Стыр Новгород
Волгæйы былгæрон лæууæг сахары тыххæй кæс Дæллаг Новгород.
Сахар
|
Стыр Новгород у уæрæсейаг сахар Новгороды облæсты, уыцы облæсты административон центр (1944 азæй). Лæууы цæугæдон Волховы былтыл. Сахары цæрынц 216,7 мин адæймаджы (2007).
Астæузаман Стыр Новгород уыд уырыссаг паддзахады фыццаг сæйраг сахар, стæй Киевы фæстæ дыккаг ахджиагдæр сахар, Новгороды зæххы (уыимæ Новгороды республикæйы) сæйраг сахар, фæстæдæр сси Мæскуыйаг кънйазады дæлбар (1478).
1611—1617 азты сахар уыд Швецийы оккупацийы. Швед æй бынтон мæгуырмæ æртæрдтой, сæ оккупаци кæрон сахары цæрджытæй цалдæр сæдæйы фылдæр нæ баззад. Дыккаг оккупаци уыди Фыдыбæстæйы Стыр хæсты заман — 1941 азы 15 августæй 1944 азы 20 январмæ, сахарыл уæд стыр зиан æрцыд æмæ йæ ногæй рацарæзтой.
![]() |
Новгороды облæсты сахартæ | ![]() |
Административон центр: Стыр Новгород Боровичи | Валдай | Чысыл Вишерæ | Окуловкæ | Пестово | Сольцы | Зæронд Руссæ | Холм | Чудово |