Архайæг:Ernác/Сæйраг фарс/Сæйраг фарс-2
- Сæйраг фарсы раздæры верси.
Википеди у сæрибар бирæвзагон энциклопеди. Иронау байгом ис 2005-æм азы 28 февралы, уæдæй нырмæ уый райрæзти 16 920 статьяйы онг. Алкæй бон дæр у Википедийыл архайын: ис дзы амал кæмæнфæндыдæр (ома, дæуæн дæр!) кæцыфæнды статьяйы ивддзинæдтæ кæнын, кæнæ та йæ æххæст кæнын.
Ирон æвзагыл стыр энциклопедитæ фыст никуыма æрцыдис. Гъе уæдæ, иумæ бацархайæм, не ’взаг алцæмæ рæвдз кæй у, уый равдисыныл.- 20:13, 24 мартъийы 2023 Сау кæндыс (лог | ивын) [1251 байты] Taamu (ныхас | бавæрд) (Ног фарс, йæ код райдайы афтæ: «{{Таксон | image file = | image descr = Сау кæндыс | regnum = Зайæгойтæ | parent = Veratrum | rang = Хуыз | latin = Veratrum nigrum | author = L. (1753) | syn = | children name = | children = | range map = | range map caption = | range map width = | range legend = | iucnstatus = | wikispecies = Veratrum nigrum | commons = Category:Veratrum nigrum | iucn = | grin = }} '''Сау кæндыс'...»)
- 19:45, 24 мартъийы 2023 Цыппурс (лог | ивын) [1678 байты] Taamu (ныхас | бавæрд) (Ног фарс, йæ код райдайы афтæ: «мини|Цыппурсы дидинджытæй быд зиллакк '''Цыппурс''', дыгур. '''Цæппорсе''' у чырыстон дины сæйраг бæрæгбæттæй иу. == Этимологи == Ирон ном ''Цыппурс'' равзæрди, рагон ирайнаг æвзагыл цыппор чи нысан кæны, ахæм дзырдæй. Уыцы д...»)
- 07:25, 24 мартъийы 2023 Утопион уацмыс (лог | ивын) [1896 байты] Ruxstawæg (ныхас | бавæрд) (Ног фарс, йæ код райдайы афтæ: «мини|. Утопион Сакъадах. Томас Моры уацмыс "Утопи", 1518 '''Утопион уацмыс''' - Дунейы литературӕйы ахӕм уацмыс ӕппӕты фыццаг сфӕлдыста англисаг фыссӕг Томас Мор A478-1535). Йӕ ном дӕр ын схуыдта «Утопи». Утопи ӕрхъуыдыгонд...») Метка: правка через визуальный редактор
Мæйы бæстæ у
Мæйы темæ æвзæрст не ’рцыд, раздæры темæ уыдис Алани (ФК):
Ног темæ бадæттæн æмæ фæдылдзог мæйы темæтæм хъæлæс кæнæн ис сæрмагонд фарсыл »»» |
![]() |
Ирыстоны хъæутæ æмæ сахартæАлагир – Æрыдон – Æхсæрисæр – Беслæн – Брут — Джызæл – Дзау – Дзæуджыхъæу – Дзуарыхъæу – Донифарс – Заманхъул – Зилгæ – Змейкæ – Знауыр – Елхот – Иран – Ног Бæтæхъойыхъæу – Къуайса – Лескен – Майрæмадаг – Мæздæг – Нар – Октябрыхъæу – Ставд Дуртæ – Тарскæй – Толдзгун – Фæснæл – Хæрисджын — Хъæдгæрон – Црау – Цхинвал — Цъæй æмæ æндæртæ Ирон Википедийы æппæт категоритæ:
|
