Перейти к содержанию

Дагъистан

42°59′02″ с. ш. 47°30′18″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Уæрæсейы Федерацийы субъект
Дагъистаны Республикæ
уырыс. Республика Дагестан
Тырыса Герб
Тырыса Герб
42°59′02″ с. ш. 47°30′18″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Сæйраг сахар Махачкала
Сæргълæууæг Сергей Меликов[d]
Истори æмæ географи
Бындурæвæрды датæ 1991
Фæзуат
  • 50 300 км²
Сахатон таг MSK (UTC+3)
Цæрджытæ
Цæрджытæ 3 209 781[1] ад. (2023)
Официалон æвзæгтæ агъулаг, азербайджайнаг, даргинаг, лакаг, лекъаг, ногъайаг, рутулаг, солиаг, табасарайнаг, татаг, уырыссаг, хъуымыхъхъаг, цъахураг, цæцæйнаг
Цифрон идентификатортæ
Код ISO 3166-2 RU-DA
Телефонон код 872
Автомобилон код 05

Официалон сайт(уырыс.)
Дагъистаны Республикæ картæйыл
Дагъистаны Республикæ картæйыл
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Дагъистан[2][3] кæнæ Дагъыстан[4] (сол. Дагъистаналъул Республика, агъул. Республика Дагъустан, азерб. Dağıstan Respublikası, хъуым. Дагъыстан Республикасы, лекъ. Республика Дагъустан, лак. Дагъусттаннал Республика) у Уæрæсейы республикæ Цæгат Кавказы, лæууы Цæцæн, Хъалмыхъхъ æмæ Стъараполы крайы ’хсæн, хуссары та æмарæн у Азербайджан æмæ Гуырдзыстонимæ. Дагъистаны сæйраг сахар у Къаспы денджызы былгæрон порт Махачкала. Йæ сæргълæууæг у Владимир Васильев.

Республикæйы фæзуат у 50,3 мин км².

Дагъистан у бирæнацион бæстæ, цæры дзы дыууын адæмыхаттæй фылдæр. Уыдонæй стырдæр сты солиаг адæм — Дагъистаны цæрджытæй се ’ртыккаг хай.

...æмæ æндæртæ

Этимологи

[ивын | Бындур ивын]

Ном Дагъистан зындгонд у XVII æнусæй æмæ нысан кæны «хохы бæстæ» (тюркаг ныхас дагъ «хох» æмæ ирайнаг фæсæфтуан -стан)[5]. Ныры Дагъистан хохы бæстæ нал у, уый тыххæй æмæ йæ цæгатаг быдыртæ ахсынц йæ фæзуаты 44%.[5].

Географи

[ивын | Бындур ивын]

Дагъистан æрбынат кодта Кавказы цæгат-скæсæны, Къаспы денджызы былгæрон. Республикæйы цæгаты сты тыгъд быдыртæ, хуссары та — Кавказы сæйраг рагъ (Стыр хох). Дагъистаны дæргъ цæгатæй хуссармæ у 400 км, скæсæнæй ныгуылæнмæ — 200 км.

Дагъистаны цæгатаг арæн у Стъараполы край æмæ Хъалмыхъхъы республикæимæ. Ныгуылæны республикæйæн ис арæн Цæцæн æмæ Гуырдзыстонимæ, хуссары та — Азербайджаны паддзахадон арæн. Къаспы денджызы фæстæ ис цыппар паддзахады: Хъазахстан, Туркменистан, Иран æмæ Азербайджан. Азербайджанимæ арæн у Уæрæсейы Федерацийы тæккæ хуссардæр ран (41°10' ц. у.).

Гидрографи

[ивын | Бындур ивын]

Скæсæнырдыгæй Дагъистаны территори æхсы Къаспы денджызы дон. Республикæйы цæгаты хус бæстыхъæд у æмæ дзы уый тыххæй бирæ цæугæдæттæ нæй[6]. Хохы та дон фылдæр ис.

