Перейти к содержанию

Терчы облæст

43°01′00″ с. ш. 44°39′00″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Облæст
Терчы облæст
уырыс. Терская область
Герб
Герб
43°01′00″ с. ш. 44°39′00″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсейы импери Уæрæсейы импери
Админ. центр Дзæуджыхъæу
Истори æмæ географи
Бындурæвæрды датæ 1860
Ликвидацийы датæ 1920
Фæзуат 69 272,6 км²
Цæрджытæ
Цæрджытæ 933 936[1] ад. (1897)
Терчы облæст картæйыл
Терчы облæст картæйыл
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Терчы облæст (уырыс. Терская область) уыд Терчы дон-дон административон иуæг Уæрæсейы империйы сконды. Фæзынди 1860-æм азы император Александр II-ы барамындмæ гæсгæ. Облæсты ахсджиагдæр сахар æмæ административон центр уыд Дзæуджыхъæу (уырыс. Владикавказ).

1920-æм азы мартъийы Терчы облæст ныддихтæ кодтой æмæ йæ бындурыл сарæзтой Хæххон АССР æмæ Терчы губернæ. Хæххон АССР-ы скондмæ бацыдысты Кæсæг-Балхъар, Мæхъхъæл, Цæгат Ирыстон æмæ Цæцæн. Уыцы республикæ дæр ликвидацигонд æрцыдис 1924-æм азы 7 ноябры.

Уæлдæр амынд республикæты йеддæмæ Терчы облæсты сконды уыдысты ныры Стъараполы крайы æмæ Дагъистаны иуæй-иу хæйттæ.

Терчы облæсты зæххытæ 1900-æм азы

Сæргълæуджытæ

[ивын | Бындур ивын]

Облæсты сæргъы чи лæууыдысты, уыдон, облæсты статусмæ гæсгæ, уыдысты æмрæстæджы Терчы хъазахъхъаг æфсады атамантæ. Дæлæ номхыгъд:

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Первая всеобщая перепись населения Российской Империи 1897 г.. Датæ: 2009-æм азы 1 декабры. Архив 2011-æм азы 25 октябры.