Перейти к содержанию

Къæмынтæ

42°54′31″ с. ш. 43°51′10″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъæу
Къæмынтæ
Къæмунтæ
42°54′31″ с. ш. 43°51′10″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Æрæфы район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 27[1] адæймаджы (2010)
Цифрон идентификатортæ
Посты индекстæ 363512
Къæмынтæ (Уæрæсе)
Къæмынтæ (Цæгат Ирыстон)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Къæмынтæ, дыгуронау Къæмунтæ (уырыс. Камунта) у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы.

Къæмунти гъæу дæр Гæлиати гъæуи хузæн æвæрд æй Сонгути дони рахес фарс, гъæуæн æ хонсар æрдиги, бæрзонд къулдуни тегъæбæл рæсугъд рауæн. Аци гъæу дæр Дигори коми нимад цæуй рагондæр гъæутæй сæ еуебæл.

Гъæу Къæмунти ном цæмæ гæсгæ хæссуй, уой туххæй ба ес дууæ таурæхъи. Фиццаг таурæхъи кой кодтан раздæр аци æрмæги. Финстан, зæгъгæ, Уæллагкоми зилди æртæ гъæуи: Къæмунтæ, Гæлиатæ æма Дунтæ — хæссунцæ Уæллагири комæй æрбацæуæг Гъæргинти æртæ æнсувæрей нæмттæ: Къæмунтæ — Къæмунон-Насири ном, Гæлиатæ — Гæлæуон-Гæуиси ном æма Дунтæ — Димон-Басили ном.

Æндæр хабармæ гæсгæ ба Къæмунти гъæу номи туххæй ес æндæр рагон таурæхъ. Таурæхъи сæргонд æй, «Дигорæ Къæмунти куд æрцардæнцæ», зæгъгæ. Таурæхъ мухургонд æрцудæй финсæг Джиккайти Шамили арæзт таурæхъти киунуги.[2]

Аци таурæхъмæ гæсгæ ба, дан, Уæллагири коми Осæн адтæй цалдæр фурти. Хестæр фурти цæуæтæй дууæ æнсувæри: хестæр — Хутгер æма кæстæр — Дзинга, Уæллагири комæй æрбацудæнцæ Дигори коммæ æма æрсабур æнцæ Уæллагкоми зилди. Хутгер æрцардæй Каритини хонхбæл (Къæмунти гъæумæ хæстæг), уоми ин исæнтæстæй фурт Челбагон, уомæн дæр адтæй фурт Къæмунон Наф. Наф ку ислæг æй, уæд Каритини хонхæй æрцудæй æма æрцардæй Къæмунти гъæуи, æма и гъæуи ном дæр уой номмæ гæсгæ конд æрцудæй, Къæмунтæ, зæгъгæ. Къæмунти гъæуи рагон цæргутæ дæр сæ царди туххæй сæ фæсте ниууагътонцæ берæ бæрæггæнæнтæ — циртдзæвæнтæ. Еци циртдзæвæнтæмæ гæсгæ базонун æнгъезуй рагон цæргути истори, сæ царди æгъдæуттæ, сæ уавæртæ, куд зинтæ æвзурстонцæ сæ царди, кенæ ба сæбæл ци хуарздзийнæдтæ æрцæуидæ, куд тох кодтонцæ æрбацæуæг тухгæнгути нихмæ. Уонæн æма ма никкидæр берæ уæхæн гъуддæгтæн Къæмунти гъæуи ес хуарз бæрæггæнæнтæ.

Рагон таурæхътæмæ гæсгæ гъæуи адтæй æртæ мæсуги. Уонæй сæ еу даст адтæй гъæуæн æ цæгат æрдиги, дасгæ ба, дан, æй искодта Оси байзайæггаг Къæмунон Нафи фурт Тобоййи фурт Гог. Еци мæсуги ма фæстагдæр цардæнцæ Дзилихтæ. Иннæ дууæ мæсугемæй ба сæ еу адтæй Гæбути, иннæ ба — Цопанти. Мæсгутæ раги арæзт æрцудæнцæ, уæдæй фæстæмæ берæ æнзтæ раевгъудæй æма æрдзи тухтæй (хор, уарунтæ æма думгитæй) нийхалдæнцæ, фал сæ базонун ба æнгъезуй сæ дортæмæ гæсгæ. Еци мæсгути фæрци гъæуккæгтæ берæ хæттити фæссурдтонцæ сæ гъæуæй тухгæнгути.

Гъæуæн æ цæгат фарс Къулдунбæл ес устур уæлмæрдтæ, уоми ба раги кæддæр арæзт æрцудæй фараст обаййи (сæ еу — мæсуги хузæн), уæдта хецæнæй еу цирт. Еци обæйттæ æма цирти ке мæрдтæ æвæрд æнцæ, уой ба абони бæлвурдæй некема зонуй. Гъæуи кæрæнтти адтæй Уацелла æма Елиай ковæндæнттæ.

Къæмунти гъæуи дæр рагæй фæстæмæ аланти байзайæггæгтæ ке цардæнцæ, еци гъуддаг ахургæндтæ раги исбæрæг кодтонцæ. Уоми цæргæй гъæуккæгтæ берæ зиндзийнæдтæ бавзурстонцæ, сæ царди дæргъи сæбæл æрцæуидæ лæгъуз цаутæ дæр. Лæбурдтонцæ сæмæ æндæр бæститæй æрбацæуæг тухгæнгутæ, халери æма емини незтæй дæр си рамардæй берæ адæм. Æфхуардтонцæ сæ сæхе æлдæрттæ æма уруси паддзахи чиновниктæ.

Цубур загъдæй, Къæмунти гъæуи рагон цæргутæ дæр иннæ хуæнхаг гъæути цæргути хузæн æвзурстонцæ зин цард, берæ рæстæгути сæ бон не ’ссæй сæ царди уавæртæ фæххуæздæр кæнун.[3]

Мыггæгтæ

[ивын | Бындур ивын]

Кæд Къæмунти гъæуи цæргутæ зин цард кодтонцæ, берæ гъуддæгтæй тухстæнцæ, сæ царди уавæртæ лæгъуз адтæнцæ, уæддæр сæхе нæ бауагътонцæ фесафун. Цæргутæ еуæй-еу хатт фæффулдæр уиуонцæ, кæми ба сæ нимæдзæ фæмминкъийдæр уидæ. Куд исбæрæг æй, уомæ гæсгæ нæудæсæймаг æноси кæронæй нурмæ Къæмунти гъæуи цардæнцæ муггæгтæ: Атайтæ, Баситæ, Бекмæрзтæ, Бытъæтæ, Болæттæ, Бозуртæ, Гæвдынтæ, Гæбутæ, Гибылтæ, Гъæргинтæ, Дзабайтæ, Дзæукъатæ, Дзидзойтæ, Дзылыхтæ, Легкойтæ, Магатæ, Мамукъатæ, Мæрзатæ, Тахохтæ, Тобойтæ, Хутъитæ, Хъаратæ, Цопантæ, Бутатæ, Чехойтæ, Чекойтæ, Хъулатæ, Себеттæ, Магкатæ, Хаматæ.[3][4]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
  2. Джыккайты Шамил. Дыгур Къæмынты куыд æрцардысты // Ирон таурæгътæ. — Орджоникидзе: Ир, 1989. — Ф. 374—376.
  3. 3,0 3,1 Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — Ф. 316—317.
  4. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 242 ф.

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]