Республикæйы астæу кæлынц Терк æмæ Сулак. Æдæппæт Дагъистаны и 6255 цæугæдоны, уыдонæй сæдæ сты сæйрагдæр — сæ дæргъ 25 километрæй фылдæр кæмæн у, ахæмтæ. Тыккæ зындгонддæр сты Терк, Сулак, Самур, Рубас[7]. Æппæт цæугæдæттæ дæр хауынц Къаспы денджызы бассейнмæ, фæлæ уыдонæй денджызы æййафынц æрмæстдæр 20.

Самур у Дагъистаны дыккаг ахсджиагдæр цæугæдон, йæ бассейны фæзуат у 7,3 мин км². Самуры гуырæн у Рутулы районы. Къаспы денджызы бакæлæн скæны дельтæ. Цæугæдоны дон-дон сараздзысты æртæ ног электрон станцæйы. Самуры дæттæ пайда хæссынц хъæууон хæдзæрадмæ, уымæй хуссарырдæм цæуы Самур-Дербенты къанау æмæ Самур-Апшероны къанау (уыцы фæстаг цæуы фæсарæнмæ, Азербайджанмæ)[6].

Сулак равзæры æртæ доны — Хъазхъуымыхъхъы Хъойсу, Солыйы Хъойсу æмæ Андийы Хъойсу — кæм баиу вæййынц, уыцы ран. Сулачы бассейны фæзуат у 15,2 мин км². Сулакыл лæууынц гидероэлектростанцæтæ — Чиркейаг ГЭС, Миатлины ГЭС, Гельбахы ГЭС, Чирюрты ГЭС-1 æмæ Чирюрты ГЭС-2.

Цæдтæ

Хæхтæ ахсынц республикæйы 25,5 мин км², йæ рæстæмбис бæрзæнд у 960 м денджызы æмвæзадæй. Дагъистаны бæрзонддæр хох у Базардюзю (4466 м).

Цæрджытæ

[ивын | Бындур ивын]

Демографи

[ивын | Бындур ивын]
Цæрджыты нымæц
1847[9]1897[10]1926[11]1928[12]1931[13]1933[14]1937[11]
755 616571 154787 883797 700871 100949 2001 009 884
1939[15]1940[16]1951[17]1959[18]1961[19]1966[20]1970[21]
1 023 3001 024 000835 6001 062 4721 158 5001 305 6001 428 540
1979[22]1987[23]1989[24]1990[25]1991[25]1992[25]1993[25]
1 627 8841 768 0001 802 5791 820 1641 875 3451 937 2971 990 359
1994[25]1995[25]1996[25]1997[25]1998[25]1999[25]2000[25]
2 033 5232 200 0392 218 4272 283 1872 332 8372 392 2922 442 609
2001[25]2002[26]2003[25]2004[25]2005[25]2006[25]2007[25]
2 486 0022 576 5312 581 4122 601 9802 621 8202 640 9842 658 630
2008[25]2009[25]2010[27]2011[25]2012[28]2013[29]2014[30]
2 687 8222 711 6792 910 2492 914 2042 930 4492 946 0352 963 918
2015[31]2016[32]2017[33]2018[34]2019[35]2020[36]2021[37]
2 990 3713 015 6603 041 9003 063 8853 086 1263 110 8583 182 054
2022[38]2023[1]
3 186 9023 209 781

Национ сконд

[ивын | Бындур ивын]
Этно-лингвистикон картæ 2010 азы сфыстмæ гæсгæ

Дагъистан у Уæрæсейы тæккæ бирæнацион республикæ. Йæ паддзахадон æвзæгтæ сты уырыссаг æмæ Дагъистаны адæмты æппæт æвзæгтæ[39]. Уыцы æвзæгтæй æрмæстдæр 14 ис фыссынад, æндæртæ сты дзургæ æвзæгтæ[40]. Дагъистаны адæмтæй сæ фылдæр дзурынц нахаг-дагъистайнаг къорды æвзæгтыл (75 %), тюркаг къорды æвзæгтыл (20 %) æмæ уырыссагау (5 %).

