Дзæуджыхъæу
Сахар | |||
Дзæуджыхъæу | |||
---|---|---|---|
дыгур. Дзæуæгигъæу уырыс. Владикавказ | |||
|
|||
43°01′00″ с. ш. 44°39′00″ в. д.HGЯO | |||
Паддзахад | Уæрæсе | ||
Федерацийы субъект | Цæгат Ирыстон | ||
Сахары зылд | Дзæуджыхъæу | ||
Мидæг дих | 4 муниципалон районы | ||
Истори æмæ географи | |||
Бындурæвæрд | 1784 | ||
Раздæры нæмттæ |
1931 азы агъоммæ — Владикавказ 1944 азы агъоммæ — Орджоникидзе 1954 азы агъоммæ — Дзауджикау 1990 азы агъоммæ — Орджоникидзе |
||
Сахар кæдæй | 1860 | ||
Фæзуат | 291 км² | ||
Центры бæрзæнд | 700 м | ||
Сахатон таг | UTC+3:00 | ||
Цæрджытæ | |||
Цæрджытæ | ↘292 886[1] адæймаджы (2023) | ||
Национ сконд | ирæттæ, уырыссæгтæ, сомихæгтæ æмæ ин. | ||
Цифрон идентификатортæ | |||
Телефонон код | +7 8672 | ||
Посты индекстæ | 362000 | ||
Автомобилон код | 15 | ||
vladikavkaz-osetia.ru(уырыс.) | |||
|
|||
Викикъæбицы медиа |
Дзæуджыхъæу, дыгур. Дзæуæгигъæу (уырыс. Владикавказ) у Цæгат Ирыстоны сæйраг сахар. Цæрынц дзы 293 мин адæймагæй фылдæр (республикæйы цæрджытæй се ’мбис).
Сахары бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг у Милдзыхты Вячеслав.
Ном
[ивын | Бындур ивын]Уырыссагау Дзæуджыхъæу у Владикавказ, ома «Кавказы хицауиуæггæнæг сахар».
Ирон ном йæн сæвæрдтой Быгъуылты Дзæуыгæй номæн, таурæгъмæ гæсгæ уый у Дзæуджыхъæуы бындурæвæрæг.
Советон рæстæджы, 1931-1944 æмæ 1954-1990 азты, уырыссаг æмæ ирон æвзаджы сахар хуындис Орджоникидзе. 1944-1954 азты сахары ном уыдис Дзæуджыхъæу (уырыссагау дæр — уырыс. Дзауджикау). 1990-æм азы 20 июлы, «Цæгат Ирыстоны АССР-ы Паддзахадон суверенитеты тыххæй деклараци»-мæ гæсгæ горатæн раздæхтой йæ раздæры нæмттæ: Дзæуджыхъæу иронау æмæ Владикавказ уырыссагау.
Дзæуджыхъæуы мæхъхъæлон ном у Буро.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Уырыссаг фидар Владикавказ бындурæвæрæд æрцыд 1784-æм азы ирон хъæу Дзæуджыхъæуы фарс (æндæр верситæм гæсгæ мæхъхъæлон хъæу Зауры фарс), куыд фидар Арвыкомы мидæгмæ. Сахары статус радтой 1861-æм азы. 1903-æм азмæ уый ахста 740 дæсæтины фæзуат, уыдис дзы 103 уынджы, цæрджыты нымæц уыд 53 минæй фылдæр[2].
Дзæуджыхъæуы фидары бындурдзинады иукæны, Уырыс æмæ Гуырдзыйы æхсæн æмбалдзинады рæстæджы. 1783-æм азы 24 июлы Гуымы уыд къухфыст акт Гуырдзыстоны Уырысы хъахъæнæны тыхæй. Уыцы цау бацахста сæйраг пълан фарста Кавказ æмæ Фæскавказ æнцон æмæ æнæфыдбалазон иукæнын. Фидарæн ном радта (ус-паддзах) иператрицæ Цытджын Екатеринæ. Дзæуджыхъæуы чырыстон сыгъдæгдзинад æрцыд 1784-æм азы 6 майы.
Бахъахъахъæнæн хаххы æвæрд Мæздæгæй Кавказмæ февзæрын тынг æнææхцондзинад хохæгты хаймæ, уымæн æмæ уый дих кодтата фæндаг, кæцыйыл уыдон истон Гуырдзыстонæй ахстоныбадæгты æмæ цæ хизын кодта уæймæ Эндеримæ æмæ Анапæмæ.
