Лекъаг адæм
Внешний вид
(Лекъæгтæ-æй æрвыст)
Лекъ | |
---|---|
Хином | лекъ. лезгияр |
Ахæлиу æмæ нымæц | |
Æдæппæт: 1 млн. | |
Иумæйаг информаци | |
Æвзаг | лекъаг |
Дин | пысылмон дин |
Кæй сконды у | дагъистайнаг адæмтæ |
Фыдæлтæ | кавказаг албайнæгтæ |
Викикъæбицы медиа |
Лекъæгтæ кæнæ лекъ (лекъ. лезгияр, лекьер, уырыс. лезгины) сты Кавказы цæрджытæ, сæ фылдæр хай цæры Дагъистан æмæ Азербайджаны. Уыдон дзурынц лекъаг æвзагыл. Лекъæгтæ сты пысылмæттæ.
Ахæлиу
[ивын | Бындур ивын]Адæмы историон бæстæ у Лезгистан (лекъ кæм цæрынц, уыцы бæстæйы æнæофициалон ном).
Дагъистаны цæрынц Ахтыйы, Дербенты, Докузпарайы, Курахы, Магарамкенты, Сулейман-Стальскийы, Хивы районты.
Азербайджаны цæрынц Кусарыйы, Кубайы, Хачмазы, Габалайы, Исмаиллыйы, Огъузы, Шекийы районты.
Номдзыд лекъæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- Сулейман Стальский — Дагъистаны адæмон поэт
- Етим Эмин — поэт æмæ лекъаг фысгæ литературæйы бындурæвæрæг