madre | sorella | notte | naso | tre | nero | rosso | giallo | verde | lupo |
испайнагау | mes | nuevo | madre | hermana | noche | nariz | tres | negro | rojo | amarillo | verde | lobo |
каталайнагау | mes | nou | mare | germana | nit | nas | tres | negre | roig / vermell | groc | verd | llop |
румынагау | luna | nou/noi | mamă | soră | noapte | nas | trei | negru | roşu | galben | verde | lup |
грекъагау | μήνας minas |
νέος neos |
μητέρα mitera |
αδελφή adhelfi |
νύχτα nihta |
μύτη miti |
τρία tria |
μαύρος mavros |
κόκκινος kokkinos |
κίτρινος kitrinos |
πράσσινος prassinos |
λύκος likos |
литовагау | mėnuo | naujas | motina | sesuo | naktis | nosis | trys | juoda | raudona | geltona | žalias | vilkas |
болгайрагау | месец mesets |
нов nov |
майка maika |
сестра sestra |
нощ nosht |
нос nos |
три tri |
черен cheren |
червен cherven |
жълт zhălt |
зелен zelen |
вълк vălk |
уырыссагау | месяц | новый | мать | сестра | ночь | нос | три | чёрный | красный | жёлтый | зелёный | волк |
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Основы иранского языкознания. Т. 3. Новоиранские языки. М. 1982.
- Korotow, M. (2004) Tadschikisch Wort für Wort. Kauderwelsch ISBN 3-89416-347-X
- Lazard, G. (1956) "Caractères distinctifs de la langue tadjik". Bulletin de la Société Linguistique de Paris. 52. pp. 117--186
- Lazard, G. "Le Persan". Compendium Linguarum Iranicarum. Wiesbaden. 1989.
- Windfuhr, G. (1987) in Comrie, B. (ed.) "Persian". The World's Major Languages. pp. 523--546
- Perry, J. R. (2005) A Tajik Persian Reference Grammar (Boston : Brill) ISBN 90-04-14323-8
- Rastorgueva, V. (1963) A Short Sketch of Tajik Grammar (Netherlands : Mouton) ISBN 0-933070-28-4