Адæм Нымæц, 2002 аз,
мин ад.[41]
Нымæц, 2010 аз
мин ад.[42][43]
Солиæгтæ 758,4 (29,4 %) 850,01 (29,4 %)
Даргинæгтæ 425,5 (16,5 %) 490,38 (17,0 %)
Хъуымыхъхъæгтæ 365,8 (14,2 %) 431,74 (14,9 %)
Лекъæгтæ 336,7 (13,1 %) 385,24 (13,3 %)
Лакæгтæ 139,7 (5,4 %) 161,28 (5,6 %)
Азербайджайнæгтæ 111,7 (4,3 %) 130,9 (4,5 %)
Табасарайнæгтæ 110,2 (4,3 %) 118,9 (4,1 %)
Уырыссæгтæ 120,9 (4,7 %) 104,02 (3,6 %)
Цæцæйнæгтæ (аккæйæгтæ[44]) 87,9 (3,4 %) 93,7 (3,2 %)
Ногъайæгтæ 36,2 (1,4 %) 40,4 (1,4 %)
Агъулæгтæ 23,3 (0,9 %) 28,1 (1 %)
Рутулæгтæ 24,3 (0,9 %) 27,8 (1 %)
Цъахурæгтæ 8,2 9,8
Сомихæгтæ 5,7 5,0
Тæтæйрæгтæ 4,7 3,7
Дзуттæгтæ 1,5 1,7
Украинæгтæ 2,9 1,5
Татæгтæ 1,1 0,5

Солыйæгты скондмæ нымайынц андиаг-цезаг адæмты дæр[45] æмæ арчийæгтæ.

XX æнусы 20-æм азты агъоммæ Дагъистаны хохы цæрджыты егъау хай хуыдтой лекъ, быдыры цæрæг хъумыхъхъæгты та — Кавказы тæтæр[46][47].

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты агъоммæ Дагъистаны цæрджытæ се ’хсæн ныхас кодтой тюркагау (хъумыхъхъагау цæгаты æмæ азербайджайнагау хуссары), рæстæг куы цыдис, æхсæнадæмон æвзаг сси уырыссаг æвзаг, куыд бæстæйы æндæр регионты.

Джума-мæзджыт Махачкалайы
Рæстуырнæг дины аргъуан Махачкалайы

Дагъистаны цæрынц Уæрæсейы пысылмæттæй сæ фылдæр хай. Республикæйы цæрджытæй 96% бæрц пысылмон диныл хаст сты (2,9 млн ад.). Дербентмæ пысылмон дин æрбацыдис VII—VIII æнусы, хохмæ та — фæстæдæр[48].

Чырыстон рæстуырнæг еклезийы Сыгъдæг Синоды уынаффæмæ гæсгæ сарæзтæуы Махачкалайы епархи (2012 азы), рахицæн æй кодтой Владикавказ æмæ Аланийы епархийæ.

Цæрæнрæттæ

[ивын | Бындур ивын]
Дæс минæй фылдæр адæм кæм цæрынц, ахæм цæрæнрæттæ

Махачкала, Хасавюрт, Дербент, Каспийск, Буйнакск, Избербаш, Хъызлар, Кизилюрт æмæ æндæртæ.

Административон дих

[ивын | Бындур ивын]

Дагъистаны сконды ис 42 районы æмæ дæс сахары зылды[49][50]:

