Къоб
Внешний вид
- Цæцæны хъæуы тыххæй кæс Къоб (Цæцæн).
Хъæу | |
Къоб | |
---|---|
гуырдз. კობი | |
42°33′34″ с. ш. 44°30′43″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Гуырдзыстон |
Регион | Цхета-Мтианет |
Муниципалитет | Хъазыбеджы муниципалитет |
Истори æмæ географи | |
Сахатон таг | UTC+4:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | 3[1] адæймаджы (2014) |
Национ сконд |
гуырдзы 66,7 % ир 33,3 %[2] |
|
|
Викикъæбицы медиа |
Къоб (гуырдз. კობი, уырыс. Коби) у ирон хъæу Гуырдзыстоны Хъазыбеджы (Сæнайы) районы, Арвыкомы фæндагыл.
Къобы ис Уастырджийы кувæндон — Къобы Уастырджи.
Географи
[ивын | Бындур ивын]Къоб лæууы Наруаны доны былыл.
Мыггæгтæ
[ивын | Бындур ивын]Къобы цардысты Туатæ, Кцойтæ, Хъаратæ, Касатæ, Сæлбитæ, Абайтæ, Мысостатæ, Кобылтæ, Бæтатæ, Цæболтæ, Такъæтæ.
Зындгонд къобæгтæ
[ивын | Бындур ивын]1900-æм азы Къобы райгуырд зындгонд лингвист, ирайнаг æвзæгтæ иртасæг Абайты Васо. Уым каст фæци райдайæн скъола, стæй ахуыр кодта Калачы 6-æм гимназы. Гимназы фæстæ дыууæ азы дæргъы ахуыргæнæгæй куыста йæ райгуырæн хъæу Къобы. 1922-æм азы ахуыр кæнынмæ ацыд Бетъырбухмæ.
Васойы хистæр æфсымæр Семён дæр (райгуырд 1890-æм азы) сси ахуыргонд. Уый бирæ архайдта Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарад фæнывыл кæныныл.
Кæс ноджы
[ивын | Бындур ивын]- Къобы фæз (Къобы зылд)
- Ухат
- Къоб (Цæцæн)
- Къобаг цыхт
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ მოსახლეობის საყოველთაო აღწერა 2014 . საქართველოს სტატისტიკის ეროვნული სამსახური (ნოემბერი 2014). Датæ: 27 ივლისი 2016.
- ↑ Ethnic composition of Georgia 2014