Статьяйы дæнцæгКоцойты Бибойы фырт Арсен (Габоци), зындгонд ирон фыссæг. Райгуырд 1872-æм азы 16 январы Джызæлы, фæзиан ис Дзæуджыхъæуы 1944-æм азы 4 февралы. Коцойты Арсен нымад у ирон прозæйы бындурæвæрджытæй иуыл. Фараст азы йыл куы цыди, уæд æй радтой хъæуы райдайæн скъоламæ. Ам разынд хорз чиныгдон, æмæ лæппу фæгæрз и чингуытæ кæсыныл. Скъола каст куы фæци, уæд бацыд Æрыдоны семинармæ, ам тынгдæр айста йæ зæрдæмæ литературæ, уæлдайдæр Къостайы зарджытæ. Баззад ахæм хабар дæр: фараст æмбалимæ иуахæмы Арсен фистæгæй фæцыд Дзæуджыхъæумæ Къостайы уынынмæ. Йæ æнæниздзинад хорз кæй нæ уыд, уый аххосæй каст нæ фæци семинар. Сыздæхт Джызæлмæ æмæ бавдæлд фыссынмæ. Ардыгæй æрвыста алыхуызон уацхъуыдтæ газеттæ «Терские ведомости», «Казбек» æмæ æндæртæм. 1895-æм азæй фæстæмæ йын зынын байдыдтой мыхуыры. Дыууиссæдз азæй фылдæр Арсены уацмыстæ мыхуыр цыдысты алыхуызон газеттæ æмæ журналты Калачы, Бетъырбухы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй æндæр рæтты дæр, уыимæ арæх зындысты фæсномыгæй (зындгонд сты Арсены фæсномыгтæ: Арсен Дарьяльский, Хабос, Иунæг, Габойты Габо, Ар.). 1910-æм азы уалдзæг Арсен ирон æвзагыл Калачы уагъта алкъуырион журнал «Æфсир», кæцы сси дыккаг ирон журнал. Кæд уымæй рацыд æрмæст 14 номыры, уæддæр ацы журнал стыр ахъаз баци ирон литературæйы рæзтæн. «Æфсиры» фыццаг хатт фæзындысты Арсены радзырдтæ ирон æвзагыл. «Æфсир» æхгæд куы ’рцыд, уæд Арсен абалц кодта Бетъырбухмæ. Куыста дзы Ленины газет «Правдайы» корректорæй (ома уырыссаг æвзаг афтæ хорз зыдта). «Арсен уыд царды трагизмы нывгæнæг. Йæ радзырдтæн куыд се ’рмæг, афтæ сæ сюжетон арæзт æмæ сæ архайджыты хъысмæттæ дæр нывæзт цæуынц трагедийы ахорæнтæй», — фыста Коцойы фырты уацмысты тыххæй Джыккайты Шамил. Йæ цалдæр радзырдты фыссы туг исыны æгъдауыл: цал æмæ цал фыдæбæттæ хаста уый ирон адæмæн. «Нæ фыдбылызты фыддæр», — афтæ схуыдта Арсен ирæды («Æфсир», N4). Ирæд исыны халæн мидис фыссæг æвдыста публицистон уацты, карикатурæты, аив радзырдты. Ирæд æмæ йæ фæстиуджытæ цæмæ кодтой, уый нывæфтыдæй уынæм «Афтæ дæр вæййы», зæгъгæ, уыцы радзырды. Кæд йæ радзырдты тыххæй сси номдзыд, уæддæр фыста æндæр литературон къабазты дæр. Ныффыста иу уацау («Джанаспи»), иу роман («Кæфхъуындар», æххæстæй мыхуыргонд никуы æрцыд) æмæ цалдæр пьесæйы. | |
2018-æм азы августы статистикæмæ гæсгæ. Егъау Википедитæ (милуан статьяйæ фылдæр кæм ис): Стырдæр Википедийы хæйттæ (æртæсæдæ мин статьяйæ фылдæр кæм ис): | ||
Фонд Викимедийы æндæр проекттæ Фонд Викимеди æрмæст Википедийы куыст нæ кæны. Уыцы фонды фæрцы фæзындысты æндæр сæрибар бирæвзагон проекттæ дæр: |