  1. Агъулы район
  2. Акушайы район
  3. Ахвахы район
  4. Ахтыйы район
  5. Бабаюрты район
  6. Бежтайы фадыг
  7. Ботлихы район
  8. Буйнаксчы район
  9. Гергебилы район
  10. Гумбеты район
  11. Гунибы район
  12. Дахадаевы район
  13. Дербенты район
  14. Докузпарайы район
  15. Казбековы район
  16. Кайтаджы район
  17. Карабудахкенты район
  18. Каякенты район
  19. Кизилюрты район
  20. Кулийы район
  21. Кумторкалайы район
  22. Курахы район
  23. Лакаг район
  24. Левашийы район
  25. Магарамкенты район
  26. Новолакскоейы район
  27. Ногъайы район
  28. Рутулы район
  29. Сергокалайы район
  30. Сулейман-Стальскийы район
  31. Табасараны район
  32. Тарумовкæйы район
  33. Тляратæйы район
  34. Унцукулы район
  35. Хасавюрты район
  36. Хивы район
  37. Хунзахъы район
  38. Хъызлары район
  39. Цъумадайы район
  40. Цъунтъайы район
  41. Чъародайы район
  42. Шамилы район

Экономикæ

[ивын | Бындур ивын]
Чиркейы ГЭС

Паддзахадон арæзт

[ивын | Бындур ивын]
Республикæ Дагъистаны Паддзахадон советы сæрдар

2003-æм азы агъоммæ республикæйы сæргълæууæг уыдис йæ Паддзахадон советы сæрдар.

Республикæйы сæргълæууæг

Регионы сæргъы сты Дагъистаны сæргълæууджытæ (раздæр президенттæ), кæцыты нысан кæны Уæрæсейы Федерацийы президент. Сæргълæууджыты номхыгъд:

Дагъистаны хицæуады хæдзар

Бирæ сты дагъистайнаг спортсменты æнтыстытæ, уæлдайдæр хъæбысæйхæсты[51]. Тынг популярон сси футбол дæр.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Ахмедханов К. Э. Путешествие по Дагестану: Практическое руководство. — М.: Физкультура и спорт, 1988. — 272 с. — (По родным просторам).
  • История Дагестана с древнейших времён до наших дней. В двух томах. Ред. А. И. Османов. М., Наука, 2004.
  • Криштопа, А. Е. Дагестан в ХІІІ — начале XV вв. Очерк политической истории. М., Мамонт; Таус, 2007.
  • Карпов, Ю. Ю. Взгляд на горцев. Взгляд с гор. Мировоззренческие аспекты культуры и социальный опыт горцев Дагестана. СПб., Петербургское востоковедение, 2007.
  • Дагестан и мусульманский Восток. Сборник статей в честь профессора Амри Рзаевича Шихсаидова. Сост. и отв. ред. А. К. Аликберов, В. О. Бобровников. М., Издательский дом Марджани, 2010
  • Муртазалиев Р. А. Конспект флоры Дагестана. — Махачкала, 2009. — Т. 1.

