Шёгрен, Андреас

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Андреас Шёгрен
швед. Andreas Johan Sjögren
Райгуырды датæ 15 (26) апрелы 1794
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 6 (18) январы 1855 (60 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Зонады къабаз филологи æмæ этнографи
Куысты бынат
Хорзæхтæ æмæ премитæ
орден Святой Анны 2-й степени с императорской короной орден Святой Анны 2-й степени орден Святой Анны 3-й степени Данеброджы ордены кавалер
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Андреас Иоганн Шёгрен (швед. Andreas Johan Sjögren; 1794-æм азы 26 апрелы, Нюланды губернæйы Ситиккалæйы хъæу — 1855-æм азы 18 январы, Бетъырбухы), финнаг шведæгтæй, Уæрæсейы империйы æвзагзонæг, историк, этнограф, бæлццон.

1827-æм азы 19 декабрæй нымад цауы Уæрæсейы зонадон академийы уæнг-корреспондент, 1829-æм азæй 30 сентябрæй — историйы адъюнкт, 1831-æм азы 9 мартъийæ — уырыссаг истори æмæ рагзаманы экстраординалон академик, 1844-æм азы 5 октябрæй — Историон-филологон хайады ординарон академик (Уæрæсейы финнаг æмæ кавказаг адæмты филологи æмæ этнографийыл).

1835-æм азы Шёгрен æрбацыдис Кавказмæ, уым ахуыр кодта ирон æмæ гуырдзиаг æвзæгтæ. 1844-æм азы, йæ балцы фæстиуæгæн, уырыссаг æмæ немыцаг авзæгтыл рацыдис «Ирон грамматикæ ирон-уырыссаг æмæ уырыссаг-ирон цыбыр дзырдуатимæ»[2] — уыцы чиныг сси ирон æвзаджы фыццаг зонадон иртасæн. Чиныджы равзæрстæуыд ахæм грамматикон категоритæ куыд: хауæнтæ, афоны формæтæ, мивдисæджы ифтындзæджы формæтæ æмæ афтæ дарддæр. Шёгрен нымад цæуы ирон кириллон дамгъуаты сфæлдисæгыл. Ацы дамгъуатæй пайдæ чындæуы цасдæр ивддзинæдтимæ абоны онг.

Шёгрены куыстытæ, кæцытæ мыхуырæй рацыдысты 1821 азæй 1854 азмæ, ранымад сты «Императорон Зонæдты Академийы зонадон уацтæ I æмæ III хайæдты»[3].

Дзæуджыхъæуы сахары ис Шёгрены номыл уынг. Бетъырбухы та, кæм цардис, уыцы Академикты хæдзарыл сæвæрдæуыд номарæн фæйнæг.

Академик Шёгрены уынг Дзæуджыхъæуы

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Deutsche Nationalbibliothek Record #117630489 // Иумæйаг нормативон контроль (GND) (нем.) — 2012—2016.
  2. Уыцы чиныг æххæстæй æрбавгæнæн ис ironau.ru-йы.
  3. «Учёные записки Императорской Академии Наук по I и III отделениям», 1855, стр. 569—183.