Ирон алфавит

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Газет «Рæстдзинад»-ы фыццаг номыр, 1923-æм азы 14 мартъийы. Шёгрены кириллон алфавит

Ирон алфавит кæнæ ирон абетæ у ирон æвзаджы алфавит. Нырыккон фыссынад райрæзти, Андреас Шёгрен цы алфавит 1844-æм азы сарæзта, уымæй.

Латинаг фыссынад, 1923-1938. 1935-æм азы уагъд чиныгæй сыф

1923-38 азты ирæттæ фыстой латинаг алфавитæй, стæй нырыккон алфавитæй. Хуссар ир та 1938-54 азты фыстой гуырдзиаг дамгъæтæй, 1954-æм аз уыдон дæр раивтой нырыккон кириллон алфавитмæ.

Нырыккон ирон алфавит:

А а Æ æ Б б В в Г г Гъ гъ
Д д Дж дж Дз дз Е е Ё ё Ж ж
З з И и Й й К к Къ къ Л л
М м Н н О о П п Пъ пъ Р р
С с Т т Тъ тъ У у Ф ф Х х
Хъ хъ Ц ц Цъ цъ Ч ч Чъ чъ Ш ш
Щ щ Ъ ъ Ы ы Ь ь Э э Ю ю
Я я

Дамгъæтæ Ё, Ж, Ш, Щ, Ь, Э, Ю æмæ Я æрмæст уырыссаг æвзагæй байсгæ дзырдты амбæлæн ис: якорь, экономикæ, женьшень æмæ æндæртæ.

Æддаг фæрстæ[ивын | Бындур ивын]