Перейти к содержанию

Номдар

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Номдар у, дзаума чи нысан кæны æмæ фарстатæн «чи? цы?» чи дзуапп дæтты, ахæм дзырдты хуыз (ныхасы хай). Номдар у сæйраг лексикæйы категоритæй иу. Хъуыдыйады мидæг номдар фылдæр хатт вæййы сæйрат кæнæ æххæстæгæнæны ролы.

Номдар нысан кæны предмет уыцы дзырды уæрæх æмбарæны: дзауматæ (стъол, рудзынг), гоймæгтæ (сывæллон, ус), буаргъæдтæ (ссад, дон), цæрæгойтæ æмæ организмтæ (гæды, кæсаг, вирус), факттæ æмæ цаутæ (ныхас, зынгсирвæзт, æрхæндæг), миниуджытæ, архæйдтытæ, уавæртæ.

Номдартæ вæййынц иумæйаг æмæ сæрмагонд. Иумæйаг нæмттæ сты, бирæ иумыггаг предметты нæмттæ чи нысан кæнынц, уыдон (гæды, тетрад). Сæрмагонд номдартæ сты, иугай предметты нæмттæ чи амонынц, уыдон (Мæскуы, Япон, Уырызмаг). Ирон, уырыссаг æмæ бирæ æндæр æвзæгты сæрмагонд нæмттæ фыссынц стыр дамгъæйæ.

Ирон æвзаджы номдар хицæн кæнынæн ис æрмæст семантикон æмæ синтаксикон бындур — грамматикæты фыссынц номы категорийы тыххæй[1]. Иу дзырдæн, йæ хъуыдыйады ролмæ гæсгæ, ирон æвзаджы уавæн и миногон æмæ номдар:

  • Арвы цъæх. (цъæх куыд номдар)
  • Арв цъæх у. (цъæх куыд миногон)

Номдарæн ис грамматикон категоритæ, æвзагæй-æвзагмæ иухуызон не сты. Зæгъæм, ирон æвзаджы номдартæн ис нымæц æмæ хауæны категоритæ. Уырыссаг æвзаджы уыцы категориты йеддæмæ ис ма æрды категори дæр. Китайаг æвзаджы та нæдæр нымæцы категори, нæдæр хауæнтæ ис.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]