Ереван
Сахар | |||||
Ереван | |||||
---|---|---|---|---|---|
сом. Երևան | |||||
|
|||||
40°10′ с. ш. 44°31′ в. д.HGЯO | |||||
Паддзахад | Сомих | ||||
Марз | Ереван | ||||
Истори æмæ географи | |||||
Бындурæвæрд | 782 нæ э. а.[1] | ||||
Фыццаг кой | 782 нæ э. а. | ||||
Раздæры нæмттæ | Эребуни, Эривань | ||||
Фæзуат |
|
||||
Сахатон таг | UTC+4:00 | ||||
Цæрджытæ | |||||
Цæрджытæ | |||||
Цифрон идентификатортæ | |||||
Телефонон код | +374 10 | ||||
Посты индекс | 0001–0099 | ||||
yerevan.am(сом.)(уырыс.)(англ.) | |||||
|
|||||
Викикъæбицы медиа |
Ереван (сом. Երևան [jɛɾɛˈvɑn]) у Сомихы сæйраг сахар. Уый у паддзахады стырдæр сахар. Цæрынц дзы 1 075 100 адæймаджы.
Ереваны чи цæры, [jerevanciner], уыдонæй фылдæр хай дзурынц скæсæн-сомихаг æвзаджы еревайнаг диалектыл. Ацы диалекты ис бирæ дзырдта рагон сомихаг æвзаг грабарæй, диалектмæ зынгæ тæваг хæццæ кодта персайнаг æмæ уырыссаг æвзæгтæй. Сомихаг диаспорæйы цæрджытæй дунейы иннæ ратты сæ фылдæр дзурынц ныгуылæн-сомихаг æвзагыл. Мингай сомихæгтæ ралыгъдысты Ереванмæ регионы иннæ бæстæтæй (Ирак, Иран, Турк, Грекъ, Сири) советон дуджы фыццаг азты[3], 1921-æм азæй 1936-æм азы онг; уый руаджы Ереван сси иуадæмон сахар, иннæ советон республикæты хъауджыдар.
Географи
[ивын | Бындур ивын]Ереван æрбынат кодта Арараты лагъз быдыры цæгат-скæсæны, Сомихы уæлвæзы астæу. Сахар цы платойыл лæууы, уый æртæ фарсæй æхгæд у хæхтæй — йæ цæгат-ныгылæны ис Арагацы хох, цæгаты — Канакеры хæхтæ, скæсæны та — Гегамы хæхтæ. Хуссарырдæм Ереваны фæз ныллæгдæр кæны цæугæдон Араксы ’рдæм, уый фæстæ та фенæн ис Арараты дыууæ цъуппы.
Ереваны рельеф тынг алыхуызон у, æмвæзады ивдтытæ сты 400 метры онг. Сахары ууылты аив комы мидæг кæлы Разданы цæугæдон.
Ереваны генералон план сарæзта архитектурæйы академик Александр Таманян 1924-æм азы. Таманяны планы нымады сты рельефы хицæндзинæдтæ æмæ, сахары цы дымгæтæ арæхдæр вæййынц, уыдон дæр[4].
Ереваны бæстыхъæд у хус континенталон, рæстæмбис температурæ у 11,8 °C, сæрды +25 °C, зыæджы та −4-5 °C, æппæты фылдæр +42 °C, æппæты къаддæр −31 °C. Европæйы сæйраг сахарыт ’хсæн Ереваны ис стырдæр хъауджыдардзинад сæрды æмæ зымæджы рæстæмбис температурæты ’хсæн[5].
Истори
[ивын | Бындур ивын]Ереваны бындурæвæрдыл нымад у Урартуйы фидар Эребунийы арæзтад паддзах Аргишти I-æмы барамындмæ гæсгæ[6][7][8][9][10]. Нæ эрæйы агъоммæ 782 азы ардæм Сомихы уæлвæзы иннæ регионтæй ласт арцыдысты 6600 уацайраджы. Эребунийы ном та, ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, баст у этноним эри-имæ[11]. Эребуни уыдис ныры Ереваны хуссайраг кæроны.
