Перейти к содержанию

Хуссар Ирыстоны автономон бæстæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хуссар Ирыстоны автономон бæстæйы арæнты ивынад (1939-1980)

Хуссар Ирыстоны автономон бæстæ[1] (облæст) (уырыс. Юго-Осетинская АО, гуырдз. სამხრეთ ოსეთის ავტონომიური ოლქი) уыдис ирон адæмы автономи Гуырдзыстоны Советон Социалистон Республикæйы. Йæ сæйраг сахар уыд Цхинвал (19361961 йæ ном уыд Сталинир). Гуырдзыстон Советон Цæдисæй куы рацыдис, уæд Хуссар Ирыстон дæр рацыдис Гуырдзыстоны скондæй.

Гуырдзыстон большевиктæ куы бацахстой 1921-æм азы, уый фæстæ 1922-æм азы 20-æм апрелы сырæзтис Хуссар Ирыстоны автономон бæстæ ГССР-ы мидæг. Автономон бæстæйы арæнтæ æвзæрст уыдысты ирон адæм Гуырдзыстоны цы зæххытыл цардысты, уымæ гæсгæ. Фæлæ уæддæр кæцыдæр зæххытæ, кæм цардысты фылдæр ирæттæ, нæ бахаудтой автономон бæстæмæ. Уыдон сты: Тырсыгом, Хъуды ком, Триалет. Автономи кæй уыдис, уый тыххæй дзы уыдис бар дзурын æмæ ахуыр кæнын ирон æвзагыл, фæлæ официалон æвзæгтæ уыдысты гуырдзиаг æмæ уырыссаг.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Ирон-уырыссаг дзырдуат. Сарæзтой йæ Бигъуылаты Барис, Гагкайты Хъазан, Хъуылаты Гала, Туаты Ольгæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2011 — 559 ф.