1785 азы феæвзæрд Кавказаг рæнхъы арв-нæрæн, хохæгтæ арæхтæр байдыдтой фыдми бабырстытæ фидармæ. Мæздæгæй Дзæуджыхъæумæ гарнизоны нæ уыдысты амал бахъахъæнын Гуырдзыйы фæндаг фыдми бабырстытæй.
Фидар бынат базонæн уыд нырыккон агъуызттытимæ Хицауады хæдзар, 5-æм скъола-гимназ, Пушкины скверæй, Сæрибары фæзæй æмæ иннæ уынгтæй.
Фидар йæ алфамбылай æмæ йæ цæрджыты нымæц стыр æмæ парахтдæр кодта уæдæй раразмæ уæкæнын хъуыддаг, æмæ уæйкæнын адæмы хонын байдыта.
Дзæуджыхъæуы æддаг хуыз ивын райдыдта, фæзындысты дзы афицерты, мещанты, æлхæнджыты рæсугъд хæдзæрттæ.
1861 азы 31 мартъийы Дзæуджыхъæу райста сахары статус æмæ тагъд рæстæджы сси Терчы облæсты административон центр (1863).
Ам дæр æрбынат кодта къæнцылар, Терчы хъазахъхъаг хæстонады атам. Сахары размæцæуынæн бахуыс 1875 азы йæ кæй ба иуы кодта Ростовимæ æфсæнвæндагимæ.
Алы азты ам Дзæуджыхъæуы цардысты æмæ куыстой Хетæгкаты Къоста, культурæйы архайджытæ, Гæдиаты Секъа, Коцойты Арсен, Тугъанты Махарбег, Вахтангов Евгений. Дзæуджыхъæуы ма уыдысты Уырысы культурæйы стыр архайджытæ Грибоедов, Пушкин, Лермонтов, Толстой, Островский, Чехов, Булгаков, Шаляпин.
1904-æм азы 16 августы скуыста трамвайы фыццаг хахх[2][3].
XX æнусы райдайæны Дзæуджыхъæу у революцион æзмæлынæдты центртæй иу.
Советон период
[ивын | Бындур ивын]Мидхæсты фæстæ цыбыр рæстæгмæ Дзæуджыхъæу уыдис, Терчы облæст æмæ Хъобаны облæсты иу хай чи баиу кодта, уыцы Хохаг Автономон Социалистон Советон Республикæйы сæйраг сахар.
1931-æм азы 2 сентябры сахар райста нæуæг ном — Орджоникидзе, зындгонд революционер Серго Орджоникидзейы кадæн. 1933-æм азы Орджоникидзе сси административон центр Цæгат Ирыстонæн. Сахары уыд лæмбынæг фылдæр индустриалон хайæдтæ, кæцытæ разындысты хъæддых индустриалон базæйæ Цæгат Ирыстонæн æмæ фæтагъд кадрты процесс. 1935 азы 10 ноябры æрцыд бæрæгбонджын гомдзинад Цæгат Ирыстоны драмон театрæн. 1936 - 1941 азмæ сценæйыл æвæрд æрцыд 38 пьесæ, 16 ирон авторы фыстытæй. Сахары сабыр цард хæлд æрцыд хæстæй. Немыц сарæзтой тыхджын группировкæ сахар бацахсынæн.
1942 азы 2 ноябры салдат Пётр Барбашов йæхи буарæй бахкæдта æзнæгты дзоты амбразурæ. Радтой ын Советон Цæдисы Хъæбатыры ном. Хæсты азты 30 мин Дзæуджыхъæуы цæрæджы скадджын сты ордентæ æмæ майдантæй. Сахар радта паддзахадæн 22 Советон Цæдисы Хъæбатыры æмæ 11 инæлары. Уæрæсейы Федерацийы уынафæмæ гæсгæ 2007 азы 8 октябры Дзæуджыхъæуæн радтой «Хæстон намысы сахар»-ы ном.