Сомихаг таурæгътæм гæсгæ Ереваны ной уыд библийаг Нойы хъæрахст «Еревац!» (Мæнæ уый!), Ной Арараты цъупп куы федта доны уæле, уæд[12]. XVII æнусы балцгæнæг Жан Шарден фыссы: «Эривань, сомихæгты ныхæстæм гæсгæ, у дунейы рагондæр сахар. Уыдон куыд фæзæгъынц, Ной йæ мыггагимæ æрцардис донивылды агъоммæ, уый фæстæ та дæлæмæ ныццыдис хохы цъуппæй»[13]. Таурагъон верси у адæмон этимологийы дæнцæг, кæй зæгъын æй хъæуы[14].
Сомихаг астæузаманы ратæдзæнты Ереваны фыццаг кой цæуы 607-æм азы. 660-æм азы сахар араббæгты дæлбар баци. Фæстæдæр сомихаг хибардзинад куы рацарæзтой, Ереван æмæ йæ алфамбылай зæххытæ уыдысты Багратидты Анийы паддзахады.
XIII æнусы Ереваны райгуырдис поэт Тертер Ереванци[16].
XIV æнусы сахары цардысты 15-20 мин адæймаджы, фæлæ 1387-æм азы æрбацæуæг манголт æфсæд сахар ныппырх кодтой[17], ууыл йæ чиныджы фыссы уыцы цауы æмдугон Григор Хлатеци (1349—1425)[18]
Манголтæ сахары уагътой сæхи згъæрæхца, фыстой дзы сахары ном дæр. Манголты фæстæ сахары хицаутæ систы туркомантæ Кара-Коюнлу æмæ Ак-Коюнлу, уыдоны рæстæг Ереван уыд ахсджиаг культурæйы артдзæст.
Фыццаг уырыссаг-персайнаг хæсты рæстæг уырыссаг æфсæд Эриваны (Ереваны) фидар цалдæр хатты райсыныл архайдтой, æмæ уый æрмæстдæр Паскевичы къухы бафтыд (æмæ уый тыххæй уый райста Эриваны кънйазы кадджын ном)[19]; Туркманчайы бадзырдмæ гæсгæ Эриваны ханад Уæрæсейы империйы скондмæ бацыдис. 1828-æм азы уырыссаг паддзахы бардзырдмæ гæсгæ[20] кæддæры Эриваны ханад æмæ Нахичеваны ханад баиу кодтой æмæ схуыдтой Сомихы облæст, кæцыйæн йæ сæйраг сахар сси Эривань (1849-æм азæй — Эриваны губернæ).
Туркманчайы бадзырдмæ гæсгæ сомихаг адæмыхатты цæгатаг Персы цæрджытæ ралыгъдысты Уæрæсейы зæххытæм, æртæ мæймæ 8 мин сомих мыггагæй фылдæр æрцардысты Сомихы облæсты зæххыл[21][22], уыцы-иу рæстæг пысылмон цæрджытæ ралыгъдысты Персимæ.
Æфсымæрон сахартæ
[ивын | Бындур ивын]- Антананариву, Мадагаскар
- Афинæтæ, Грекъ
- Бейрут, Ливан
- Братиславæ, Словаки
- Волгоград, Уæрæсе
- Дамаск, Сири
- Исфахан, Иран
- Каррарæ, Итали
- Кембридж, АИШ
- Киев, Украинæ
- Кишинев, Молдави
- Лион, Франц
- Лос-Анджелес, АИШ
- Марсель, Франц
- Минск, Белорусси
- Монреаль, Канадæ
- Мæскуы, Уæрæсе
- Одессæ, Украинæ
- Париж, Франц
- Подгорицæ, Черногори
- Бетъырбух, Уæрæсе (1997)
- Сан-Паулу, Бразили
- Стъарапол, Уæрæсе
- Ростов-Доныл, Уæрæсе
- Тбилис, Гуырдзыстон
- Флоренци, Итали
- Калининград, Уæрæсе
Кæс ноджы
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ https://www.yerevan.am/am/our-city/
- ↑ https://armstat.am/file/article/population_01_22.pdf
- ↑ The Armenians: past and present in the making of national identity, Caucasus world, CAUCASUS WORLD. PEOPLES OF THE CAUCASUS. Peoples of the Caucasus Series. Edmund Herzig, Marina Kurkchiyan. Routledge, 2005. ISBN 0-7007-0639-9, 9780700706396.
- ↑ В. Н. Белый, И. В. Белая-Барсегян. Армения, Энциклопедия путешественника. — Ереван: Армянская Советская Энциклопедия, 1990. — С. 101—144. — 318 с. — 100 000 экз. — ISBN 5-89700-002-6.
