Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

2007 азы мыхуыры рацыдис ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуаты фыццаг чиныг. Уый у фыццаг ахæм дзырдуат. Ацы æмбарынгæнæн дзырдуат сарæзтой Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты æвзаджы хайады кусджытæ Гуккаты Дзатте, Дзадтиаты Гиуæрги, Тедеты Герас, Тъехты Федыр, Уанеты Владимир, Цхуырбаты Валентин æмæ Цхуырбаты Замирæ Гæбæраты Никъалайы сæргълæудæй.

Ацы æмбарынгæнæн дзырдуат у нормативон. Амоны, æппæт дзырдтæ нæ литературон æвзагæн бæззон кæй сты, кæцы стильмæ хауынц, кæм æмæ сæ куыд фæдзурынц, цавæр нысаниуджытæ сын ис. Дзырдуат ма нормативон уымæй у, æмæ амоны, дзырдтæ раст куыд фыссын хъæуы.

  • Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат : 4 томæй / Гæбæраты Никъалайы иумæйаг редакцийæ; Уæрæсейы зонæдты академи; Дзæуджыхъæуы зонадон центр; Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институт. — М.: Наука, 2007. — ISBN 978-5-02-036243-7. 1 т. А — Æ. — 2007. — 510 ф. — ISBN 978-5-02-036244-4.

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]