Хæсты фæстæ уæлдай лæмбынæг кодтой адæмон ахуырадмæ. Ногæй кусын райдыдтой музейтæ, библиотекæтæ, клубтæ. 1980-азты кæронмæ сахары уыд тыхджын индустрион базæ. Размæ цæуын байдыта машинæамайæнад æмæ згъæркусæн индустри, электрон индустри, машинæты цæлцæг, алыхуызон æмæ химион индустри, хъæд æмбырдкæнæн æмæ амайæн индустри.
Административон дих
[ивын | Бындур ивын]Дзæуджыхъæу дихгонд у цыппар районыл:
- Ирыстойнаг район (раздæры Ленины район)
- Промышленнон район
- Терчыфалейы район (раздæры Советон район)
- Цæгат-Ныгуылæн район
Цæрджытæ
[ивын | Бындур ивын]Цæрджыты нымæц | ||||||||||
---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|
1784[4] | 1850[4] | 1859[4] | 1866[4] | 1870[4] | 1878[4] | 1888[4] | 1892[4] | 1894[4] | 1895[4] | 1897[5] |
2036 | ↗3653 | ↗6642 | ↗8000 | ↗10 000 | ↗15 000 | ↗36 961 | ↗45 614 | ↗46 846 | ↘46 531 | ↘44 000 |
1899[4] | 1900[4] | 1901[4] | 1903[4] | 1904[4] | 1906[4] | 1908[4] | 1909[4] | 1910[4] | 1913[6] | 1914[4] |
↗48 109 | ↗49 224 | ↗50 403 | ↗55 429 | ↗58 158 | ↗59 973 | ↗65 808 | ↗71 105 | ↗74 002 | ↗78 400 | ↗79 343 |
1915[4] | 1920[4] | 1923[6] | 1926[7] | 1931[8] | 1933[9] | 1935[4] | 1936[4] | 1937[7] | 1939[10] | 1956[11] |
↘76 983 | ↘61 000 | ↗68 300 | ↗73 599 | ↗89 840 | ↗113 200 | ↗123 264 | ↗130 000 | ↘120 080 | ↗130 755 | ↗159 000 |
1959[12] | 1961[4] | 1962[6] | 1965[4] | 1966[4] | 1967[13] | 1968[4] | 1969[4] | 1970[14] | 1971[4] | 1972[4] |
↗164 420 | ↗182 500 | ↗183 000 | ↗208 000 | ↗212 000 | ↗220 800 | ↗225 100 | ↘225 000 | ↗236 200 | ↗243 000 | ↗252 000 |
1973[6] | 1974[4] | 1975[15] | 1976[16] | 1977[4] | 1978[4] | 1979[17] | 1981[4] | 1982[18] | 1983[4] | 1984[4] |
↗258 000 | ↗265 000 | ↗267 000 | →267 000 | ↗280 900 | ↗286 000 | ↘278 930 | ↗287 400 | ↗292 000 | ↗296 000 | ↗300 000 |
1985[19] | 1986[16] | 1987[20] | 1989[21] | 1990[22] | 1991[16] | 1992[16] | 1993[16] | 1994[16] | 1995[19] | 1996[19] |
↘290 000 | ↗292 000 | ↗313 000 | ↘300 198 | ↗302 000 | ↗306 000 | ↗325 000 | ↘307 000 | ↗311 000 | ↘310 000 | ↗312 000 |
1997[23] | 1998[19] | 1999[24] | 2000[25] | 2001[19] | 2002[26] | 2003[6] | 2004[27] | 2005[28] | 2006[29] | 2007[30] |
↗314 000 | ↘310 000 | ↗310 600 | ↘310 100 | ↗310 600 | ↗315 608 | ↘315 600 | ↘315 000 | ↘314 500 | ↘314 100 | ↘313 800 |
2008[31] | 2009[32] | 2010[33] | 2011[34] | 2012[35] | 2013[36] | 2014[37] | 2015[38] | 2016[39] | 2017[40] | 2018[41] |
↘312 800 | ↘312 427 | ↘311 693 | ↘311 563 | ↘310 070 | ↘308 285 | ↘307 310 | ↗308 190 | ↘307 478 | ↘306 978 | ↘306 258 |
2019[42] | 2020[43] | 2021[44] | 2023[1] | |||||||
↘304 897 | ↘303 597 | ↘295 830 | ↘292 886 |
Адæм | 1897 сфыст | 1926 сфыст | 1939 сфыст | 1959 сфыст | 1970 сфыст | 1979 сфыст | 1989 сфыст | 2002 сфыст | 2010 сфыст | 2021 сфыст1 | ||||||||||