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Численность постоянного населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2023 года (с учётом итогов Всероссийской переписи населения 2020 г.). Федеральная служба государственной статистики (18 августы 2023). Датæ: 2023-æм азы 23 августы.
  2. Дзагуырты Тембол. Географийы терминон дзырдуат уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл. Цæгат Ирыстоны АССР-ы паддзахадон рауагъдад — Орджоникидзе, 1941.
  3. Уырыссаг-ирон дзырдуат. Сарæзта йæ Абайты Васо. Дыккаг, срастгонд æмæ баххæстгонд рауагъд. Редактор Исаты М.И, рауагъдад «Советон Энциклопеди». Мæскуы — 1970
  4. Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат : 4 томæй / Гæбæраты Никъалайы иумæйаг редакцийæ ; Уæрæсейы зонæдты академи ; Дзæуджыхъæуы зонадон центр ; Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институт. — М. : Наука, 2007. II-æм том, 217-æм ф.
  5. 5,0 5,1 Поспелов Е. М. Географические названия мира: Топонимический словарь / Отв. ред. P. A. Агеева. — М.: Русские словари, 1998. — С. 130. — ISBN 5-89216-029-7.
  6. 6,0 6,1 Климат &124; Туризм в Дагестане(недоступная ссылка). Датæ: 2010-æм азы 24 мартъийы. Архив 2017-æм азы 25 сентябры.
  7. Республика Дагестан. Архив 2007-æм азы 28 апрелы.
  8. Берг Л.С. Рыбы пресных вод СССР и сопредельных стран. — М.Л., 1948. — Т. 1. — С. 254. — 466 с.
  9. ДИНАМИКА ЧИСЛЕННОСТИ НАСЕЛЕНИЯ ГОРОДОВ ДАГЕСТАНА В 1946–60 ГГ
  10. Первая Всеобщая перепись населения Российской империи 1897 года. Датæ: 2013-æм азы 26 октябры. Архив 2015-æм азы 11 июны.
  11. 11,0 11,1 Всесоюзная перепись населения 1937 года: Общие итоги. Сборник документов и материалов / Сост. В.Б.Жиромская, Ю.А.Поляков. — М.: «Российская политическая энциклопедия» (РОССПЭН), 2007. — 320 с.; ISBN 5-8243-0337-1.
  12. Статистический справочник СССР за 1928 г.
  13. Административно-территориальное деление Союза ССР : [Районы и города СССР на 1931 год]. — Москва: Власть советов, 1931. — XXX, 311 с.
  14. Административно-территориальное деление Союза ССР. На 15 июля 1934 года.
  15. ДИНАМИКА ЧИСЛЕННОСТИ НАСЕЛЕНИЯ ГОРОДОВ ДАГЕСТАНА В 1946–60 ГГ
  16. ДИНАМИКА ЧИСЛЕННОСТИ НАСЕЛЕНИЯ ГОРОДОВ ДАГЕСТАНА В 1946–60 ГГ
  17. ДИНАМИКА ЧИСЛЕННОСТИ НАСЕЛЕНИЯ ГОРОДОВ ДАГЕСТАНА В 1946–60 ГГ
  18. Всесоюзная перепись населения 1959 года. Численность наличного населения городов и других поселений, районов, районных центров и крупных сельских населенных мест на 15 января 1959 года по республикам, краям и областям РСФСР. Датæ: 2013-æм азы 10 октябры. Архив 2013-æм азы 19 октябры.
  19. ДИНАМИКА ЧИСЛЕННОСТИ НАСЕЛЕНИЯ ГОРОДОВ ДАГЕСТАНА В 1946–60 ГГ
  20. ДИНАМИКА ЧИСЛЕННОСТИ НАСЕЛЕНИЯ ГОРОДОВ ДАГЕСТАНА В 1946–60 ГГ
  21. Всесоюзная перепись населения 1970 года. Численность наличного населения городов, поселков городского типа, районов и районных центров СССР по данным переписи на 15 января 1970 года по республикам, краям и областям. Датæ: 2013-æм азы 14 октябры. Архив 2013-æм азы 19 октябры.
  22. Всесоюзная перепись населения 1979 года. Численность наличного населения РСФСР, автономных республик, автономных областей и округов, краев, областей, районов, городских поселений, сел-райцентров и сельских поселений с населением свыше 5000 человек.
  23. Народное хозяйство СССР за 70 лет : юбилейный статистический ежегодник : [арх. 28 июны 2016] / Государственный комитет СССР по статистике. — Москва : Финансы и статистика, 1987. — 766 с.
  24. Всесоюзная перепись населения 1989 года. Численность населения СССР, РСФСР и ее территориальных единиц по полу. Архив 2011-æм азы 10 октябры.
  25. 25,00 25,01 25,02 25,03 25,04 25,05 25,06 25,07 25,08 25,09 25,10 25,11 25,12 25,13 25,14 25,15 25,16 25,17 25,18 25,19 Численность постоянного населения на 1 января (человек) 1990-2013 года
