Талышаг æвзаг
Талышаг æвзаг | |
---|---|
Хином: | Толыши зывон |
Бæстæтæ: | Иран, Азербайджан |
Регионтæ: | Гилян, Ардебиль |
Æдæппæт дзурджыты нымæц: | 912 000 |
Классификаци | |
Категори: | Евразийы æвзæгтæ |
Индоевропæйаг æвзæгтæ | |
Фыссынад: | араббаг алфавит (персайнаг алфавит), кириллон алфавит, латинаг алфавит |
ISO 639-1: | — |
ISO 639-2: | — |
ISO 639-3: | tly |
Æвзæгты тыххæй æппæт статьятæ |
Талышаг æвзаг у талышаг адæмы мадæлон æвзаг; хауы ирайнаг æвзæгты къорды цæгат-ныгуылæн дæлкъордмæ. Æмбæлы Талышстаны (уый у, талыштæ кæм цæрынц, уыцы бæстæйы æнæофициалон ном — Азербайджаны хуссар æмæ йемæ æмарæн чи у, Ираны уыцы районтæ).
Дзурджыты нымæц хæццæ кæны 500 мин адæймагмæ; æнæофициалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ талышагау дзурынц 900 мин адæймагмæ æввахс.