Багдад

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сахар
Багдад
арабб. بغداد‎‎
Тырыса
Тырыса
33°21′ с. ш. 44°26′ в. д.HGЯO
Паддзахад Ирак Ирак
Мухафазæ Багдад
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 762
Фæзуат 734 км²
Центры бæрзæнд 34 м
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Дин суннæйы æмæ шийæйы пысылмæттæ
Цифрон идентификатортæ
Посты индекс 10001–10090
amanatbaghdad.gov.iq
Багдад (Ирак)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Багдад, вариант: Багъдад[2] (арабб. بغداد‎‎) у Ирачы стырдæр æмæ сæйраг сахар. Цæрынц дзы 8,1 милуан адæймаджы, араббаг дунейы дыккаг стырдæр сахар. Сахар лæууы цæугæдон Тигрыл.

Багдадæй 90 километры хуссарырдæм лæууы рагон Вавилоны хæлддзæгтæ.

Бирæ культурон хæзнатæ басыгъдысты Багдады, 2003 азы хæсты рæстæг сахар арты амæттаг куы баци, уæд. Уыдоны ’хсæн Националон Библиотекæйы рагон чингуытæ. Багдады зоопарчы цы 700 цæрæгойы цардысты, уыдонæй æгасæй баззæд æрмæст 35 — æндæртæ давд æрцыдысты кæнæ та стонгæй амардысты, æнæцæстдардæй куы баззадысты[3].

Этимологи[ивын | Бындур ивын]

Кæд æмæ араббаг сахар у рагзаманæй, йæ номы фæзынд баст у ирайнаг æвзæгтимæ. Астæуккаг персайнаг æвзаджы уыд вазыгджын дзырд bag «хуыцау» + dād «лæвæрд», ома «хуыцауы лæвæр», «хуыцау кæй балæвæр кодта». Æндæр персайнаг верси у дзырдбаст Bāgh-dād «лæвæрд дыргъдон». Бынаты ацы ном фæзынди пысылмон заманы агъоммæ.

762 азы 30 июлы араббаг калиф Аль-Мансур ног сахары бындур сæвæрдта[4], уый арæзта ног сахар цæмæй уый уа йæ империйы сæйраг сахар. Йæхæдæг йæ сахар хуыдта мадинат ас-салям «сабырдзинады сахар».

Галерей[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. https://cosit.gov.iq/documents/population/projection/projection2015-2018.pdf
  2. Стайыцармдарæг. Бестауты Гиуæргийы тæлмац
  3. The Choice, featuring Lawrence Anthony. BBC radio 4 (4 сентябры 2007). Датæ: 2007-æм азы 4 сентябры.
  4. Times History of the World, Times Books, London 2000