Раздан (цæугæдон)
Раздан | |
---|---|
сом. Հրազդան | |
Разданы цæугæдон Ереваны кæроныл | |
Характеристикæ | |
Дæргъ | 141 км |
Бассейн | Аракс → Къуар→ Къаспы денджыз |
Доны хардз | 17,9 м³/с |
Цæугæдоны цыд | |
Гуырæн | Севан |
Донæфтæн | Аракс |
Ран | |
Паддзахад | Сомих |
Разда́н (сом. Հրազդան [Hrazdán]) у цæугæдон Сомихы, Араксы галиу фæрсагдон (Къуары цæугæдоны бассейн). Цæугæдоныл лæууынц сахартæ Севан, Раздан, Чаренцаван æмæ Сомихы сæйраг сахар Ереван. Раздан æмæ Касахы æхсæн ис хох Араилер, денджызы æмвæзæдæй 2575,9 метр бæрзæнд.
Географи
[ивын | Бындур ивын]Йæ дæргъ у 141 км, бассейны фæз Севаны цады фæзимæ иумæ — 7310 км², Разданы бассейны фæз хицæнæй — 2560 км². Ратæдзы Севаны цадæй йæ цæгат-нуыгуылæн хайы, сахар Севаны цур. Йæ доны сæры цæуы хæххон дæлвæзыл хуссары ’рдæм, Ереванмæ. Йæ дæллаг хайы æрдыгæй цæуы Арарты фæзыл, хауы Араксмæ, Туркимæ арæныл.
Номы этимологи
[ивын | Бындур ивын]Гæнæн ис æмæ йæ ном у зороастризмимæ баст, уый тыххæй æмæ цалынмæ сомихаг адæм чырыстон дин нæ райстой IV æнусы, уæдмæ сæм уыдис зороастризмы хицæн формæ[1]
Æмрæстæджы Э. Грантовски куыд фыста, уымæ гæсгæ, ахæм этнонимтæ гæнæн ис æмæ фæзындысты Авестæмæ ’нæбардаргæ. Б. В. Техов ацы ном бæтты скифтимæ[2]
Цæугæдоны номыл фыццаг хатт фембæлæн ис рагон сомихаг автортæм, Себеосмæ (формæйы Հուրազդան = Hurazdan) æмæ Мовсес Хоренацимæ (рагондæр формæйы Հրազդան = Hrazdan)[3]