Автодор (футболон клуб)
«Автодор» у Дзæуджыхъæуы футболон клуб. Бындурæвæрд æрцыд 1983-æм азы.
Разамынд
[ивын | Бындур ивын]Президент — Æлбегонты Хасан.
Генералон директор — Платы Зелимхан.
Спортивон директор — Гиви Керашвили.
Командæйы сæргълæууæг — Андрей Передерий.
Администратор — Цораты Сослан.
Пресс-атташе — Вячеслав Степанов.
Дохтыр — Зæнджиаты Аслан.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Футболон клуб «Автодор» бындурæвæрд æрцыд 1983-æм азы куыстадон управлени «СЕВОСЕТИНАВТОДОР»-ы базæйыл, Æлбегонты Хасаны хъæппæрисæй.
1988-æм азы «Автодор» архайдта бæстæйы æнæпрофессионалон командæты ’хсæн ерысты. Уый уыди командæйы фыццаг къахдзæфтæ æппæтуæрæсеон турнирты.
«Автодор»-ы æнтыстытæ хынцгæйæ Уæрæсейы футболы федераци радта командæйæн 1990-æм азы ССР Цæдисы дыккæгæм лигæйы чемпионаты архайыны бар. 1992-æм азы «Автодор»-æн бантысти рацæуын Уæрæсейы чемпионаты фыццæгæм дивизионмæ. 1993-æм азы командæ тох кодта уæлдæр лигæмæ рацæуыныл. Уыцы аз «Автодор» бацахста дыккаг бынат. Фыццаг бынат та, æмæ уыимæ уæлдæр лигæйы хъазыны бар, фæци Новороссийсчы «Черноморец»-ы хай.
1995-æм азы, финанстæ хъуаджы тыххæй, командæ ацыди фыццæгæм лигæйæ æмæ æрхызти дыккæгæммæ.