- ↑ Mean summer and winter temperatures of european capitals [OC [1475 x 1200] • r/MapPorn] . reddit. Датæ: 2018-æм азы 1 январы.
- ↑ Iranica. Erevan. Оригиналон текст(англ.)Erevan is located on a site that has been occupied for millennia. Today it is generally acknowledged that the name is to be traced to that of an 8th-century B.C.E. Urartian fortress, E/Ir(e)b/puni… Modern Erevan can be said to continue both the name and the history of Erebuni. The identification is confirmed by an Urartian cuneiform inscription found in September 1950 on the mound Arin-Berd (i.e., Ganli Tappa) on the southeastern edge of Erevan
- ↑ Robert H. Hewsen. Armenia: A Historical Atlas — University of Chicago Press, 2001. — 341 p. — ISBN 0-226-33228-4, ISBN 978-0-226-33228-4. P. 26. Оригиналон текст(англ.)The Urartians reached their height under Menua's son Argisti I (c. 786-c. 764), who carved the great inscription on the face of the cliff of Van, extended Urartian rule to the Ararat Plain, and there founded the administrative center of Argistihinili (Armavir). Here too, in 782 B.C., he founded the palace-fortress of Erebuni (at the site called Arin-Berd in Erevan), thus making the Armenian capital the oldest city in the USSR, whose 2,750th anniversary was celebrated with great fanfare in 1968.
- ↑ Britannica. Статья: Yerevan. Оригиналон текст(англ.)Though first historically recorded in 607 ce, Yerevan dates by archaeological evidence to a settlement on the site in the 6th-3rd millennia bce and subsequently to the fortress of Yerbuni in 783 bce. From the 6th century bce it formed part of the Armenian kingdom.
- ↑ J.R.Russel. Armeno-Iranica. // Papers in honour of Professor Mary Boyce / Red.: Jacques Duchesne-Guillemin: encyclopédie permanente des études iraniennes, Vol. 1. Brill Archive, 1985. ISBN 906831002X, 9789068310023. P. 454 Оригиналон текст(англ.)Erevan, named after the ancient Urartean fortress of Erebuni
- ↑ Paul Zimansky. Urartian and the Urartians // Sharon R. Steadman, Gregory McMahon. The Oxford handbook of ancient Anatolia (10,000-323 BCE). Oxford University Press, 2011. ISBN 0-19-537614-5, 9780195376142. P. 557. Оригиналон текст(англ.)All but a few Urartian sites were abandoned, and only rarely do place-names in Urartian texts carry over into later eras, Erevan from Erebuni being one notable exception.
- ↑ Твёрдый А. В. Топонимический словарь Кавказа.
- ↑ Эривань // Энциклопедический словарь Брокгауза и Ефрона : в 86 т. (82 т. и 4 доп.). — СПб., 1890—1907.
- ↑ Sir John Chardin. Travels to Persia and the East Indies through the Black Sea and the country of Colchis (London: 1686), 248.
- ↑ George A. Bournoutian and Robert H. Hewsen. Erevan(недоступная ссылка). Датæ: 2020-æм азы 30 октябры. Архив 2012-æм азы 16 январы.
- ↑ Церковь Св. Богородицы Катогике . Официальный сайт мэрии Еревана. Датæ: 2017-æм азы 9 ноябры.
- ↑ Т. Х. Акопян. Очерк истории Еревана. — Ереваны университеты рауагъдад.
- ↑ Т. Х. Акопян. Очерк истории Еревана. — Ереваны университеты рауагъдад. — С. 36.
- ↑ «Колофоны бедствий» Григора Хлатеци / Изд. Г. Халатянц. — Вагаршапат, 1897. — С. 6.
- ↑ Керсновский А. А. Глава 8. Покорение Кавказа // История русской армии // в 4 томах / ред. Купцовой В.. — М.: Голос, 1993. — Т. 2. — С. 99. — 336 с. — 100 000 экз. — ISBN 5-7055-0864-6.
- ↑ Акты Кавказской Археографической Комиссии. т. VII, док. № 437
- ↑ С. Глинка, Описание переселения армян адербайджанских в пределы России, Москва, 1831, Институт Восточных Языков
- ↑ Академия Наук СССР, Институт Этнографии им. Н. Н. Миклухо-Маклая, Кавказский Этнографический Сборник, том 4, Москва, Издательство Наука, 1969; Н. Г. Волкова, Этнические процессы в Закавказье в 19-20 веках