---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|
Нымæц | % | Нымæц | % | Нымæц | % | Нымæц | % | Нымæц | % | Нымæц | % | Нымæц | % | Нымæц | % | Нымæц | % | Нымæц | % | |
Ирæттæ | 2916 | 6,7% | 10799 | 14,4% | 22746 | 17,4% | 37731 | 22,9% | 78115 | 33,1% | 110250 | 40,0% | 138769 | 46,5% | 187810 | 59,5% | 196447 | 63,0% | 190755 | 69,4% |
Уырыссагтæ | 28831 | 65,9% | 40209 | 53,4% | 76344 | 58,4% | 97462 | 59,3% | 116692 | 49,4% | 118453 | 42,9% | 108174 | 36,2% | 87073 | 27,6% | 77947 | 25,0% | 60343 | 22,0% |
Сомихагтæ | 2049 | 4,7% | 6529 | 8,7% | 8406 | 6,4% | 9064 | 5,5% | 10321 | 4,4% | 9952 | 3,6% | 10278 | 3,4% | 12267 | 3,9% | 11424 | 3,7% | 7959 | 2,9% |
Гуырдзийæгтæ | 2531 | 5,8% | 5038 | 6,7% | 5502 | 4,2% | 5492 | 3,3% | 7657 | 3,2% | 8745 | 3,2% | 9585 | 3,2% | 7323 | 2,3% | 6035 | 1,9% | 5008 | 1,8% |
Махъхъæлæттæ | 378 | 0,9% | 1517 | 2,0% | 6001 | 4,6% | 649 | 0,4% | 6153 | 2,6% | 7823 | 2,8% | 11566 | 3,9% | 2679 | 0,8% | 3210 | 1,0% | 2109 | 0,8% |
Украинæгтæ | 1439 | 1,1% | 3981 | 5,3% | 3557 | 2,7% | 5082 | 3,1% | 5464 | 2,3% | 7089 | 2,6% | 6170 | 2,1% | 2917 | 0,9% | 1790 | 0,6% | 476 | 0,2% |
Иннæтæ | 5596 | 14,9% | 7202 | 9,5% | 8196 | 6,3% | 8940 | 5,5% | 11798 | 5,0% | 13601 | 4,9% | 14150 | 4,7% | 15539 | 5,0% | 14840 | 4,8% | 8023 | 2,9% |
1 38 082 удгоймаджы сæ нациад нæ загътой. |
Фенддæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- Сомихаг Сыгъдæг Григор-Рухстауæджы аргъуан (1868)
- Илиайы аргъуан
- Сыгъдæг Мады Майрæмы Иры аргъуан
- Мухтаровы мæзджыт
Уынгтæ
[ивын | Бындур ивын]Транспорт
[ивын | Бындур ивын]- Дзæуджыхъæуы трамвай (1904-æм азы августæй, ныр дæр кусы).
- Дзæуджыхъæуы троллейбус (1977-æм азы февралæй 2010-æм азы онг, нал кусы).
Æфсымæрон сахартæ
[ивын | Бындур ивын]- Эшвилл (АИШ)
- Кырджали (Болгари; æрмæстдæр советон дуджы, 1991-æм азæй фæстæмæ бастдзинæдтæ нæй)
- Налцыкк (Уæрæсе)
- Махачкала (Уæрæсе)
- Владивосток (Уæрæсе)[45]
Спорт
[ивын | Бындур ивын]Дзæуджыхъæуы ис дыууæ футболон клубы — «Алани» æмæ «Автодор».
Къамты галерей
[ивын | Бындур ивын]-
Нарты Сослан
-
Фашистон æфсад 1942-æм азы кæм æрлæууын кодтой, уыцы ран Дзæуыджыхъæуы æдде
-
Сергей Кировæн монумент Кировы уынджы
-
Оперæ æмæ балеты паддзахадон театр
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 Численность постоянного населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2023 года (с учётом итогов Всероссийской переписи населения 2020 г.). Федеральная служба государственной статистики (18 августа 2023). Датæ: 2023-æм азы 23 августы.
- ↑ 2,0 2,1 Н. М. Семенов. Владикавказскому трамваю — 100 // Пантограф. 2005 г. №№ 1 (15), 4 (18)[1] Архивгонд æрцыдис 6 октябры 2012 азы.
