Илиайы аргъуан (Дзæуджыхъæу)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Илиайы аргъуан

Хуыцауы пехуымпар Илиайы аргъуан у растуырнæг аргъуан Дзæуджыхъæуы. Æрбынат кодта Мещанты уæлмæрдты территорийыл. Аргъуаны Армдарæджы бон бæрæг кæнынц 2 августы.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Мещанты уæлмæрдты территорийыл аргъуангонды арæзтад райдыдта 1888-æм азы æмæ ахаста авд азы. Аргъуангонд хаудис Константин æмæ Еленæйы аргъуанмæ (уырыс. Константино-Еленинский храм) (ацы аргъуаны иконостас ныр дæр ма æфснайд у Илиайы аргъуаны). Арæзтадæн разамынд лæвæрдта Константин æмæ Еленæйы аргъуаны бæрнджын сауджын фыд Василий Жуков. 1895-æм азы июлы сахары инженер Фёдор Ковалёв фехъуысын кодта, аргъуангонды арæзтад кæй фæцис, уый, æмæ 11 августы Дзæуджыхъæу æмæ Мæздæджы алчер Владимиры (Синьковский) раарфæйы фæстæ ногарæзт кувæндон ныххæлар чындис растуырнæг æгъдаумæ гæсгæ.

ССР Цæдисы цур чи уыдис, уыцы Уæрæсейы растуырнæг еклезийы хъуыддæгты фæдыл советы уынаффæмæ (25.09.48) гæсгæ аргъуангонд рацарæзтæуыд æмæ йын лæвæрд æрцыдис аргъуаны статус. Реставрацигонд æрцыдис протоиерей Григори Гончаровы бафыдæбоны руаджы.

Аргъуаны табуйаг дзауматæ[ивын | Бындур ивын]

Аргъуаны ис Мæздæджы Мады Майрæмы диссæгтæаразæг иконæйы фæлхат.

Аргъуаны кæрты ис бынæттон аргъуыцаг ус-моладзан Анастасияйы (Андреева) аргъуангонд.

Клир[ивын | Бындур ивын]

Протоиерей Василий ШауэрманЦæгат Ирыстоны растуырнæг аргъуанты благъоц, Илиайы аргъуаны бæрнджын сауджын.

  • Иерей Леонид Болтенков
  • Иерей Георги Хворостьянов
  • Иеромонах Иосиф (Березов)
  • Диакъон Димитри Кондратьев

Цымыдисаг факттæ[ивын | Бындур ивын]

Илиайы аргъуан советон заманы паддзахады ’рдыгæй æлхъывд нæ цыдис, æмæ афтæмæй нæ сæхгæдæуыд. Аргъуан уыдис Дзæуджыхъæуы иунæг растуырнæг кувæн бынат.

Аргъуаны адрис[ивын | Бындур ивын]

362 008, Республикæ Цæгат Ирыстон — Алани, Дзæуджыхъæу, Дзержинскийы уынг, 70.