Дзæуджыхъæуы трамвай
Внешний вид
| Дзæуджыхъæуы трамвай | |
|---|---|
| | |
| Тип | Трамвайон системæ |
| Ран | Дзæуджыхъæу, Цæгат Ирыстон |
| Бындурæвæрд | 1904-æм азы 6 августы |
| Маршрутты нымæц | 8 |
| Дæргъ | 46,5 км |
Дзæуджыхъæуы трамвайы фыццаг хахх скуыста 1904-æм азы 16 августы[1][2].
1913-æм азмæ фæндаджы дæргъ схæццæ 12,5 километрмæ. Транспортон куыстуаты уыд 24 вагоны, уыдонæй 19 — моторджын[3].
Ныртæккæ Дзæуджыхъæуы трамвайы фæндагæн йæ дæргъ у 27,8 км. Хæххытыл кусынц 66 вагоны, уыдонæй ногдæр сты, раздæр скæсæйнаг Германы чи куыстой, уыцы Татра-4Д модельтæ. Уыдонæй 8 сты Лейпцигæй (æрбаластой сæ 1996-æм азы), иу — Шверинæй, иу — Хемницæй, 17 Дрезденæй (2002) æмæ ноджы цалдæр — Магдебургæй (2008).
2021-æм азы декабры Дзæуджыхъæумæ æрбаластой ног вагон «Уралтрансмаш»-æй æмæ йæ фæлварын райдыдтой, 2022-æм азы æрбаласдзысты дыууиссæдз ног ахæм вагоны[4].


Маршруттæ
[ивын | Бындур ивын]| Маршрут | |
|---|---|
| 1 | Дзæуджыхъæуы уынг — Чапаевы уынг |
| 2 | ОЗАТЭ — Тельманы уынг |
| 4 | Дзæуджыхъæуы уынг — Чапаевы уынг |
| 5 | Доны станцæ — Тельманы уынг |
| 7 | Къостайы проспект — Чапаевы уынг |
| 8 | Къостайы проспект — Чапаевы уынг |
| 9 | Доны станцæ — Тельманы уынг |
| 10 | ОЗАТЭ — Тельманы уынг |
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Н. М. Семенов. Владикавказскому трамваю — 100 // Пантограф. 2005 г. №№ 1 (15), 4 (18) Архивгонд æрцыдис 6 октябры 2012 азы.
- ↑ «3 августа открыто движение электрического трамвая во Владикавказе. Весь доход от продажи билетов, как в этот день, так и в следующий день, 4 августа, будет внесен в пользу чинов действующей армии и флота на Дальнем Востоке и их семейств». // Газет «Кавказ». 1904-æм азы 5 (18) августы
- ↑ Тархов С.А., Институт географии РАН. Владикавказскому трамваю — 100 лет
- ↑ https://newstracker.ru/news/city/23-12-2021/novyy-tramvay-iz-vladikavkaza-otpravili-na-dorabotku(æнæбаххæсгæ+æрвитæн)