  26. Всероссийская перепись населения 2002 года. Том. 1, таблица 4. Численность населения России, федеральных округов, субъектов Российской Федерации, районов, городских поселений, сельских населённых пунктов - райцентров и сельских населённых пунктов с населением 3 тысячи и более. Архив 2012-æм азы 3 февралы.
  27. Перепись населения 2010. Численность населения России, федеральных округов, субъектов Российской Федерации, городских округов, муниципальных районов, городских и сельских поселений. Федеральная служба государственной статистики. Датæ: 2013-æм азы 20 октябры. Архив 2013-æм азы 28 апрелы.
  28. Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям. Таблица 35. Оценка численности постоянного населения на 1 января 2012 года. Датæ: 2014-æм азы 31 майы. Архив 2014-æм азы 31 майы.
  29. Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2013 года. — М.: Федеральная служба государственной статистики Росстат, 2013. — 528 с. (Табл. 33. Численность населения городских округов, муниципальных районов, городских и сельских поселений, городских населённых пунктов, сельских населённых пунктов). Датæ: 2013-æм азы 16 ноябры. Архив 2013-æм азы 16 ноябры.
  30. Таблица 33. Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2014 года. Датæ: 2014-æм азы 2 августы. Архив 2014-æм азы 2 августы.
  31. Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2015 года. Датæ: 2015-æм азы 6 августы. Архив 2015-æм азы 6 августы.
  32. Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2016 года
  33. 2017-æм азы 1 январы Уæрæсейы Федерацийы цæрджыты нымæц (31 июлы 2017). Датæ: 2017-æм азы 31 июлы. Архив 2017-æм азы 31 июлы.
  34. Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2018 года. Датæ: 2018-æм азы 25 июлы. Архив 2018-æм азы 26 июлы.
  35. Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2019 года. Датæ: 2019-æм азы 31 июлы.
  36. Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2020 года. Датæ: 2020-æм азы 17 октябры. Архив 2020-æм азы 17 октябры.
  37. Таблица 5. Численность населения России, федеральных округов, субъектов Российской Федерации, городских округов, муниципальных районов, муниципальных округов, городских и сельских поселений, городских населенных пунктов, сельских населенных пунктов с населением 3000 человек и более. Итоги Всероссийской переписи населения 2020 года. На 1 октября 2021 года. Том 1. Численность и размещения населения (XLSX). Датæ: 2022-æм азы 1 сентябры. Архив 2022-æм азы 1 сентябры.
  38. Оценка численности постоянного населения на 1 января 2022 г. и в среднем за 2021 г. и компоненты её изменения. Федеральная служба государственной статистики. Датæ: 2022-æм азы 26 апрелы.
  39. Глава 1, Статья 11 // Конституция Республики Дагестан (2003 г.)
  40. Оф. сайт ДГПУ. Языки моего Дагестана. Архив 2013-æм азы 21 сентябры.
  41. Всероссийская перепись населения 2002 года(недоступная ссылка). Датæ: 2019-æм азы 15 октябры. Архив 2004-æм азы 6 ноябры.
  42. Информационные материалы об окончательных итогах Всероссийской переписи населения 2010 года
  43. Всероссийская перепись населения 2010 года. Официальные итоги с расширенными перечнями по национальному составу населения и по регионам.: см.
  44. [https://bigenc.ru/ethnology/text/2802572 Аккинцы] // Большая российская энциклопедия : [в 35 т.] / гл. ред. Ю. С. Осипов. — М. : Большая российская энциклопедия, 2004—2017. Оценочная численность аккинцев в 93 тыс. в 2010 году в БРЭ совпадает с численностью чеченцев в Дагестане по переписи 2010 года
  45. Samizdat materials. — 2010. — С. 114.
  46. ЛЕЗГИНЫ — Большая советская энциклопедия, БСЭ — Энциклопедические словари — Slovar.cc
  47. Т. А. Титова. Лезгинская семья на рубеже XIX—XX веков. — Казанский государственный университет. — Хъаз.: Новое знание, 1999. — С. 4. — 53 с.
  48. Вучетич Н. «Четыре месяца в Дагестане». «Кавказ», № 72. Тифлис, 1864.
  49. Закон Республики Дагестан от 13.01.2005 N6 о статусе и границах муниципальных образований Республики Дагестан
  50. Администрации городов и районов. Архив 2007-æм азы 4 апрелы.
  51. Правительство РД — Спорт