- ↑ «3 августа открыто движение электрического трамвая во Владикавказе. Весь доход от продажи билетов, как в этот день, так и в следующий день, 4 августа, будет внесен в пользу чинов действующей армии и флота на Дальнем Востоке и их семейств». // Газет «Кавказ». 1904-æм азы 5 (18) августы [2]
- ↑ 4,00 4,01 4,02 4,03 4,04 4,05 4,06 4,07 4,08 4,09 4,10 4,11 4,12 4,13 4,14 4,15 4,16 4,17 4,18 4,19 4,20 4,21 4,22 4,23 4,24 4,25 4,26 4,27 4,28 4,29 4,30 4,31 4,32 4,33 4,34 4,35 4,36 Население Северной Осетии . Датæ: 2016-æм азы 10 апрелы. Архив 2016-æм азы 9 апрелы.
- ↑ Города с численностью населения 100 тысяч и более человек . Датæ: 2013-æм азы 17 августы. Архив 2013-æм азы 10 ноябры.
- ↑ 6,0 6,1 6,2 6,3 6,4 Народная энциклопедия «Мой город». Владикавказ
- ↑ 7,0 7,1 Всесоюзная перепись населения 1937 года: Общие итоги. Сборник документов и материалов / Сост. В.Б.Жиромская, Ю.А.Поляков. — М.: «Российская политическая энциклопедия» (РОССПЭН), 2007. — 320 с.; ISBN 5-8243-0337-1.
- ↑ Административно-территориальное деление Союза ССР : [Районы и города СССР на 1931 год] . — Москва: Власть советов, 1931. — XXX, 311 с.
- ↑ Административно-территориальное деление Союза ССР. На 15 июля 1934 года.
- ↑ Всесоюзная перепись населения 1939 года. Численность городского населения СССР по городским поселениям и внутригородским районам . Датæ: 2013-æм азы 30 ноябры. Архив 2013-æм азы 30 ноябры.
- ↑ Народное хозяйство СССР в 1956 г. (Статистический сборник). Государственное статистическое издательство. Москва. 1956(недоступная ссылка). Датæ: 2013-æм азы 26 октябры. Архив 2014-æм азы 16 июлы.
- ↑ Всесоюзная перепись населения 1959 года. Численность городского населения РСФСР, её территориальных единиц, городских поселений и городских районов по полу . Демоскоп Weekly. Датæ: 2013-æм азы 25 сентябры. Архив 2013-æм азы 28 апрелы.
- ↑ Северная Осетия за годы советской власти (Статистический сборник). Северо-Осетинское книжное издательство. 1967. Страница 9
- ↑ Всесоюзная перепись населения 1970 года Численность городского населения РСФСР, ее территориальных единиц, городских поселений и городских районов по полу. . Демоскоп Weekly. Датæ: 2013-æм азы 25 сентябры. Архив 2013-æм азы 28 апрелы.
- ↑ Российский статистический ежегодник, 1998 год
- ↑ 16,0 16,1 16,2 16,3 16,4 16,5 Российский статистический ежегодник. 1994 . Датæ: 2016-æм азы 18 майы. Архив 2016-æм азы 18 майы.
- ↑ Всесоюзная перепись населения 1979 года Численность городского населения РСФСР, ее территориальных единиц, городских поселений и городских районов по полу. . Демоскоп Weekly. Датæ: 2013-æм азы 25 сентябры. Архив 2013-æм азы 28 апрелы.
- ↑ Народное хозяйство СССР 1922-1982 (Юбилейный статистический ежегодник)
- ↑ 19,0 19,1 19,2 19,3 19,4 Российский статистический ежегодник. Госкомстат, Москва, 2001 . Датæ: 2015-æм азы 12 майы. Архив 2015-æм азы 12 майы.
- ↑ Народное хозяйство СССР за 70 лет : юбилейный статистический ежегодник : [арх. 28 июны 2016] / Государственный комитет СССР по статистике. — Москва : Финансы и статистика, 1987. — 766 с.
- ↑ Всесоюзная перепись населения 1989 года. Численность городского населения . Архив 2011-æм азы 22 августы.
- ↑ Российский статистический ежегодник. 2002. — М.: Госкомстат России, 2002. — 690 с. — ISBN 5-89476-123-9
- ↑ Российский статистический ежегодник. 1997 год . Датæ: 2016-æм азы 22 майы. Архив 2016-æм азы 22 майы.
- ↑ Российский статистический ежегодник. 1999 год . Датæ: 2016-æм азы 14 июны. Архив 2016-æм азы 14 июны.
- ↑ Российский статистический ежегодник. 2000 год . Датæ: 2016-æм азы 13 июны. Архив 2016-æм азы 13 июны.
- ↑ Всероссийская перепись населения 2002 года. Том. 1, таблица 4. Численность населения России, федеральных округов, субъектов Российской Федерации, районов, городских поселений, сельских населённых пунктов - райцентров и сельских населённых пунктов с населением 3 тысячи и более . Архив 2012-æм азы 3 февралы.
- ↑ Российский статистический ежегодник. 2004 год . Датæ: 2016-æм азы 9 июны. Архив 2016-æм азы 9 июны.
- ↑ Российский статистический ежегодник, 2005 год . Датæ: 2016-æм азы 9 майы. Архив 2016-æм азы 9 майы.
- ↑ Российский статистический ежегодник, 2006 год . Датæ: 2016-æм азы 10 майы. Архив 2016-æм азы 10 майы.
- ↑ Российский статистический ежегодник, 2007 год . Датæ: 2016-æм азы 11 майы. Архив 2016-æм азы 11 майы.
- ↑ Российский статистический ежегодник, 2008 год . Датæ: 2016-æм азы 12 майы. Архив 2017-æм азы 5 февралы.
- ↑ Численность постоянного населения Российской Федерации по городам, поселкам городского типа и районам на 1 января 2009 года . Датæ: 2014-æм азы 2 январы. Архив 2014-æм азы 2 январы.
- ↑ Перепись населения 2010. Численность населения России, федеральных округов, субъектов Российской Федерации, городских округов, муниципальных районов, городских и сельских поселений . Федеральная служба государственной статистики. Датæ: 2013-æм азы 26 декабры. Архив 2013-æм азы 28 апрелы.
- ↑ Оценка численности населения муниципальных образований Республики Северная Осетия-Алания на 1 января 2011-2015 годов . Датæ: 2015-æм азы 4 майы. Архив 2015-æм азы 4 майы.
- ↑ Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям. Таблица 35. Оценка численности постоянного населения на 1 января 2012 года . Датæ: 2014-æм азы 31 майы. Архив 2014-æм азы 31 майы.
- ↑ Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2013 года. — М.: Федеральная служба государственной статистики Росстат, 2013. — 528 с. (Табл. 33. Численность населения городских округов, муниципальных районов, городских и сельских поселений, городских населённых пунктов, сельских населённых пунктов) . Датæ: 2013-æм азы 16 ноябры. Архив 2013-æм азы 16 ноябры.
- ↑ Таблица 33. Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2014 года . Датæ: 2014-æм азы 2 августы. Архив 2014-æм азы 2 августы.
- ↑ Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2015 года . Датæ: 2015-æм азы 6 августы. Архив 2015-æм азы 6 августы.
- ↑ Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2016 года
- ↑ 2017-æм азы 1 январы Уæрæсейы Федерацийы цæрджыты нымæц (31 июлы 2017). Датæ: 2017-æм азы 31 июлы. Архив 2017-æм азы 31 июлы.
- ↑ Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2018 года . Датæ: 2018-æм азы 25 июлы. Архив 2018-æм азы 26 июлы.
- ↑ Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2019 года . Датæ: 2019-æм азы 31 июлы.
- ↑ Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2020 года . Датæ: 2020-æм азы 17 октябры. Архив 2020-æм азы 17 октябры.
- ↑ Таблица 5. Численность населения России, федеральных округов, субъектов Российской Федерации, городских округов, муниципальных районов, муниципальных округов, городских и сельских поселений, городских населенных пунктов, сельских населенных пунктов с населением 3000 человек и более. Итоги Всероссийской переписи населения 2020 года. На 1 октября 2021 года. Том 1. Численность и размещения населения (XLSX). Датæ: 2022-æм азы 1 сентябры. Архив 2022-æм азы 1 сентябры.
- ↑ Владивосток и Владикавказ стали городами-побратимами(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 28 ноябры. Архив 2009-æм азы 30 ноябры.